Республикæ Хуссар Ирыстонимæ æмарæн хъæу Эргнеты уагъд æрцыд Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты фæлгæтты кусæгон къордты 79 фембæлд. Фембæлды хайадисджытæ – Хуссар Ирыстон, Уæрæсейы Федераци, Гуырдзыстон, Гуырдзыстоны Евроцæдис æмæ ЕÆÆО-йы европæйаг цæдисы хъусдарджыты Мисситæ уынаффæ кодтой Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæнтыл сæвзæргæ уавæртыл. Сæрмагондæй та, механизмты фæлгæтты фæстаг фембæлдæй фæстæмæ кæд исты инциденттæн уыд бынат, уæд уыдоныл.

Фембæлды хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг  уыд постконфликтон бæстонкæнынады фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат.

Механизмты фæлгæтты радон фембæлдæн хатдзæгтæ аразгæйæ Джиоты Мурат информацион фæрæзтæн афтæ радзырдта:

«Механизмты фæлгæтты фæстаг фембæлдæй фæстæмæ паддзахадон арæнтæ фехалынæй урæд æрцыд 28 адæймаджы, уыдонæй 15 æмбæстаджы сты Гуырдзыстонæй. Бирæтæ арæнты фæтк халынц семæ æмбæлон куыст кæй нæ цæуы, уый  аххосæй. Уымæ гæсгæ гуырдзиаг коллегæтæм хатæм паддзахадон арæнтæ делимитаци æмæ демаркацийы фарстытыл уынаффæ кæнынмæ, Механизмты форматы æмвæзадыл сбæлвырд кæнын иууыл проблемондæр бынæттæ, цæмæй бынæттон цæрджытæ зоной, арæнтæ кæуылты цæуынц, уый».

Æххæстбарджын минæвар ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ дзырд цыд арæнгæрон нысæнттæ халыны цауыл дæр. Ленингоры районы Æмдзæрины хъæумæ æввахс гуырдзиаг студенттæ митинг куы уагътой, уæд фехæлдтой паддзахадон арæны нысан. Ныффыстой йыл æнæгъдау, грамматикон æгъдауæй рæдыдтытимæ ныхæстæ.

«Фембæлды рæстæджы уыцы нывтæ мах равдыстам механизмты форматы хайадисджытæн æмæ бахатыдыстæм гуырдзиаг фарсмæ, цæмæй ахæм æнæуаг инциденттæн дарддæр бынат мауал уа. Уымæн æмæ никæй фæнды, цæмæй Паддзахадон арæныл æндыгъддзинад рæза», – дзырдта Джиоты Мурат. Уый ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ныртæккæ у тæссаг зынгсирвæзтæй, арæх ссудзы кæрдæг æмæ зынг ахизы иу кæнæ иннæ арæнтæм. Уый тыххæй хуссарирыстойнаг фарс йæхи территорийыл къахы зæххытæ зынгсирвæзты ныхмæ.

Гуырдзиаг информацион фæрæзтæ ма тынг цымыдис кодтой, Хуссар Ирыстоны территорийыл гуырдзиаг цæрджытæ зæххы фадгуытæ кæй бакуыстой, уыцы фарстмæ дæр.

Джиоты Мурат ноджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг фарс  фæдзæхсы, цæмæй цыфæнды хъæууонхæдзарадон архайд дæр алчидæр кæна йæхи территорийыл. Æндæр бæстæйы территорийыл кусыны бар та иу фарсæн дæр нæй, мах, зæгъгæ, уадиссаг хъæздыг не стæм, цæмæй нæ зæххытæ лæвар кæнæм.

Ахæм фарстæн, зæгъгæ, механизмты формат кусы дæргъвæтин рæстæг æмæ йæ куыст æнтыстджыныл нымад у?  Уымæн Джиоты Мурат афтæ сдзуапп кодта:

«Механизмты фæлгæтты политикон фарстытæ скъуыддзаг нæ цæуынц, уый у ахæм орган, цыран дзырд цæуы сæвзæргæ уавæрыл, ома, сæвзæргæ уавæр бæстон кæныныл. Женевæйаг дискусситы рæстæджы дæр нысан цæуы уый, æмæ механизмты фæлгæтты куыст кæй у æнтыстджын æмæ йын цæуы æвæрццаг аргъ».

Механизмты фæлгæтты радон фембæлд уагъд цæудзæн 7 сентябры.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.