Мидæггагон куыстытæм бавнæлдтой, нæ горæты центры цы астæуккаг скъола рæзы, уым. Скъола ныридæгæн дæр йæхимæ здахы йæ аивдзинадæй адæймаджы цæст. Фæлæ бынтон аив та уыдзæн йæ алыварс аивгонд куы æрцæуа. Скъола йæ афоныл цæмæй сцæттæ уа æмæ ацы аз сентябры скъоладзаутæ йæ къæсæрæй бахизой, ууыл архайы, ацы арæзтадыл цы фирмæ «Бадо» кусы, уый сæргълæууæг Уалыты Владислав. Зæгъы, зæгъгæ, скъола хъуамæ рауайа иттæг аив. Ам, зæгъгæ, цы уавæртæ арæзт æрцæудзæнис, ахæмтæ нæ уыдзæн иннæ скъолаты. Ног скъолайы кæрты арæзт æрцæудзæн, хъарм бонты сывæллæттæ спорты хуызтæй кæм архайдзысты, ахæм баскетбол æмæ волейболон хъазæн фæзтæ, хицæнæй та – футболæн хъазæн фæз, афтæ ма фæндаг дæр. Уыдон æмбæрзт æрцæудзысты, спортсменты æдасдзинадæн арæзт чи у, сæрмагонд ахæм фæлмæн асфальтæй.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.