Зымæгон зымæджы дæргъы мах фенхъæлмæ кæсæм карз уазал бонты фæстæ хъарм, уалдзыгон бонтæ кæд æрбалæудзысты, æрдз та ногæй кæд базмæлдзæн æмæ йæ рæсугъд хуыз æгасæйдæр кæд скалдзæн. Афæдзы ацы диссаджы рæсугъд афон, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæбандавгæ нæу адæймаджы организмыл, йе ‘нæниздзинадыл дæр. Кæм нын пайда æрхæссы, кæм та дзы бирæ цæмæйдæрты хи бахизын фæхъæуы. Уыдæтты тыххæй у нæ дзырды сæр ацы уацы.

 

УАЛДЗЫГОН  ХУР: ЙÆ ПАЙДА ÆМÆ ЙÆ ЗИАН

Дызæрдыггаг нæу хуры рухс иттæг æнæмæнгхъæуæг кæй у адæймаджы организмæн. Уый нын æрмæст нæ зæрдæйы равг нæ хуыздæр кæны, фæлæ нын хуыздæр кæны нæ иумæйаг хиæнкъарынад, нæ организмы туджы  æрзылд. Нæ буары цармыл уалдзыгон хуры æндæвдад ахъаз кæны биологион æгъдауæй активон бауарадтæ фæзынынæн, кæцытæ стимуляци кæнынц нуæртты системæйы. Уалдзыгон хур ма афтæ ахъаз кæны туджы чырæгты хъахъхъæнæн миниуджыты активондæр кæнынæн, æндавы сæрхъуынты рæзтыл, алыгъуызон маргджын æмæ токсикон буарадтæм къаддæр кæны адæй-маджы организмы æнкъарынад. Æндавы витамин Д-йы синтезыл, кæцы организмы хъæуы, цæмæй туджы ми-дæг кальцийы æмвæзад æдзух æмбæлон æмвæзадыл уа.

Уалдзыгон хурæн йæ пайдайаг миниуджытæй иу у, бактерицидон эффект ын кæй ис, уый дæр. Ахуыргæндтæ куыд нымайынц, афтæмæй уый мары, кæнæ къаддæр кæны бирæ потогенон бактериты активондзинад.

Уыимæ уалдзыгон хуры æмбæхст сты бирæ тасдзинæдтæ, уæлдайдæр та хурмæ бирæ рæстæджы уæвгæйæ. Ам дзырд хуры цæфыл уыйбæрц нæ цæуы, уымæн æмæ уый фылдæр хатт райсынц сæрды тæвды рæстæджы.

Уалдзæджы ультрафиолетон тынтæ вæййынц уæлдай интенсивон ирддæр æмæ кæд уалдзыгон уæлдæф сæрды рæстæгау не стæвд вæййы, уæддæр цæстытæн вæййы уæлдай зындæр æмæ гæнæн ис фæсахъат уой, цæстыты сетчаткæ кæй хонынц, уыдон.

Уымæй дарддæр ма бæлæсты сыфтæртæ мах хурæй æмбæхсын райдайынц æрмæстдæр майы райдиантæй, уый размæ рæстæджы та, хæдзарæй  рахизгæйæ, мах æдзух вæййæм хуры бын æмæ райсæм ультрафиолетон тынты зынгæ бæрц. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у хур бонты хурæй хъахъхъæнæн кæсæнцæстытæ дарын, цæмæй нæ цæстыты бахизæм ультрафиолетон тынты мæгуырау æндæвдадæй.

Æмæ ма ноджы – кæд уалдзыгон хур сæрдыгон хурау адæймаджы буарыл афтæ активонæй не ‘ндавы, уæд-дæр ахъаз кæны цармыл æнцъылдтытæ фæзынынæн. Æмæ цæмæй уымæй уæхи бахизат, уый тыххæй пайда кæнын хъæуы хурсыгъды ныхмæ сæрмагонд фæрæзтæй. Уый уæлдай тынгдæр хауы, йæ буар бæрæг урсдæр кæмæн у, ахæм адæймæгтæм, уымæн æмæ ахæм буар тынгдæр æмхиц у хуры тынтæм.

