Хуры тынтæ хорзæрдæм æндавынц нуæртты системæйы куыстыл, адæймаджы организм хъæддыхдæр кæнынц хуры радиацийы ныхмæ, буаргъæдты ивддзинæдтæ æмæ туджы сконд фæхуыздæр вæййынц æмæ организм хъæддыхдæр лæууын райдайы уазалдзыд æмæ хæцгæ низты ныхмæ.

Хуры тынтæй   рахиты ныхмæ лæууæг буаргъæдтæ фæзынынц буарыл. Æмæ уый стыр æххуыс кæны, организмы нæмæнг чи хъæуы, кальци æмæ фосфоры ахæм цæххытæй йæ æфсадынæн. Хуры тынтæ организмыл хорзæрдæм фæзынынц, æмбæлгæ бæрцæй сæ куы исай, уæд. Гом буарæй сæ бынмæ æгæр бирæ куы фæлæууай, уæд организмы миниуджытæ хæлд æрцæуынц, фылдæр хатт ахæм æнæрхъуыдыдзинад æркæны тæссаг низтæм.

Рох кæнын нæ хъæуы, хуры тынтæ тынг тыхджын кæй сты, уый. Се ‘гæрон æндæвдæй физиологион миниуджыты æппæт ивддзинæдтæ дæр цæуын райдайынц бæгънæг буарыл. Адæймаджы тæвд ныццæвы, улæфт фæтагъддæр æмæ фæарæхдæр вæййы.  Хуры тынтæ организмæн кæй рахъыг кодтой, уый фыццаг миниуджытæ сты: лæмæгъдзинад, зæрдæ хæрд нæ фæагуры, хуыссæг фæлидзы.

Иуæй-иутæ, сæ буар тынгдæр басудзыны тыххæй, сæхи хурмæ ныддарынц, цас не ‘мбæлы, афтæ бирæ рæстæг. Уый аххосæй организм æгæр стæвд вæййы, буар фыдсыгъд бакæны. Фылдæр хатт ахæм уавæр æркæны хуры тыхджын цæфмæ. Иу ныхасæй, хуры тынтæй фылдæр дозæ райсгæйæ, суанг æнæниз адæймагæн дæр йæ туг тынгдæр ахсын райдайы, зæрдæйы низæй рынчынтæн та сæ уавæр цæхгæр февзæрдæр вæййы. Уымæ гæсгæ нæ хъуамæ алчидæр хъуыды кæна йе ‘нæниздзинадыл. Хуры тынты бын уæвгæйæ, урс сæрбæттæн бабæттын хъæуы сæрыл.

Ахæм фыдбылызæй дæхи бахизыны фæдыл хорз сты, хуры тынтæй цы судзгæ буаргъæдтæ цæуы, уыдоны тыххæй профилактикæ кæнынæн тар кæсæнцæстытæ дарын. Хъуыддаг  афтæ у, æмæ хуры судзгæ тæмæны рæстæг тæссаг у, адæймаджы буарыл гуырдзæй рахæсгæ цы сау стъæлфытæ вæййы, уыдон фыдхъæдджынтæм куы рахизой, уымæй дæр, æмæ сæ сæрдыгон хъахъхъæнын хъæуы хуры тынтæй.

Уæдæ хи хурмæ судзын дæр зонын хъæуы. Æппæты хуыздæр у райсомæй 8-11 сахатмæ, изæрæй – 17-19 сахатмæ. Раздæр уал 5 минутæй фылдæр гом буарæй лæууын нæ хъæуы хурмæ. Фæстæдæр хуры ваннæты рæстæг фæдаргъдæр кæнæн ис 3-5 минуты бæрц, чысылгай йæ сахаты онг.  Уымæй уæлдай хуры ваннæтæ кæныны рæстæг нæй чиныг кæсæн кæнæ фынæй кæнæн дæр. Уымæн æмæ адæймаг нæ базоны, хурмæ цас рæстæг фæцис, уый. Ахæм æнæрхъуыдыдзинад та куыд загътам, афтæмæй æркæны æвзæр фæстиуджытæм.

Хуры судзгæ тæмæн уæлдай тынгдæр хъыгдары сывæллæтты. Канд рынчынты нæ, фæлæ ма æнæнизты дæр. Ахæм заман уыдон слæмæгъ æмæ смæстыгæр вæййынц, хуыссæг сæ нал фæахсы, туджы чысыл бæрц сæм бæрæггонд æрцæуы. Уымæ гæсгæ сывæллоныл рог уæлæдарæс кæнын фæхъæуы тæвд бонты. Зæгъæм, цыбырдыс хæдон, уæрджыты онг хæлаф, худ та хъуамæ уа урс хъуымацæй. Тæвд бонты æппæтæй хуыздæр у сывæллæтты гом уæлдæфмæ кæнын, уæлдайдæр, бæлæсты аууон бынæттæм. Гæнæн куы уа, уæд та денджызы, цæугæдæттæ æмæ цадты былтæм хонын дæр.

Кардзыд æмæ лæмæгъ чи у, ахæм адæмæн лæууæн нæй хуры тынты бынмæ. Махмæ тæвддæр вæййы 12 сахатæй 16 сахатмæ, æмæ хъуамæ ацы рæстæг æдзухдæр уой сæ хæдзæртты. Уынгмæ кæд æнæ ахизгæ нæй, уæд цæуын хъæуы аууонвæрсты, фæллад уадзын хъæуы бæлæсты бын, хæдзæртты аууæтты.

Тæвд бонтæ куы скæны, уæд хуры тынты цæхæрæй æппæтæй тынгдæр сæхи хъахъхъæнын хъæуы, зæрдæйы тугдадзинты системæйы низтæ кæмæ ис, уыцы рынчынты. Хъуамæ ахæм рæстæг нуазой, дохтыртæ сын кæй рафыстой, ахæм алыхуызон хостæ, æххæст кæной сæ амынддзинæдтæ. Уæлдай тынгдæр та сæ цæст дарын хъæуы сæ артериалон æлхъывдадмæ. Уый, куыд æмбæлы, ахæм æлхъывдады цæмæй уа, уый тыххæй æххæст кæнын хъæуы дон нуазыны уагæвæрд. Пайда сты битъынайы, сусхъæды дидинæджы дæттæ, лимоны цай æмæ тынг адджын чи нæ уа, гагадыргъты ахæм компоттæ дæр, бæгæныйæ та дойны сæттæн нæй. Фылдæр хæрын хъæуы дыргътæ æмæ халсæрттæ, фæлæ чысылгай.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.