Фæстаг рæстæджы бирæ дзырд цæуы, АИШ-ы сæрмагонд службæтæ сыхаг Гуырдзыстоны территорийыл цы биологион лаборатори бакодтой, уый архайды тыххæй. Уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй ацы лаборатори арæзт æрцыд адæмы хæрзиуæгæн, æцæгæй та у адæймагады ныхмæ – биологон æхсæнгарз уадзæг центр.

Уымæ гæсгæ 2006 азы Гуырдзыстоны дон Лугарайы былыл арæзт æрцыд Лугары биологон лаборатори. Официалонæй регистраци у Америкæйы æфсæддон структурæтыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы лабораторийы цыдæриддæр арæзт цæуы, уый у Уæрæсе, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæты ныхмæ æмæ ма Гуырдзыстонæн адæмы æнæниздзинады ныхмæ дæр.

«Уæдæ æндæр куыд æмбарæн ис, рæстæгæй-рæстæгмæ нæ республикæйы территорийыл хъæууон фосыл цы эпидемион низтæ фæзыны, Гуырдзыстонмæ хæстæг хъæуты ставдкъах фос æмæ хуытæ кæй амæ-лынц, уыцы цауæн», – зæгъы «Югосетпотребнадзор»-ы сæргълæууæг Мæргъиты Алан.

Уый ма радзырдта, ивгъуыд аз Дзауы районы Синагур æмæ Карзманы хъæуты кæй фæзынд хъулон æхсынкъ, кæцы цыбыр рæстæгмæ скуынæг кодта халсæрттæ æмæ дыргътæ.

2018 аз ацы уырынгон фæзынд Абхазы республикæйы дæр. Хъулон æхсынкъ стыр зиан æрхаста цитрусонтæн, бынтон æнæфтиаг фæкодта Абхазы хъæууон фæллойгæнджыты. Краснодары æмæ Гуырдзыстоны хуссар районты дæр бирæ тыллæг фесæфт ацы хъулон æхсынчъы аххосæй.

Мах территоримæ хъулон æхсынкъ æрбафтыд сыхаг республикæйæ Переуы хъæуы ‘рдыгæй, кæцы ис Карзманмæ хæстæг. Ивгъуыд аз æмæ ацы аз дæр, Переуы хъæуæн сæ дыргътæ æмæ халсæрттæ скуынæг кодта ацы тæссаг уырынгон. Хъулон æхсынкъ хæры 300 хуызы зæйæгой. Практикон æгъдауæй сафы алы хъæууонхæдзарадон продукци. Ацы уы-рынгон нымад цæуы фермерæн иууыл тæссагдæр знагыл.

Хъулон æхсынкъ нæ республикæйы территорийыл фыццаг хатт кæй фæзынд, уый тыххæй йе скуынæг кæныны тыххæй нæхимæ нæма ис фæлтæрддзинад. Специалисты амындмæ гæсгæ сæрмагонд химикон препараттæй пырх æрцæуынц быдыртæ. Уазал бонты ацы уырынгон бабыры хæдзæрттæм, æндæр агъуыстытæм, уым æрбынат кæны æмæ афтæмæй зиан хæссы хъæдæрмæгæн дæр. Уæлхæдзæртты æмæ ныккæндты рауадзы къуыртт æмæ афтæмæй цадæггай хæры, хæдзары цы дыргътæ æмæ халсæрттæ ис, уыдон. Специалисттæ амонынц, сæ ныхмæ цы методæй архайын хъæуы, уыдонæй сæ иу кæй у къухæй сæ исты мигæнæны æрæмбырд кæнын æмæ сыл уый фæстæ арт бафтауын.

Уалдзæджы райдианы хъæууон хæдзарады министрады æмæ фито-санитарон службæйы кусджытæ иумæ бацыдысты Синагур æмæ Карзманы хъæутæм, стæй, æндæр районты хъæутæй Гуырдзыстоны территориимæ чи арæн кæны, уырдæмты. Уыдон лæмбынæг æрдзырдтой хъæуы цæрджытæн ацы тæссаг уырынгоны тыххæй. Фенын кодтой, хæдзары йæхи цы бынæтты арæхдæр бааууон кæны, уыдоны. Уый фæстæ сын байуæрстой хъулон æхсынкъимæ куыд тох кæныны фæдыл инструкцитæ. Радтой сын, Абхазы республикæйæ нæм цы медицинон хостæ æрæрвыстой, уыдонæй.

Мæргъиты Алан ма нын куыд радзырдта, афтæмæй ацы зианхæссæг æхсынкъ хъарм бон атæхы 5 км. бæрц, æрæфтауы æйчытæ æмæ афтæмæй сбирæ вæййынц. Раздæр азты ацы уырынгоны ныхмæ тох кæй цыд, уымæ гæсгæ тынг нæ апарахат ис. Фæлæ уый  нæ нысан кæны, ома, дзы фервæзтыстæм. Къæрцхъус лæууын хъæуы, куыддæр фæзына дыргътыл, афтæ сæрмагонд химикон хостæй бапырх кæнын хъæуы дыргъдон.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.