Хæдбардзинады Акт райсыныл дзургæйæ, бамбарын хъæуы иу факт – хæдбардзинады Акт райстæуыд, Советон Цæдис кæй ныппырх, уый фæстиуæгæн. 1991 азы кæрон Советон Цæдис куынæ ныппырх уыдаид, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, 1992 азы Хуссар Ирыстоны  ренферендум дæр нæ ауагъдæуыдаид æмæ уый фæстæ хæдбардзинады Акт дæр нæ райстæуыдаид. Фæлæ Советон Цæдис куы ныппырх, уæд æмбæрстгонд уыд, Гуырдзыстонимæ иумæ Хуссар Ирыстонæн уæвынад кæнын мæлæты æнгæс кæй уыд. Уый фæстиуæгæн хъуыд архайын. 1991 азы кæрон скъуыддзаг æрцыд референдум ауадзын, уый фæстæ та хæдбардзинады Акт райсын. Нысан æрцыд референдум ауадзыны бон дæр.

Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы равзаргæ фæндоны ныхмæ уыдысты æрмæст Гуырдзыстон нæ, фæлæ Уæрæсейы Федерацийы уæды къухдариуæгад дæр, æгæрыстæмæй, Цæгат Ирыстоны къухдариуæгад æмæ Хуссар Ирыстоны иуæй-иу чиновниктæ дæр. Гуырдзыстон йæхæдæг хæстон хотыхтæй архайдта, Уæрæсейы Федерацийы æмæ Цæгат Ирыстоны къухдариуæгад та  гуырдзиæгты ардыдæй архайдтой дипломатон æгъдауæй хуссайраг ирæтты сæ «бынаты æрбадын кæнын». Референдум ауадзын бахъыгдарыны бафæлвæрдтытæ дæр уыд, фæлæ уыцы ныхдуртæ иуварс кæнгæйæ, референдум ауагъдæуыд.

Референдум æруромын Хуссар Ирыстоны «хæлæрттæн» сæ къухы  куынæ бафтыд, уæд æппæт æгъдауæй дæр архайдтой хæдбардзиады Акты райст ма бауадзын. Уавæр уыд тынг æндыгъд. Горæт æхст цыд стыркалиброн хæцæнгæрдзтæй, фæлæ æхстыты бын Цхинвалы уæды Советты Хæдзары Органон залмæ æрæмбырд тынг бирæ адæм – куыд депутаттæ, афтæ æхсæнады минæвæрттæ дæр. Æмæ минæты гыбар-гыбурмæ райст æрцыд хæдбардзинады Акт.

Ивгъуыд æнусы 90-æм азты Гуырдзыстоны æнæгуырдзиаг цæрджыты ныхмæ уæрæхмасштабон пропагандистон кампани цадæггай рахызт массон æгъдауæй адæймаджы бартæ халынмæ, уый фæстæ та Хуссар Ирыстоны ныхмæ æргом хæстон агрессимæ æмæ æнæхъæн Гуырдзыстоны ирæтты ныхмæ геноцидмæ.

1990-æм азы 20-æм сентябры уæды Хуссар Ирыстоны областон Совет фæндон рахаста Советон Цæдисы сконды республикæ расидыны тыххæй. Уæды уавæрты уый уыд нæ адæмы скуынæг кæнынæй бахъахъхъæныны иунæг мадзал. Фæлæ уæды Советон Цæдисы къухдариуæгад Хуссар Ирыстоны фæндон кæд æнæзакъоныл банымадтой, уæддæр дыууæ азы ахæм статусы уæвынад кодта нæ республикæ. Уыцы рæстæджы Советон Цæдис бонæй-бонмæ лæмæгъдæр кодта. Цæмæй Гуырдзыстон ССР Цæдисы скондæй рахызтаид, уый тыххæй Гуырдзыстоны Уæлдæр Совет рахаста уынаффæтæ, кæцытæм гæсгæ ивд æрцыдысты, Советон Гуырдзыстоны 1921 азæй фæстæмæ цыдæриддæр барадон акттæ ист æрцыдысты, уыдон. Уыцы нымæцы, 1922 азы Хуссар Ирыстон автономон областы хуызы Гуырдзыстоны Советон Социалистон Республикæйы скондмæ цы Декретмæ гæсгæ баконд æрцыд, уый дæр. Афтæмæй Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ дуне цы Гуырдзыстоны банымадта, уый сконды та иу бон дæр никуы уыд Хуссар Ирыстон.

1990-æм азы декабры мæйы уагъд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советмæ фыццаг æвзæрстытæ.

