Зындгонд куыд у, афтæмæй Республикæ Абхазы апарахат ис морæгъуыз æхсынкъ. Цæмæй уый нæ республикæмæ ма æрбафта æмæ нæм ма апарахат уа, уый тыххæй «Югосельхознадзор»-æн бахæс æрцыд, цæмæй республикæйы территоримæ цыдæриддæр зайæгойкуысты продукци ласт цæуы, уый лæмбынæг сгæрст цæуа Рукъ æмæ Раздæхæны хъæуты карантинон-фитосанитарон контролгæнæн пунктты.

«Югосельхознадзор»-ы ведомствæйы къухдариуæггæнæг Мæргъиты Аланы ныхæстæм гæсгæ, уый фæдыл ведомствæйы кусджытæн бадзырд лæвæрд æрцыд æмæ ныртæккæ банысангонд пунктты лæмбынæг сгæрст цæуынц, республикæмæ цы уæзтæ ласынц, уыдон нымæцы хъæууонхæдзарады продукци дæр, афтæ ма сгæрст цæуынц транспортон фæрæзтæ сæхæдæг дæр.

Мæргъийы фырт куыд зæгъы, афтæмæй нырма нæ республикæйы территорийыл морæгъуыз æхсынкъ нæ рабæрæг æмæ æппæт дæр аразынц, цæмæй ма æрбафта. Уымæй дарддæр ма мидæмæ ластцæуæг продукцийы сгарынц, нитраттæ сæ ис, æви нæ, уый тыххæй дæр.

Мæргъийы фырт ма куыд банысан кодта, афтæмæй «Росспотребнадзор» куыд нымайы, уымæ гæсгæ морæгъуыз æхсынкъ гæнæн ис æмæ Гуырдзыстоны æрдыгæй æрбафта, биологион лабораторитæ дзы кæй уæвынц, уымæ гæсгæ.

***

Ацы æхсынкъ фыццаг фæзынд Хуссар-Скæсæн Азийы. Дарддæр уый апарахат Америкæйы. Уæрæсейы субтропикты æмæ Абхазы территорийыл уый апарахат 2015 азы æмæ æркодта 2016 азы стыр тыллæгсæфтытæм.

Æхсынкъæн ис кæрдогъуыз формæ. Йæ дæргъ у 12-17 миллиметры. У морæгъуыз. Йæ сæр æмæ йын йе ‘рагъмæ куы кæсай, уæд дæтты мраморы хуыз, йæ гуыбын та у урс, кæнæ фæлурс-морæгъуыз, ис ын урс тæлытимæ къæхтæ.

Апрелы кæрон уырынгонтæ рахизынц, кæм фæзымæгиуат кæнынц, уыцы бынæттæй æмæ райдайынц агурын зайæгойты. Æхсынкъ урс тымбылæджы хуызæн æйчытæ æрæфтауы бæласы сыфтæрæн йæ бынаг фарсыл æмæ вæййынц 20-30 бæрц.

Цы зайæгойтыл фæзыны ацы æхсынкъ, уыдон сты бирæ – фæткъуы, кæрдо, атъами, хурма, сæнæфсир, цитрусон зайæгойтыл иууылдæр. Халсæрттæй та арæхдæр фæзыны помидорыл, хъæдурыл, джитрийыл, нартхорыл, афтæ ма фæзыны декоративон зайæгойтыл дæр. Цы бæлæстыл фæзыны, уыдонæн сæ дыргъты гъæд февзæрдæр вæййы, сдæрзæг вæййы сæ уæлцъар. Цитрустæ кæронмæ нал срæгъæд фæййынц, нал сбæззынц æмæ æмгъуыдæй раздæр æрызгъæлынц. Афтæ нал сбæззынц сæнæфсиры æмæ нартхоры гагатæ дæр. Памидортæ æмæ цывзытæ æмбийын рай-дайынц. Афтæ, уæдæ, ацы æхсынкъ нымад цæуы серьезон зианхæссæгыл. Цæвиттон Абхазы Гульрипшы æмæ Сухумы районты ацы æхсынчъыты фæзынды аххосæй атъамийы æрзад фæкъаддæр дыууæ хатты.

Адæймагæн морæгъуыз æхсынкъ ницы тасдзинад хæссы. Æрмæст ын вæййы æвзæр тæф æмæ гæнæн ис дæтта аллерги. Йæ ныхмæ тохгæнæн ис нырма æрмæстдæр иу амалæй – химикон æгъдауæй.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.