СИСТЫ ЧЕМПИОНАТЫ УÆЛАХИЗДЗАУТÆ

Хуссар Ирыстоны спортсментæ хайад райстой ММА-Free Fightings Уæрæсейы командæты чемпионаты. Цхинвалмæ сыгъзæрин майдантимæ æрæздæхтысты Хъотайты Дэвид, Мамытаты Роман, Къæбулты Ликæ æмæ Габаты Дзерассæ. Æвзист призертæ систы Одтаты Артур, Тъехты Герман, Куымæридтаты Георги, Къобесты Спартак, Икъоты Заринæ, Дзабиты Анастасия æмæ Хъуылымбегты Аланæ. Бронзæ майдантæ та бафтыдысты Къæбулты Хъазбег, Хъуылымбегты Руслан, Тегкаты Азæмæт æмæ Тыджыты Викторияйы къухты.

Спортсменты тренертæ сты Хъуылымбегты Мамед, Уалыты Вахтанг, Хаситы Зелим æмæ Бестауты Азæмæт.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Италийы уагъд цæудзæн дунеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты хайад райсдзæн Уæрæсейы æмбырдгонд командæ дæр. Ерысты хайад нæ исдзысты Найфонты Артур æмæ Козырты Сергейæ (125 кг) дарддæр. Найфонты Артур ма Уæрæсейы чемпионаты фæстæ  хæцыд Европæйы чемпионаты. Козырты Сергей дæр Уæрæсейы чемпионаты фæстæ архайдта Европæйы чемпионаты, стæй ма рахæцыд дунеон квалификацион турниры.

Италийы 74 кг уæзы категорийы архайдзæн Сидахъты Зауырбег. Афтæ ма иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (125 кг) та майдантыл тох кæндзæн Джиоты Эрик, кæцы турнирмæ ацыд йæхи фæрæзтæй.

***

Спорт

Болгарийы уагъд æрцыд 18 онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн Европæйы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæй ерысты уæлдахиздзаутæ систы Фадзайты Марат (65 кг) æмæ Суанты Кантемир (92 кг).

28-æм июнæй 4-æм июлмæ та Германы горæт Дортмунды уагъд æрцæудзæн 21-аздзыд спортсменты ‘хсæн Европæйы чемпионаты уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерыстæм йæхи цæттæ кæны ацы кары спортсменты Уæрæсейы æмбырдгонд командæ дæр. Уый тыххæй Новогорскы уагъд цæуынц цæттæгæнæн сбортæ. Уыдоны хайад исынц 9 ирон богалы дæр. Уыдон ‘хсæн сты цхинвайлаг Бестауты Андрей (125 кг), Зассеты Арсæмæг (125 кг) æмæ Дзæгъиаты Сослан (97 кг). Сæ тренер у Коцты Тамерлан.

УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

Уæззау атлетикæйы дунеон федераци ныммыхуыр кодта Олимпион хъæзтытæм кæцы спортсментæ бахаудтой, уыдон номхыгъд. Уæрæсейæ ерыстæм ацæудзысты æрмæстдæр дыууæ спортсмены. Сæ иу у 2021 азы Европæйы бронзæйон призер Наниты Тимур (109 кг) æмæ Европæйы чемпионаты дыууæ хатты призер Кристина Соболь (49 кг).

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.