1991 азы 20 декабры Советон Цæдис бынтондæр хæлд куы æрцыдис, уæд дыккаг бон – 21 декабры Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет райста ахсджиаг документ – Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй Деклараци.

Нæ паддзахады арæзтады стыр къахдзæф уыд, 1992 азы 19 январы цы рефендум ауагъдæуыд, уый. Уæд нæ адæм æмхъæлæсæй загътой, кæй сты Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ Уæрæсеимæ йæ ахастытæ æввахсдæр кæныны фарс.

Цалынмæ историон документ – хæдбардзинад расидыны Акт нæ райстæуыд, уæдмæ цалдæр мæйы дæргъы Хуссар Ирыстонæн уыдысты трагикон бонтæ. Знаг тынгæй-тынгдæр сонт кодта, бацахста Присы къуылдым æмæ уырдыгæй æхста Цхинвалы горæты. Афтæмæй алы бон дæр мардысты сабыр цæрджытæ. Гуырдзиæгтæн табуйаг ницыуал уыд. Бынтон сырдон ми та сын уыд 20 майы  Зары фæндагыл сылгоймæгты, зæрæдты æмæ сывæллæтты ныццæгъдын. Ацы трагикон цаутæн цæмæй кæрон æрцыдаид, уый тыххæй Хуссар Ирыстоны уæды Уæлдæр Советы фыццаг сæвзæрст депутатты, Хъуылымбегты Торезы сæргълæудæй, бахъуыд ахъуыдыгонд, куырыхон уынаффæ рахæссыны сæр. Æмæ уæд – 1992 майы кæрон, Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет ауагъта сесси. Сесси цыд дыууæ боны – 28 æмæ 29 майы. Ацы сессийы уый фæстæ адæмæй иутæ хондзысты «цырæгътимæ сесси», чи та – «хъысмæтскъуыддзаггæнæн сесси». Æмæ раст уыдзысты, уымæн æмæ горæт уыд блокадæйы, электроны рухс дæр-иу арæх ахуыссын кодтой гуырдзиæгтæ, æниу-иу æй арæх нæ ахуыссын кодтой, фæлæ-иу æй стæм хатт радтой, сесси куы райдыдта, уæд дæр ахуыссыд рухс æмæ депутаттæ хæдзæрттæй æрхастой чи – парафины цырагъ, чи – фæтæгены лампа æмæ уыдоны рухсмæ, тæссаг уавæрты ауагътой æцæгæй дæр хъысмæтскъуыддзаггæнæн сесси. Уый уыд, гуырдзиаг агрессортæ нæ горæтмæ æхсæвæй-бонæй куы бырстой, нæ хъæутыл нын арт куы бандзæрстой æмæ сæ цъыбыртты сыгъд куы бакодтой, уæд. Сессийы адæм залы бадтысты, æддейæ та хъуыст минæты рæмыгътытæ æмæ хæдæхсты къæркъæр.

29 майы  ацы сессийы, нацийы хæдуагæвæрды бар бахынцгæйæ, æмæ референдумы фæстиуджытæ юридикон æгъдауæй бафидар кæныны нысанæн райстæуыд историонæй ахсджиаг документ – Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт. Акты райстыл залы адæм сæмбæлдысты стыр æхсызгондзинады æнкъарæнтимæ æмæ сæ къухæмдзæгъдæй банымæг кодтой минæты рæмыгътытæ дæр.

Хæдбардзинады Акт райсыны фæстæ депутаттæ куырдиаты фыстæджытæ арвыстой Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадмæ, Иугонд Нациты Организацийы бæстæтæм, цæмæй нын банымадтаиккой нæ хæдбардзинад, æцæгæй нæ 2008 азы 26 августы бонмæ æнхъæлмæ кæсын бахъуыд  16 азы.

Хуссар Ирыстоны уæды къухдариуæгады ацы нысаниуæгджын Акт райсыны сæр бахъуыд, республикæйы адæмæн, ирон æвзагæн, йæ культурæйæн скуынæгæй тас кæй уыд, уый сæраппонд. Уыцы стыр барадон къахдзæфы ахадындзинад æмæ ахсджиагдзинадыл дзурæг у уый дæр, æмæ нæ абоны хæдбар паддзахады 29 май у стыр бæрæгбоныл нымад.

Уыцы сессийæн ма йе стыр нысаниуæг уый мидæг дæр ис, æмæ уæд арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг хицауад – Республикæ Хуссар Ирыстоны Министрты Совет. Уыцы хицауады сконды фыццаг хатт фæзынд Фæсарæйнаг                хъуыддæгты министрад. Уый тыххæй уынаффæ ист æрцыд 28-æм майы æмæ уыцы бон нымад у Хуссар Ирыстоны дипломатийы боныл.