 

УАЛДЗÆГ ÆМÆ ХИЦÆН НИЗТЫ СЫТЫНГДЗИНАД

Зымæгæй уалдзæгмæ хизгæйæ, æрдз йæхи рацаразы уалдзыгон уагмæ. Уый æнæбандавгæ нæу адæймаджы хиæнкъарынад æмæ æнæнзиздзинадыл дæр. Фыцца-джыдæр цы банкъары, уыдон сты: боныгон дæр хуыссæг ахсын; чысыл акусыны фæстæ дæр фæлладдзинад æн-къарын; зæрдæйы равг дыууæрдæм кæнын; организмы буарадты ивд къаддæр кæнын. Ахæм уавæры уæвын хонынц «уалдзыгон низ», фæлæ уый тæссаг нæу æмæ цасдæр рæстæджы фæстæ ацæуы.

Уыдонимæ бирæ адæймагæн се ‘нæниздзинад фæмæгуыраудæр вæййы. Уымæ гæсгæ афæдзы ацы афоны уæлдай хъусдард аздахын хъæуы, цæмæй ма фæцуда. Фыццаджыдæр батыхсын хъæуы ууыл, цæмæй организм цы витаминтæй цух у, уыдонæй баххæст æрцæуа. Организмы витаминты хъуагдзинад хуыйны авитаминоз. Уымæн йæ симптомтæ сты, ныхтæ æмæ хъуынтæ куы цъæл кæной, мылытæй туг куы цæуа, æвзæрдæр уынын куы райдайай, зæрдылдарынад куы фæлæмæгъдæр уа, ахсæны куыст куы фæвзæрдæр уа… Ахæм симптомтæй искæцы фæхатгæйæ, ахъуыды кæнæн æмæ бацархайын хъæуы мадзæлттæ райсыныл. Сæрд æмæ фæззæджы арæх сты, витаминтæй хъæздыг чи сты, уыцы халсæрттæ æмæ дыргътæ, уымæ гæсгæ тыхсын нæ хъæуы организмы витаминтæй баххæст кæныныл. Зымæджы та адæймагæн фаг вæййынц, сæрд æмæ фæззæджы йæ организмы цы ресурстæ æрæмбырд вæййынц, уыдон. Уымæн у иттæг ахсджиаг уалдзыгон бонты  организмы витаминты резервтæ баххæст кæнын.

Авитаминоз æмæ ма уыимæ уæлдæфы температурæйы цæхгæр ивдтытæ æркæнынц уымæ æмæ нæ иммунитет фæлæмæгъдæр вæййы. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ, зымæгимæ абаргæйæ, арæхдæр рынчын кæнæм карз респираторон вирусон инфекцийæ, ОРВИ кæй хонынц, уымæй. Бæрзонд умæлад æмæ хъарм уæлдæф ахъаз кæнынц инфекци æндæр адæймагмæ æнцонæй адæттынæн. Уымæ гæсгæ ныл æнцонæй бахæцынц грипп æмæ æндæр вирусон низтæ.

Ацы хъуыддаджы ма мах фæрæдийын кæны уый дæр æмæ зымæгон дарæсæй уалдзыгон дарæс дарынмæ хизгæйæ, фылдæр хатт нæ фæзонæм, рагуалдзæджы цахæм дарæс скæнæм, уый. Бирæты фæфæнды сæ хъарм дарæс рог дарасæй тагъддæр раивын. Æмæ уæд сæхи раргом æмæ базонын кæнынц æндæр æмæ æндæр инфекцион низтæ.

Уæдæ цæмæй уалдзыгон инфекциты амæттаг ма суат, уый тыххæй фыццаджыдæр фидардæр кæнын хъæуы иммунитет. Уый тыххæй та 8 сахаты хъæуы фынæй кæнын, аходæн æмбæлонæй хæрын, нозт æмæ тамако ды-мыныл къух сисын, физикон фæлтæрæнтæ аразын, витамин С-йы уæлæмхас дозæ исын, æрвылбон дæр сыгъдæг уæлдæфмæ тезгъо кæнын. Уæд уын цавæрфæнды вирустæ æмæ микробтæ дæр нæ ратых кæндзысты.

Уалдзыгон бонты фæкарздæр вæййы ахсæны хæлмаджы низ. Уымæн йæ аххосæгтæй сæ иуыл дохтыртæ нымайынц боныгъæды раив-баивты фæстиуæгæн цы стресстæ фæзынынц, уыдон æмæ бон кæй даргъдæр кæны, хæлцы рацион кæй фæивы, иммунитет кæй фæлæмæгъдæр вæййы, уыдæттæ.

