Хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæнтæм хæстæг Эргнеты хъæуы цур уагъд æрцыд Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты юбилейон-сæдæйæм фембæлд. Ацы форматы фембæлдтыты сæйраг фарст нырма дæр у, Знауыры районы цæрæн пункт Уисты хъæумæ хæстæг æнæзакъонон гуырдзиаг пост сисыны æнæмæнгхъæуындзинад.

Механизмты фæлгæтты фембæлдтытæн хатдзæгтæ аразгæйæ, Хуссар Ирыстоны делегацийы сæргълæууæг, Фæсконфликтон фарстатæ бæстонкæнынады фæдыл Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Коцты Егор банысан кодта, зæгъгæ, дзырд цыд Гуырдзыстонимæ æмарæн территоритыл æдасдзинады фарстатыл. Уыдонæй сæйраг ноджыдæр у, цæрæн пункт Цънелисмæ хæстæг гуырдзиаг полициæгты æнæзакъонон пост.

Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг делегаци хъусдард аздæхта гуырдзиаг полициæгты провокацион архайдтытæм, кæцытæ халынц арæнтыл хизыны фæтк – æнæзакъонæй хизынц Хуссар Ирыстоны арæнтыл. Полициæгтæ арæнтæй 15-20 метры æрбахизынц Хуссар Ирыстоны территоримæ æмæ сæм арæнхъахъхъæнджыты къорд куы баввахс вæййы, уæд ахизынц Гуырдзыстоны территоримæ. Уый æвзæрырдæм æндавы арæнхъахъхъæнджытыл дæр. Ахæм цаутæ хынцыд цæуы арæх. Йæ ныхæстæм гæсгæ Механизмты фæлгæтты фæстаг фембæлдæй фæстæмæ Гуырдзыстонимæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнтæ халыны цаутæ хынцыд æрцыд дæс цауы бæрц.

«Алы цауы рæстæджы дæр цы адæм æрцыд урæд, уыдон тæрхондонон органты уынаффæмæ гæсгæ, арæнхъахъхъæнæг службæты руаджы ивары фæстæ æрвыст æрцыдысты Гуырдзыстоны территоримæ», – банысан  кодта  Коцы фырт.

ХУССАР ИРЫСТОН ИУЗÆРДИОН У САБЫРАДОН ПОЗИЦИТЫЛ

Хуссар Ирыстон ноджыдæр фехъусын кодта бæстæйы нысанмæздæхт позици, Женевæйы процессы сæйраг хæс кæй у Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ ахасты тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы юридикон бæрнджын документыл бакусын – уый фехъусын кодта йæ æрвылазон ныстуаны бæстæйы Президент дæр.

Коцты Егоры ныхæстæм гæсгæ механизмты фæлгæтты юбилейон фембæлды хайад райстой ЕÆÆО-йы Генералон секретарь Хельга Шмидт æмæ Æддагон архайдтыты европæйаг службæйы æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынады службæйон политикæйы фæдыл директор Йоанеке Балфорт.

«Махæн ахæм визиттæ æхсызгон сты. Уыдон руаджы нын фадат ис дунеон æмæхсæнады минæвæртты фылдæр хаймæ Хуссар Ирыстоны позици хæссынæн», –  дзырдта Коцты Егор.

Уый ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг делегаци æрвылхатт дæр нысан кæны уый, æмæ Хуссар Ирыстон иузæрдион кæй у Женевæйы процессы хайад исыныл, уымæн æмæ уый у Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты ахсджиаг форматы хай.

Механизмты фæлгæтты радон фембæлд, йæ хайадисджыты развæлгъау бадзырдмæ гæсгæ уагъд æрцæудзæн 13 июлы.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.