Республикæ расидыны фæстæ республикæйы къухдариуæгад æмæ адæм æрæвнæлдтой паддзахадон институттæ аразынмæ. Кæд адæммæ нæ уыд паддзахадон арæзтады фæлтæрддзинад, уæддæр сæ алы къахдзæф дæр юридиконæй уыд раст æмæ фæдфæдылон.

1992 азы 29 май баззайдзæн ахæм цауæй, кæцыйы ахсджиагдзинад бонæй-бонмæ, азæй-азмæ ирдæй-ирддæр зындзæн æмæ æнусты дæргъы нæ нымæг кæндзæн. Махæн уыцы бон у æмæ дарддæр дæр  уыдзæн историон рæстдзинады уæлахизы, сæрибардзина-ды символ.

Фыццаг сæвзæрст депутатты нæмттæ та сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы, уый тыххæй сын акаг аргъ скодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид дæр, паддзахадон хорзæхтæй сæ схорзæхджын кæнгæйæ, уымæн æмæ уыдон сæ цардыл нæ ауæрдгæйæ, сæ адæмы раз бæрндзинад æнкъаргæйæ æмæ 1992 азы 29 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинадæн фидар бындур æрæвæргæ-йæ, ныфсхастæй цыдысты  размæ, афтæмæй сæ принципиалондзинад æмæ стыр патриотизмы æнкъарæнтæй æрæввахс кодтой 2008 азы 26 августсты бон – Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад банымайыны бон.  Уæд нын нæ хæдбардзинад, нæ сæрибардзинад банымадта иууыл фыццаг Уæрæсе, уыцы Стыр Уæрæсе, кæцы нæ уый хæдразмæ – 2008 азы августы астбонон хæсты рæстæджы мæлæтæй фервæзын кодта, Гуырдзыстоны тыхæй сабырдзинадмæ æркæнгæйæ  æмæ абон нæ адæм цæрынц сæрибар бæстæйы, уыцы Стыр Уæрæсейы æфсымæрон æххуысæй æндидзы нæ республикæ, йæ инфраструктурæ, уыцы Стыр Уæрæсейы фæрцы, кæцы у Хуссар Ирыстоны стратегион партнер, кæцыимæ нын абон арæзт ис Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырд, нæ адæм, нæ фæсивæд абон цæуынц рухс фидæнмæ.

Хæдбардзинады Акт райсыны бонæй абоны онг рацæугæ фæндагыл нæ цæст ахæсгæйæ, фенæн ис республикæ йæ хуыз хорзæрдæм кæй фæивта, уымæн. Кæд нæ хæдбардзинад æгæрон аргъæй, бирæ тугæй, æвзонг удтæй æлхæд æрцыд, уæддæр Хуссар Ирыстоны адæм, республикæйы къухдариуæгады политикæйы фарс хæцгæйæ, тырнынц сæ хæдбардзинад – сфидар кæнынмæ, Уæрæсеимæ æнгомдæр интеграцимæ. Респуб-ликæйы æмбæстæгтæм ис дывæр æмбæстагдзинад хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг. Фениксау æртхутæг æмæ пырхæнтæй сæндидзыдта нæ горæт дæр, сырæзт ног микрорайонтæ, горæты цæрджытæ ифтонг сты  электроны рухс, æрдзон газ  æмæ донæй, горæт бонæй-бон рæсугъддæр кæны, уæлдайдæр æм изæрыгон уæлвонг бынатæй куы ракæсой, уæд йæ рæсугъддзинадæй сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæны, æппæт уыцы рæстæджы дæргъы республикæйы чи цард, уыдонмæ, рæзынц фæндæгтæ куыд горæты, афтæ районон центртæм дæр. Цæрæнбонты рæстмæ уæрдонвæндаг цы хæххон хъæутæм нæ уыд, уырдæм дæр сырæзт фæндæгтæ æмæ сыл абон сæрибарæй згъорынц рог автомашинæтæ, уагъд сæм æрцыд электроны рухс, нуазыны дон. Республикæйы арæзт æрцыд æмæ ноджыдæр арæзт цæуынц ног скъолатæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ, медицинон уагдæттæ, спортивон фæзуæттæ, залтæ. Активон куыст цæуы Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмтеатры бæстыхайы арæзтадыл, Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университуты корпусы арæзтадыл. Республикæйы адæм регуляронæй исынц аккаг пенситæ, куыстмыздæ. Зæгъæн ис, нæ ивгъуыдæй нæ абон бирæ хуыздæр у, æмæ мæ ныфс ис, нæ фидæн уыдзæнис ноджы хуыздæр.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.