Ахсæны хъæдгомау уалдзæджы йæхи тынгдæр зонын кæны гастрит дæр. Йæ сытынгы сæйраг аххосаг у хæрды режим нæ хъахъхъæнын, хъæуы бæрæг диетæ æххæст кæнын. Хæрын та хъæуы регуляронæй æмæ чысыл бæрцтæй – бон 5-6 хатты. Хæринаг хъуамæ уа хъарм æмæ иу хатт та – тæнæг. Хуыздæр у судзаг æмæ тебæйы æгæр фых хæринæгтыл къух сисын, афтæ ма хъæбæр кофэ, газджын нуазинæгтæ æмæ карз нозтыл дæр. Ахсæны хæлмаг æмæ гастритæй рынчынтæн сæ хæлц, уалдзыгон бонты уæлдайдæр, хъуамæ уа алыгъуызон æмæ хæрзад.

Ацы низтæ æгæр куы тыхсын кæной адæймаджы, уæд ауадзын хъæуы хосгæнæн терапи. Уый тыххæй та бацæуын хъæуы дохтырмæ, цæмæй рафысса æмбæлон хостæ.

Уалдзæджы фыццаг бонты аллергимæ æмхиц чи сты, уыдон ын банкъарынц йæ фыццаг симптомтæ. Уый баст у алыгъуызон рыгтимæ, кæцытæ фæзынынц уæлдæфы æмæ сæ уалдзыгон дымгæтæ хæссынц алырдæмты. Нæ хæдзæртты дæр арæхдæр бакæнæм дуæрттæ, рудзгуытæ æмæ цы дымгæ бацæуы, уый рыгты сыстын кæны. Афтæмæй аллергиктæ райдайынц æхснырсын, сæ цæстыты сыг фæцæуы, сæр фæриссы…

Ситуаци ноджы фæкарздæр вæййы, зайæгойтæ дидинæг калын куы райдайынц, уæд. Ахæм рæстæджы аллерги тыхджын кæмæн вæййы, уыдонæй бирæты, æгæрыстæмæй бахъæуы сæ цæрæнбынат рæстæгмæ фæивын. Æндæртæ та æххуыс æрцагурынц дохтырæй, фæлæ, хъыгагæн, нырма ацы низæн зынтæй хос цæуы, уый у вазыгджын процесс. Кæд ын зын схосгæнæн у, уæддæр гæнæн ис йе ‘ндæвдад ын фæкъаддæр кæнын. Уый тыххæй уалдзæджы æрбалæуды агъоммæ хæдзары хъæуы генералон  æфснайд бакæнын: рудзгуыты æмбæрзæнты хъæуы ныхсын, гауызтæй, дивантæй рыг сисын, хуылыдз хæцъилæй хъæдын дзаумæтты, полты бæстон ныссæрфын. Хуыздæр уаид ног базтæ балхæнын, цас гæнæн ис, уыйас тагъддæр ивын хъæуы хуыссæнгæрзты цъæртты. Кæд хæдзары кондиционер ис, уæд æй специалистæн хъæуы ныссыгъдæг кæнын.

Кæд æмæ аллергийы фæзынды аххос зайæгойтæ сты, уæд сæ дидинæг калыны афон архайын хъæуы фылдæр рæстæг æхгæд бынаты æрвитын. Дарæс æмæ къухыхæсгæ дзаумæтты нæ хъæуы гом бынæтты уадзын. Уынджы уæвгæйæ, дарын хъæуы кæсæнцæстытæ æмæ хæдзармæ баздæхгæйæ та – хи ныннайын æмæ сыгъдæг пысултæ скæнын.

Уалдзæг адæймагæн кæд циндзинад хæссы, хуыздæр ын кæны йæ зæрдæйы равг, уæддæр не ‘ндæвдад адæймаджы организмыл иттæг хорз нæу. Ууыл дзурæг у ахæм статистикæ дæр æмæ афæдзы ацы афоны æгас дунейы зынгæ кæй фæфылдæр вæййынц хи марыны цаутæ. Уый бирæ ахуыргæндтæ бæттынц æхсæнадон царды сырæзгæ интенсивондзинадимæ, фæлæ куыдфæнды ма уа, уæддæр бæлвырд у уалдзæджы адæмæн кæй фæкарздæр вæййы депресси, афтæ ма æндæр психикон цухдзинæдтæ. Цæмæй депрессийы амæттаг ма суа адæймаг, уый тыххæй хæрын, нуазын хъæуы зæрдæйы равгыл чи не ‘ндавынц ахæм хæринæгтæ, нуазинæгтæ. Цæвиттон, къух сисын хъæуы алкоголон, энергетикон нуазинæгтыл, кофейыл.

