Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы цæрæг æвзонг лæппу Цхуырбаты Иван 2002-æм азы сфæнд кодта фермерон хæдзарад саразын æмæ йæ фæнд нæ фæмæнг кодта. Уыцы аз сырæзт хæдзарад æмæ йæ хонгæ дæр скодта йæ райгуырæн  хъæуы номæй. Адæймаг куыст куы уарза, уæд æм æвналгæ дæр æркæны зæрдиагæй, цыфæнды зындзинæдтæ дæр ын нæ вæййынц ныхдур æмæ уæд иу æнтыст иннæйы фæдыл æнæмæнг æфтдзæн йæ къухты. Афтæ у ацы хæдзарады разамонæджы фæстиуæг дæр, уыцы азæй фæстæмæ Цхуырбаты Иван æмæ йе ‘мбал Гаглойы фырт районы фермерон хæдзарадты ‘хсæн кæддæриддæр вæййынц раззагдæрты рæнхъы. Фæстæдæр Гаглойы фырт ацыд хæдзарадæй æмæ Иваны бирæ нæ бахъуыд йæхицæн æнувыд æмæ куыстуарзаг æмбал æрбакæныныл. Уый та у Бибылты Мэлс æмæ абоны онг дæр ацы дыууæ куыстуарзаг æмæ намысджын фæллойгæнæджы сæ хайбавæрд хæссынц хæдзарады æнтыстытæ ноджы фæфылдæр кæнынмæ.

«Тъбет»-ы хæдзарад кæны фосдарды, афтæ ма æрвылаз дæр сæ зæххы фадыджы байтауынц цалдæр хуызы æфсирон культурæтæ. Куысты размæцыдæн та æрмæст аудгæ ахаст æвдисынæй дарддæр хъæуы хъæуæг техникæ æмæ уый хæдзарады разамонджытæй рох нæу. Уыдон цалдæр азы размæ самал кодтой хъомысджын трактор æмæ сын уый рог кæны сæ къух. Рæстæгыл сæхæдæг бабадынц тракторыл, афæлдахынц мæр, æркæнынц æй тауынæввонг æмæ дзы уый фæстæ байтауынц æфсирон культурæтæ. Афтæ ма тыллæг бабæстон кæныныл дæр бацархайынц сæхи техникæ æмæ кусæгдыхы руаджы. Фосдарды куысты æнтыст дæр бирæбæрцæй баст у нырык-кон ифтонггæрзтæй пайда кæныныл. Зæгъæм, цалдæр азы размæ балхæдтой дуцæн аппарат æмæ уый дæр рог кæны кусæг сылгоймаджы къух.

Ацы азы куысты фæстиуджытыл дзургæйæ, банысан кæнын хъæуы, се стурты нымæц кæй фæфылдæр. Дуцгæ хъуццытæ хæдзарады нымадæуы 17, ацы  тæвд бонты кæд æхсыры æрконд фæкъаддæр, уæддæр сæ суткæйы мидæг æрдуцынц 90 килограммы хæрзгъæд æхсыр.  Æфсирон культурæтæй хъæбæрхор байтыдтой 20 гектары æмæ цъой та 10 га. Уымæй дарддæр ма Ставраполы крайæ æрластой æмæ 25 гектары фæзуатыл байтыдтой чумизайы кæрдæг. Уый у иттæг хорз йæ гъæдмæ гæсгæ, ахъаз кæны æхсырæрдыгъд фылдæр кæнынæн. Ацы холлагон культурæ æввахс рæстæджы сбæздзæн кæрдынæн æмæ хæдзарады уæнгтæ цæттæ сты уый цыбыр æмгъуыдты æмæ æнæзианæй бафснайынмæ.

Хуыбиатты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.