Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады Акт райсыны боныл 29-æм майы сæххæст 26 азы. Уый цытæн 30-æм майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмбырдгæнæн залы уагъд æрцыд цытджын æмбырд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй. Цытджын æмбырдмæ хуынд æрцыдысты нæ  республикæйы раздæры  президенттæ Цыбырты Людвиг, Тыбылты Леонид, РХИ-йы Парламенты æппæт сæвзæрстыты депутаттæ, интеллигенцийы æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Æмбырды райдианы айзæлыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимны зæлтæ. Уый фæстæ æмбырд  байгом кодта РХИ-йы Национ политикæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Гæбæраты Юри. Уый йæ ныхасы рæстæджы банысан кодта ацы боны историон егъау нысаниуæг. Цытджын æмбырдмæ  æрбацæуджыты  зæрдæйыл æрлæууын кодта, бирæ тых æмæ хъару кæй бахъуыд, ацы хъуыддагыл чи архайдта, нæ уыцы æмбæстæгты æмæ сын æппæт зын уавæртæм нæ кæсгæйæ сын æнтысгæ дæр бакодта.

Уый фæстæ  цытджын æмбырды ныхасы бар лæвæрд æрцыд  фæсконфликтон уавæртæ æрбæстон кæныны фарстаты фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Муратæн. Уый арфæйы ныхæстæ загъта залы бадджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, 29-æм майы нысан кæнæм нæ республикæйы ахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иу: «29-æм майæн нæ республикæйы историйы ис йæхи сæрмагонд бынат. Уыцы бон 1992 азы нæ республикæйы уæды Сæйраг Советы сессийы райст æрцыд тынг ахсджиаг документ – Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй Акт. Æз уæд мæхæдæг дæр уыдтæн Сæйраг Советы депутат æмæ хорз хъуыды кæнын уыцы дыууæ боны – 28 æмæ 29 майы рабадтыты куыд тынг зын æмæ уæззау уавæрты куыстам,  уый. Уымæн æмæ мах мидæгæй куы уагътам рабадтытæ, уæд æддейæ та гуырдзиаг сармадзаны æхстыты хъæр цыд. Æмæ æппæт уыцы зын уавæртæм нæ кæсгæйæ, мах райстам нæ республикæйæн иууыл ахсджиагдæр документтæ. Арæзт æрцыд РХИ-йы Хицауад, арæзт æмæ фидар æрцыдысты хицауады органтæ æмæ иууыл ахсджиагдæр та Ирыстоны æмбæстæгтæн ссис,  Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады   тыххæй Акт райст кæй æрцыд, уый», – банысан кодта Джиоты Мурат. Уый  загъта, зæгъгæ, нæ паддзахад дарддæр дæр рæзы куыд политикон фадыджы, афтæ культурон, ахуырадон, хъæууонхæдзарадон æмæ æндæр фадгуыты. 2008 азæй фæстæмæ нæ республикæ у Уæрæсе æмæ æндæр паддзахадты ‘рдыгæй нымад. Уыцы процесс дарддæр цæуы. «Уымæн та æвдисæн ссис, ацы аз 29 майы нын нæ республикæйы хæдбардзинад кæй банымадта Сириаг Арабаг Республикæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, егъау политикон къахдзæф у. Æмæ мæн  ныфс ис,  нæ паддзахады хæдбардзинад нын æндæр паддзахадтæ дæр кæй банымайдзысты, уымæй.

Бæрæгбонон мадзалы ныхасы рацыд Президент Бибылты Анатоли.

– Кæй зæгъын æй хъæуы, абон ирон адæмæн у стыр бæрæгбон. Ацы бæрæгбонæн  цы ахсджиаг нысаниуæг ис, уый махæй алчидæр зоны. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ уыцы бонæй абоны бонмæ цы егъау куыст æрцыдис, ууыл куыстой æмæ кусынц не ‘мбæстæгтæй бирæтæ сыгъдæг зæрдæйæ, æнувыдæй, куыстой Ирыстоны сомбоны тыххæй,  цæмæй нæ цард  цадæггай хуыздæр кæна. Уыцы зын рæстæг мах баивтам сæрибар-дзинадыл, Уæрæсеимæ æнгом ахастытæм тырнгæйæ, – загъта Президент. Уый бузныджы ныхæстæ загъта, уыцы зын рæстæджы  нæ республикæйæн чи къухдариуæг кодта, уыдонæн. Уымæн æмæ уыдон архайдтой  æмæ куыстой Ирыстоны рæсугъд сомбоныл: «1992-æм азы цы бындур æвæрд æрцыд, уыцы бындур мах хъуамæ хъахъхъæнæм куыд  нæ иумиаг хæдзар, афтæ. Уыцы  хæдзарæн йæ ном  у Хуссар Ирыстон.  Мах иумиагæй хъуамæ архайæм ууыл, цæмæй  фидардæр бындур æрæзт æрцæуа æрмæст сомбонæн нæ, фæлæ æнустæм», – банысан кодта Президент.

Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, 26 азы размæ, 1992 азы 29 майы Сæйраг Советы депутаттæ Хъуылымбегты Тъорез Георгийы фырты сæрдариуæгадæй æмзондæй хъæлæс радтой Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады Акт райсыны тыххæй.

– Ацы ахсджиаг историон цауы размæ уыдысты хæстон æмæ гарзджын ныхмæлæуды азтæ. Уыдон уыдысты гуырдзыйы ныхмæ Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты азтæ. Уæды Гуырдзыстоны къухдариуæгад æрлæууыд неофашистон режимы фарс.  Æрхъавыдысты æнæгуырдзиаг адæмты карзæй дæлдзиныг кæнынмæ, æмæ ахæм уавæрæн политикон барты юридикон гарантитæ саразынмæ. Хуссар Ирыстоны закъонон бафæлвæрдтытæн дзуаппæн Гуырдзыстон 90-æм азты йæ ныхмæ расидт хæстон агресси. Кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстон не ‘рлæууыд йæ зонгуытыл. Фыдыбæстæ хъахъ-хъæнынмæ растадысты хæдхъахъхъæнынады тыхтæ, хъæбатырæй тох кодтой знаджы ныхмæ.

Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны Сæйраг Совет иста юридикон æгъдауæй хъæуæг мадзæлттæ, Хуссар Ирыстоны адæмы хæдуагæвæрды, закъонон хихъахъхъæнынады тыххæй арæзт æмæ фидар цыдысты паддзахады барадон бындуртæ, – банысан кодта республикæйы сæргълæууæг.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, хæдбардзинады барадон бындуртæ аразыны тыххæй арæзт æрцыд къорд фæдфæдылон къахдзæфы. 1991 азы 21 декабры Сæйраг Советы депутаттæ райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй Деклараци. 1992 азы 19 январы ауагъд æрцыд референдум, цыран не ‘мбæстæгты фылдæр хай хъæлæс радтой Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады æмæ Уæрæсейы Федерациимæ баиуы пайдайæн. Бæстæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй уыцы референдумы бындурыл 1992 азы 29 майы райст æрцыд хæдбардзинад расидыны тыххæй Акт, кæцы хæдбардзинады барадон рæзтæн ссис ахсджиаг элемент: «Ацы документы райстæй кæронмæ арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Æмæ кæд Хуссар Ирыстоны адæм хæдбардзинад расидтысты, уæддæр Гуырдзыстон уымæ нæ кæсгæйæ, сфæнд кодта ирон адæмы басæттын. Знаджы тыхтæ бирæ фылдæр кæй уыдысты, уый æппындæр нæ урæдта ирон хæстонты æмæ уыдон æппæт амæлттæй дæр пайда кодтой, цæмæй знаджы Фыдыбæстæйы зæххæй фæсурой. Уæрæсейы Федераци та ацы хæстон цауы рæстæджы равдыста ныфсхастдзинад æмæ дипломатон хиуылхæцындзинад æмæ 1992 азы 24 июны Гуырдзыстон йæ къух æрфыста сабырадон сразыдзинæдтыл, кæцыты фæстиуæгæн 1992 азы 14 июлы Хуссар Ирыстонмæ æрбаконд æрцыдысты сабырад бахъахъхъæныны тыххæй æртæфарсон  фидауынгæнæг  тыхтæ.

Нæ республикæ æнæдызæрдыгæй размæ цыд, куыд суверенон паддзахад, афтæ иунæг хатт дæр нæ фæдызæрдыг 1992 азы 19 январы референдумы рæстæджы адæмы равзæрстыл æмæ йæ сфидар кодта хæдбардзинад расидыны тыххæй Акт райстæй. Уый уыд иунæг фадат, цæмæй нæ адæмæн, нæ кæстæртæн уа сабыр æмæ рæсугъд сомбон. Мах цæттæ уыдыстæм  æмæ стæм уыцы фæндтæ бахъахъхъæнынмæ. 2008 азы 26 августы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад нымад æрцыд Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй, уый фæстæ та йæ цалдæр бæстæйы банымадтой. Банымады Актæй фидар æрцыдысты РХИ-йы хæдбардзинад æмæ хæдуагæвæрды барты сæрыл тохы нæ адæмы уæлахиз, уый фæстиуæгæн Уæрæсейы Федерациимæ арæзт æмæ къухтæ фыст æрцыдысты æхсæнпаддзахадон ахастытæ æмæ бадзырдтæ, кæцытæ баст сты нæ республикæйы райрæзт æмæ æндидзынимæ, – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

– Ацы егъау бæрæгбоныл мах абон  æхсызгон зæрдæйы уагимæ сæмбæлдыстæм, уымæн æмæ нын нæ республикæйы хæдбардзинад нын банымадта Сириаг Арабаг Республикæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын историон цау у. Республикæйы къухдариуæгад æппæт дæр араздзæн, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны позицитæ дарддæр дæр хъахъхъæд æмæ фидар цæуой дунеон политикон аренæйыл, загъта Бибылты Анатоли.

Президенты раныхасы фæстæ бæрæгбонон адарддæр бæрæгбонон концертæй.

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.