Нæ республикæйы бирæпрофилон медицинон центры сывæллæтты поликлиникæйы гæс Хæныкъаты Ларисæ куыд зæгъы, афтæмæй фæстаг рæстæджы бæрæг фæфылдæр ис инфекцион низтæй рынчынты нымæц. Медицинон кусæджы ныхæстæм гæсгæ, уый кæд сезонон фæзынд у, уæддæр низтæ сты вирусон æмæ сидынц ныййарджытæм, цæмæй хъахъхъæной сæ сабиты.

«Ивгъуыд мæймæ абаргæйæ, инфекцион низтæй рынчынты нымæц кæй фылдæр кæны, уый, сæйраджыдæр, баст у боныгъæдтимæ. Ома, тæвд бонты акæнынц сæ сабиты фæсгорæтмæ, уым сабиты æххæстбæрцæй нæ бахъахъхъæнынц æмæ уыдон та, кæм æнæхсад дыргътæ ахæрынц, кæм та баназынц уазал адджындæттæ, кæнæ цæугæдæтты найыны фæстæ дæр сæхи нæ бахъхъахъхъæнынц æмæ организммæ бафты инфекци, схизы буары тæвд. Ахæм фæзындтытæ вæййы æрвылаз дæр, æмæ паникæ кæнын нæ хъæуы, фæлæ, æнæмæнгæй, хъæуы хи бахизын», – зæгъы Хæныкъаты чызг.

Куыд ма бафиппайдта, афтæмæй рынчынты нымæц æрвылбон дæр вæййы æндæр æмæ æндæр, боны дæргъы райсынц 37 æй 50-мæ æввахс рынчыны.

«Уыдон фылдæр æрбацæуынц улæфтбонты фæстæ. Уый ууыл дзурæг у, æмæ фæсгорæтмæ улæфынмæ ацæуыны фæстæ, фæрынчын вæййынц æмæ уæд бахауынц инфекцион хайадмæ, зæгъæм, ахæм диагнозтимæ: герпетикон танзелиттæ, энтеровирусон танзелиттæ, ангинæтæ, хæринагтайæн токсиконзиттæ. Сæ симптомтæ сты: гуыбынрыст, слæмæгъ вæййынц уæнгтæ, зæрдæ фæхæццæ кæны, хъуыртæ схæф вæййынц. Донхæбузæгæй рынчынтæ кæд цъус сты, уæддæр рæстæгæй рæстæгмæ ардæм æрбахауынц», – загъта Ларисæ.

Пациенттæн сæ фылдæр кæй сты рæвдауæндæтты æмæ скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнинæгтæ, ома, 1-2 азæй 8-9 азмæ.

«Ис нæм, иу азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ дæр, фæлæ уыдон фылдæр фæрынчын вæййынц бинонты ‘хсæн хистæр рынчынимæ  контакты аххосæй. Уымæ гæсгæ курæг дæн, цæмæй ныййарджытæ æнахъомты хъахъхъæной ахæм контакттæй. Куыддæр инфекцион низты симптомтæ фæзынд бинонтæй искæмæ, афтæ, уæ хорзæхæй, дохтыртæм бацæут», – фæдзæхсы Хæныкъаты Ларисæ.

Æрæввахс кæны ахуырадон уагдæттæм сывæллæтты бакæныны рæстæг, хорз уаид, ныййарджытæ афоныл куы саразиккой æмбæлон медицинон басгæрстытæ сæ сабитæн æмæ сæ куы бацæттæ кæниккой ахуыры азы райдианмæ. Хъыгагæн, бирæ сывæллæттæм, сбæрæг кæнæм хроникон низтæ, æмæ уыдонæн та хъæуы æмбæлон хосгæнæн процесс. Афоныл низ  куы сбæрæг уа, уæд кæй зæгъын æй хъæуы, хос дæр ын афоныл æрцæудзæнис», – фæдзæхсы дохтыр.

Бæлвырд куыд у, афтæмæй ма, поликлиникæйæ дарддæр, РБМЦ-йы сывæллæтты хайады дæр ис бирæ рынчынтæ. Уыдонæн дæр сбæрæг сты уæлдæрзагъдгонд низтæ. Афтæмæй рынчынты нымæц у бæрæг фылдæр.

Рынчын сабиты ныййарджытæ райгонд сты дохтырты ‘рдыгæй хъусдардæй, фæлæ нæ кæстæртæ бынтондæр цæмæй ма хауой рын-чындонмæ, ууыл бакусын та хистæрты хæс у.

ХУЫГАТЫ Миленæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.