РХИ-ЙЫ ПРЕЗИДЕНТ БИБЫЛТЫ АНАТОЛИЙЫ РАНЫХАС  РЕСПУБЛИКÆ  ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПАДДЗАХАДОН ХÆДБАРДЗИНАД РАСИДЫНЫ  АКТЫЛ 27 АЗЫ СÆХХÆСТЫ СÆРАППОНД ЦЫТДЖЫН ÆМБЫРДЫ

Цытджын æмбæстæгтæ!

Зынаргъ хæлæрттæ!

Цхинвалы абоны бæрæгбоны цытджын мадзæлттæ райдыдтой республикæйы фыццаг къухдариуæггæнæг Хъуылымбегты Торез Георгийы фырты мемориалон бюст байгом кæныны церемонийæ. Йæ номимæ æнæфæхицæнгæнгæйæ баст у республикæйы сырæзт, суверенон паддзахаддзинады барадон арæзт. Торез Георгийы фырт фыццаг ралæууыд Хуссар Ирыстоны автономон областы республикæ  раивыны фæндонимæ æмæ йæ къухфыст ис 1992 азы 29-æм майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы историон уынаффæйы бынмæ, кæцыйæ ист æрцыд паддзахадон хæдбардзинад расидыны тыххæй Акт. Ацы монумент у уыцы адæмы мысынады нысаниуæгджын бон, кæцытæ историйы фæзилæн рæстæджы цæттæ уыдысты сæхи нывондæн æрхæссынмæ сæ Фыдыбæстæйы сæрвæлтау, у адæмы патриотон хъайтардзинады мысæн бон.

27 азы рацыд уыцы хъысмæтскъуынæн бонæй, уæд Хуссар Ирыстон сарæзта йæ æнæфæзилгæ æмæ кæройнаг равзæрст. Паддзахадон хæдбардзинады тыххæй Акты фæдыл референдумы адæм цы фæндондзинад равдыстой, уый сфидар кодтой легендарон фыццаг æрсидты депутаттæ, кæцы сбæрæг кодта нæ республикæйы дарддæры æппæт историйы цыд.

Хæдбардзинады расидт бæрæг æрцыд цалдæр азы дæргъы цауты рæзты логикæ æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы историон фæлтæрддзинадмæ гæсгæ. Ирæтты фæлтæртæ сæ зæрдыл дардтой 1920 азы трагедийы, уæд хæдбардзинад райсæг Гуырдзыстон тугæйдзаг геноцид сарæзта æмбар æмæ сæрибардзинадмæ  тырнæг Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ.  Уый фæстæ дæр меньшевикон раздзогты фæдонтæ адæмты хæлардзинады æмæ социалистон интернационализмы тыххæй фразæты бын арæзтой æппæт дæр Хуссар Ирыстоны национ басасты тыххæй, кæцыйы цæдисон хицауад бакодта Советон Гуырдзыстоны скондмæ, Уæрæсейы сконды Цæгат Ирыстонимæ баиу кæнынмæ нæ адæмы фæндондзинад æмæ тырнындзинадмæ нæ кæсгæйæ. Пайда чындæуыд æппæт æнцонвадат методтæй  репресситæ æмæ национ элитæйы куынæг кæнынæй, ирон фыссынад сæхгæнынæй, ирон æвзагыл скъолаты ахуыр кæнынæн æмæ хъуыддагдар уадзынæн бар нæ дæтгæйæ, æнæбыхсгæ экономикон уавæртæ саразгæйæ æмæ автономийæ æддæ-мæ ирæтты миграцимæ æркæныны онг.

Советон Цæдисы кризисы рæстæ-джы, цыран райдыдтой æддæскъæф процесстæ, радикалон националисттæ Гуырдзыстоны сфидар кодтой сæ диктатурæ. Гуырдзыстоны ‘рды-гæй цæхгæр фæтыхджындæр æнæ-титулон адæмтыл æндæвдад. Хуссар Ирыстоны, цыран сæрæгас сты нырма, 1920 азы геноциды тæссаг трагедийы йæхи цæстæй чи федта, ахæм адæймæгтæ, тынг хорз æмбæрстой æввахс фидæны цæмæ æнхъæлмæ кæсæн уыд, уый.

Хуссар Ирыстоны ма ныфс уыд автономийы барадон гарантитæ сфидардæр кæнынæй, фæлæ Тбилисæй цæуын райдыдтой сигналтæ автономи аивыны тыххæй. Барад бахъахъхъæнынмæ Цхинвалы бафæлвæрдтыты ныхмæ Гуырдзыстон рахызт тыхон акцитæм, Хуссар Ирыстоны æнцонтæй басæттынмæ хъавгæйæ æмæ æндæр автономи – Абхазмæ фæндвидар æрбабырсты размæ репетицитæм.