 

ЦАХÆМ ХЪУАМÆ УА УАЛДЗЫГОН ХÆЛЦЫ РАЦИОН?

Рагуалдзæгæй фæстæмæ адæймаг хъуамæ фæива, кæй хæры, уыцы продуктты сконд. Организм витаминтæ хъуаг кæй вæййы, уымæ гæсгæ йын хъуамæ баххуыс кæ-нæм йæ гаччы сбадынæн. Уæд бахъахъхъæндзыстæм не ‘нæниздзинад дæр æмæ нæ буары рæсугъддзинад дæр.

Уалдзæджы хи хизын хъæуы уæззау хæринæгтæй. Æвзарын хъæуы астæуккаг кæнæ чысылколорион хæри-нæгтæ. Фæкъаддæр хъæуы судзаг æмæ адджын хæри-нæгты дæр.

Организмæн афæдзы ацы афон уæлдай ахсджиагдæр сты, микроэлементтæ æмæ витаминтæй хъæздыг чи сты, уыцы халсæрттæ æмæ дыргътæ. Гæнæн уæвгæ-йæ, уыдон хъуамæ уой, организм кæуыл æрцахуыр, ахæмтæ.  Хъæуæг витаминты къæбиц сты цъæхыгтæ дæр – петрушкæ, хъотхора, цъæх хъæдындз. Уалдзыгон фынгыл сæйраг хæринаг хъуамæ уа алыгъуызон халсæрттæ æмæ кæрдæджытæй конд салат. Ахæм салат цæттæ кæнгæйæ, пайда кæнын хъæуы зайæгойтæй уагъд сойæ.

Уалдзæджы фылдæр хæрын хъæуы ахæм халсæрттæ, дыргътæ, цъæхыгтæ, куыд уырыдзы, къабускæ, хъæдындз, цæхæра, авокадо, банан, финиктæ, кæрдо, фæткъуы, апельсин, грейпфрут, петрушкæ, хъонтхора, маламар, булкъ, нуры, хуырхæг æмæ æндæртæ.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ хъæрмуатты кæй байтауынц, уыцы памидортæ æмæ джитритæ фынгыл фылдæр кæй æрæвæрынц барæсугъд æй кæнынæн, пайдайаг буарадтæ сæ бирæ кæй нæй.

Æмæ ма кæронбæттæны иу фæдзæхст, диетæтæ кæнын чи уарзы, уыдонæн. Афæдзы ацы афон хи хизын хъæуы уыдонæй. Организм хъуамæ иса, цы дома æмæ йæ цы хъæуы, уыцы хæлцадон продукттæ.

Афæдзы ацы афон зæххы цъарыл алы ран иу афон не ‘рцæуы. Иу бæстæм, иу бынатмæ раздæр æрцæуы æмæ йæ хъарм бонтæй батавы æрдзы, адæймагæн йæ уд, йæ зæрдæйы, кæд нын хатт не ‘нæниздзинадыл мæгуырауæрдæм бандавы, уæддæр. Ацы азы уалдзæг йæ райди-аны мах тынг нæ барæвдыдта, уый нæ, фæлæ нæм  йæ фыццаг мæй ракастис æцæг зымæджы цæстæй. Уæдæ нæм йæ дыккаг мæйы дæр, зæгъæн ис, йæ фыццаг æм-бисы фæудмæ хур йæхи нæ равдыста. Ныр нæм нык-кастис, йæ æппæт цæлхыдзагæй. Уый хорз у, хурыл цин хъæуы, фæлæ йæ тыхы куыд цæуа, афтæ йыл адæйма-джы организм куынæ æрцахуыр уа цадæггай, уæд зын у тынг хуры ныхмæ фæлæууын дæр. Уымæ гæсгæ хъæуы æххæст кæнын уæлдæр цы бацамындтыты кой æркодтам, уыдон.

Хур бæрзондæй бæрзонддæр исы йæхи нæ æрвон тыгъдады æмæ уын йæ рухс, йæ хъарм кæддæриддæр рухс æмæ хъарм кæнæт уæ зæрдæты, фидаргæнæг уын уæт уе ‘нæниздзинад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.