РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли Хæдбардзинад расидыны акт райсыны боны размæ  схорзæхджын кодта архайды алыгъуызон фадгуыты уæлдай хуыздæр кусджыты.

Паддзахады сæргълæууæг арфæ ракодта уыдонæн сæ патриотондзинады æмæ сæ хæстæ афтæ цæсгомджынæй кæй æххæст кæнынц, уый тыххæй.

«Мæнæн æхсызгон у уæ фенд нæ историйы ахæм нысаниуæгджын боны размæ. Æз райгонд дæн уыдонæй, кæцытæ сæ фæллойæ сæ хайбавæрд бахастой нæ республикæйы хæдбардзинадмæ. Хæдбардзинад расидыны акт у сæйраг документ, кæцы бæрæг кæны нæ паддзахады хæдбардзинад», – загъта Президент.

Алыгъуызон паддзахадон хорзæхтæ æмæ нæмттæ райстой тыхон структурæты службæгæнджытæ, культурæ æмæ ахуырады фадгуыты кусджытæ.

Хорзæхтæ дæттыны церемонийы Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса раарфæ кодта паддзахады сæргълæууæгæн, йæ фæллойадон архайдæн ын ахæм стыр аргъ кæй скодта, уый тыххæй.

«Дарддæр дæр кусдзынæн нæ республикæйы фæрныгадæн», – банысан кодта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.