Ацы къуыри мæскуыйаг театрдзауты зæрдæтæ барухс кæндзысты нæ республикæйы театры артисттæ цалдæр спектаклæй.

Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр ивгъуыд къуырийы кæрон гастролон балцы ацыдысты Уæрæсейы столицæ Мæскуымæ. Ардæм хуссарирыстойнаг труппæйы фæхуыдта Александра Яблочкинайы номыл Актеры централон хæдзар æмæ дзы 5-æм апрелæй 8-æм апрелмæ уагъд æрцæудзысты «Ирон театры бонтæ Арбаты».

Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры пресс-службæйы нын куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ нæ театр Мæскуымæ аластой цалдæр спектаклы. «Махæн тынг æхсызгон уыдис Мæскуымæ нæ кæй фæхуыдтой уыцы хъуыддаг, уымæн æмæ уый артисттыл ныууадздзæнис хорз тæлмæнтæ æмæ сын ахъаз уыдзæнис сæ профессионалон куысты хъуыддаджы. Ацы мадзал организацигонд  цæуы, цæмæй популяризаци цæуа ирон культурæ. Æппæт уавæртæ дæр нын сарæзтой, цæмæйдæриддæр гастролон балцы ацыдаиккой нæ артисттæ. Мæскуымæ афæндараст сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли сын кæй балæвар кодта, уыцы ног комфортабелон автобусыл. Развæлгъау фехъусын кодтам билеттæн балхæнæн кæй уыдзæнис Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны минæварады, уый дæр æмæ театрдзаутæн проблемæ нæ уыдаид сæ балхæныны рæстæджы. Программæмæ гæсгæ мах цыппæрæм апрелы мæскуыйаг сценæмæкæсджытæн равдыстам  французаг драматург æмæ сценарист Жан Ануйы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Антигона», кæцыйы æвæрæг режиссер у Дзудцаты Тамерлан. Спектакль у цымыдисон æмæ йын, мæнмæ гæсгæ аккагæй саргъ кæндзысты театрдзаутæ. Афтæ ма Мæскуыйы театрдзауты рæгъмæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры артисттæ рахæсдзысты испайнаг драматург Фернандо Аррабальы пьесæмæ гæсгæ æвæрд трагедион спектакль «Фандо и Лис» æмæ Шекспиры «Юлий Цезарь». Уымæй дарддæр ма фæнд кæнынц, цæмæй мæскуыйаг театртæ æмæ киноты артисттимæ организацигонд æрцæуа сфæлдыстадон изæр дæр», – банысан кодтой пресс-службæйы.

Пресс-службæ ма куыд хъусын кæны, афтæмæй Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр спектакльтæ æвдисдзæнис Александра Яблочкинайы номыл Актеры централон хæдзары  æртæ камерон сценæйыл.

Цхуырбаты Ларисæ 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.