Иу азы размæ Остъаты æфсымæрты уынджы цалцæггæнæн куыстытæм куы ‘рывнæлдтой, уæд йæ цæрджытæ тынг бацин кодтой. Уынг асфальтгонд кæй æрцæудзæнис, уый æхсызгон уыдис ацы уынджы цæрæг зынгæ ирон фыссæг æмæ тæлмацгæнæг Цхуырбаты Мерийæн дæр. Уыдис, фæлæ  ма Мерийæн уый æрхаста мæт æмæ сагъæсы æнкъарæнтæ дæр. Сæйраг уынгæй Мерийы хæдзармæ ис, йæ дæргъ 15 метры кæмæн у, ахæм нарæг фæндаг. Цалцæггæнджытæ уыцы бацæуæны куы скъахтой, уæд сæм Мери бахатыд, цæмæй скъахой æмæ раивой балкъоны бын доны хæтæлтæ дæр. Цалцæггæнджытæ нæйы нæ загътой, фæлæ æрдомдтой, цæмæй балхæна доны хæтæлтæ æмæ сын бафида, цы куыст бакæной, уый аргъ. Мери сын сæххæст кодта сæ домæн. Балхæдта доны хæтæлтæ æмæ сын бафыста, цы куыстытæ хъуамæ бакодтаиккой, уый тыххæй дæр. Цалцæггæнджытæ кусын бæргæ хорз райдыдтой, фæлæ сæ куыстытæ ныууагътой æрдæгыл, нæ бамбæрзтой доны хæтæлтæ æмæ нæ аластой сыджыты дæр. Мери сæм цалдæр хатты бæргæ бахатыд, цæмæй сæ куыстытæ бакодтаиккой кæронмæ, фæлæ, марадз зæгъ. Бавдæлд æмæ йæхæдæг сабыргай сыджытæй бамбæрзта доны æмæ канализацийы хæххыты. Цалцæггæнджытæ цы сыджыт ныууагътой, уый дæр  акалдта.  Кæд балкъоны бын ныр ис æдæрсгæ фезмæлæны, уæддæр уынгæй йæ  хæдзармæ фæндаджы куыстытæ, цæмæдæр гæсгæ, цалцæггæнджытæй ферох сты. Мери сæм иудзæвгар бæргæ фенхъæлмæ каст, фæлæ куы нæ зындысты, уæд сæм цæуын райдыдта. Кæддæр-кæддæр фæзындысты, æрбаластой ставд цъæлдур æмæ байдзаг кодтой къанау. Байдзаг æй кодтой, фæлæ йæ цалынмæ не скъахтой, уæдмæ уыцы бацæуæн уыд асфальтгонд æмæ Мери домы, цæмæй цалцæг æрцæуа куыд уыдис, афтæ. Æмæ æмбæлгæ дæр кæны. Уымæн æмæ йæ  адæмæн кад æмæ аргъ чи кæны, уымæн мах дæр хъуамæ кæнæм æмбæлон аргъ æмæ кад.                                                                                            

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.