РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид фембæлд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон таможнæйон комитеты æмæ Контролон-нымайæн палатæйы къухдариуæггæнджытæ æмæ коллективтимæ.

Контролон-нымайæн палатæйы къухдариуæггæнæг Гæбæраты Геннади бузныджы ныхæстæ загъта паддзахады сæргълæууæгæн йæ визиты тыххæй: «Бузныг дын зæгъæм нæ структурæмæ дæ хъусдард æмæ хæлар ахасты тыххæй. Куыд зонæм, афтæмæй æввахс рæстæджы уагъд æрцæудзысты Президентон æвзæрстытæ, æмæ Тыбылты Леонид, куыд архайæг Президент, афтæ нын сдзуапп кæндзæн нæ цымыдисгæнæг фарстытæн».

Паддзахадон таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурат дæр арфæ ракодта Президентæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы Тыбылты Леониды къухдариуæгады рæстæджы арæзт æрцыд бирæ паддзахады цардуагон архайды æппæт фадгуыты дæр. «Фæхуыздæр царды æмвæзад æмæ мæ фæнды банысан кæнын уый дæр, æмæ республикæмæ цымыдисдзинад кæй æвдисынц инвестортæ, уымæн æмæ ам у сабыр, нæй дзы фыдракæнддзинад, æмæ уыимæ та баст сты таможнæйон службæйыл æмæ æндæр контролгæнæн органтыл бюджетмæ бацыдтыты рæзт», – радзырдта Цхуырбаты Мурат.

Президент Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, ног объектты æндидзынад æмæ арæзтады фæдыл куыстыты фæстиуджытæ сты æрмæстдæр паддзахады рæзты ног курсы райдиан.

«Бирæ арæзт æрцыд, æмæ мæ фæнды банысан кæнын уый, æмæ нæ республикæйы адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны нысанæн куыст кæй никуы æрлæууыд, фæлæ дарддæр кæй кæны. Фæстаг азты цъус арæзт не ‘рцыд социалон æмæ культурон, афтæ ма æнæниздзинад хъахъхъæныны фадгуыты рæзты тыххæй. Республикæйы горæты æмæ районты арæзт æрцыдысты скъолатæ, сывæллæтты цæхæрадæттæ, Цхинвалы арæзт цæуы медицинон кластер дæр», – бамбарын кодта паддзахады сæргълæууæг.

Районтæм цалцæг æрцыдысты фæндæгтæ, фæстаг азты къухты бафтыд, гæнæн цæмæн нæ уыд уый,  арæзт æрцыд Синагур-Карзманы фæндаг.

Уынаффæ кодтой фидæны плæнттыл дæр.

Тыбылты Леонид банысан кодта республикæйæн йæ историон ном «Алани» раздахыны ахсджиагдзинад æмæ æрсидт æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй саразой хъысмæтскъуыддзагæнæн къахдзæф æппæт ирон адæмы тыххæй æмæ схъæлæс кæной референдумы. «Æз куыд дзырдтон, уымæ гæсгæ президенттæ æрбацæуынц æмæ ацæуынц, фæлæ Паддзахад Алани та баззайдзæн немæ не ‘ппæт царды дæргъы», – банысан кодта Президент.

Ныхас кæныны рæстæджы дыууæ структурæты коллективтæ дæр радтой, цы фарстытæ сæ цымыдис кодтой, уыдон, кæцытæн Президент радта максималон æгъдауæй уæрæх дзуаппытæ. Гуырдзыстоны ахæстонæй чи ссæрибар, уыцы хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæй сæ иу Коцты Иосиф, кæцы абон кусы Паддзахадон таможнæйон комитеты, бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн, знаджы ахæстонæй сæ ссæрибар кæнынмæ йæхи сæрмагонд хайбавæрд кæй бахаста, уый тыххæй.

Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, ацы хъуыддаджы æппæт тыхтæй дæр спайда кодта Абхазы хицауад, сæрмагондæй Республикæйы президент Рауль Хаджимба.

Фембæлды кæрон Паддзахадон таможнæйон комитет æмæ Контролон-нымайæн па-латæйы сæргълæуджытæ Тыбылты Леонидæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ йæ рай-гуырды 65-азы боны цытæн æмæ йын загътой арфæйы хъарм ныхæстæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.