Хуссар Ирыстоны бахъуыд тыхæйхъаргæ æнæмсæр тох райсыны сæр. Ирон отрядтæ сæ туджы мæцыдысты, агрессоры тыхтæ уромгæйæ, кæцытæ уыдысты нымæцæй бирæ фылдæр. Фæлæ уæддæр æвзонг паддзахаддзинады легитимондзинады бындуртæ арæзт куынæ æрцыдаиккой, уæд ирон адæмы иууыл хъайтарондæр æмæ удуæлдай тохæн фæстиуджытæ нæ уыдаид. Практикон æгъдауæй фронтон уавæрмæ нæкæсгæйæ, республикæйы Уæлдæр Совет кодта егъау куыст хихæдуагæвæрд æмæ хи бахъахъ-хъæнынмæ Хуссар Ирыстоны барты тыххæй юридикон бындур сфидар кæныны фæдыл, паддзахаддзинады барадон бындуртæ аразгæйæ.

1991 азы 21-æм декабры Уæлдæр Совет райста Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй Деклараци, кæцыйы æвварс рахæцыд æмбæстæгты фылдæр хай 1992 азы 19-æм январы. Референдуммæ хаст æрцыдысты дыууæ фарсты: Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ Уæрæсейы Федерациимæ æрбаиу уæвын. Дыууæ фарсты дæр æмбæстæгтæ хорзыл банымадтой практиконæй æмхъæлæсæй.

Уыцы рæстæджы республикæйы алыварс хæстон уавæр вазыгджындæр кодта. Гуырдзиаг боевиктæ арæзтой ног æмæ ног æгъатыр фыдракæндтæ сабыр цæрджыты ныхмæ. 20-æм майы Зары фæндагыл фехс-той ирон лигъдæтты колоннæ. Цхинвалы алыварс ирон хъæутæ сыгъдысты, æмæ горæт та уыд æппынæдзух æхстыты бын. Бæрæг уыд, Шеварднадзейы чи раивта, уый – Гамсахурдия, кæй фæнд кæны дарддæр дæр, ирæтты куынæг кæнын. Уæззау уавæры бахауæг республикæ сарæзта фæндвидар къахдзæф хæдбардзинад кæронмæ саразыны тыххæй. 1992 азы 29-æм майы Уæлдæр Совет райста паддзахадон хæдбардзинад расидыны Акт.

Хæдбардзинад расидын нæ нысан кæны, æмæ уый банымайдзысты æндæр паддзахадтæ дæр, фæлæ дунемæ арвиты сæрибардзинадыл тохгæнæг адæмы фæндвидардзинад æмæ нысаны фæдыл ныстуан. Æмæ кæд хæст дарддæр кодта ноджы æгъатырдæрæй, æмæ хæдбардзинад банымайыны бонмæ рацæуын хъуыд дæргъвæтин фæндагыл, уæддæр нæ адæм фидарæй æмæ æнæ-фæзилгæйæ аскъуыддзаг кодтой: Хуссар Ирыстон никуы банымайдзæн йæхиуыл Гуырдзыстоны юрисдикци.

1992 азы Хуссар Ирыстоны зæххмæ сабырдзинад æрхаста Уæрæсе. Бæстæйы къухдариуæгад дырысæй федта, гуырдзыйы агресси Кавказы сабырад æмæ стабилондзинадæн цы тасдзинæдтæ хæссы. Сабырдзинадмæ фидарæй сидтытæ Тбилис ницæмæ дардта. Уæрæсейы Федерацийы бахъуыд карз фæндондзинад равдисын. Гуырдзыстонæн æндæр гæнæн нал уыд, æмæ 1992 азы 24 июны йæ къух æрфыста сабырад æрбæстон кæныны тыххæй Сочийы сразыдзинадыл. 1992 азы 14 июлы Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхтæ.

Сабырадон цардмæ раздæхын фадат радта демократон бындуртыл паддзахаддзинады дарддæры рæзтæн. Æппæт социалон-экономикон проблемæтæ æмæ зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, республикæйæн цыбыр рæстæгмæ йæ бон бацис паддзахадон хицауиуæгады системæ æмæ управлени саразын.

Нымад паддзахадмæ нырма бирæ азтæ хъуыд. Ноджы дыууæ хатты хæсты цæхæр æрцыд нæ зæххмæ  2004 æмæ 2008 азты, фæлæ Хуссар Ирыстон никуы раразмæ кодта фарст 1992 азы 29 майы раст равзæрсты тыххæй.

Адæмы уырны – бирæ, дæсгай æмæ сæдæгай фæлтæрты тугæй æхсад Фыды-бæстæйы зæххыл цæрыны бар сифтонг кæныны тыххæй  уыд иунæг раст фæндаг, цæмæй нын нæ зæххыл уыдаид сæрбæрзондæй цæрыны бар æмæ нæ фидæн нæхи бар уыдаид. Æндæр равзæрст фæндаг нысан кодтаид,  зæххыл аланты адæм кæй нал уыдаиккой.

2008 азы августы Уæрæсе ногæй æххуысмæ æрцыд Гуырдзыстонимæ хæсты тохгæнæг Хуссар Ирыстонмæ æмæ агрессоры тыхæй æркодта сабырадмæ, 2008 азы 26 августы та Уæрæсейы Федерацийы Президент Дмитри Анатолийы фырт Медведев йæ къух æрфыста Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны тыххæй Барамындыл. Уый уыд алыварсонæй барст, рæстагон æмæ фидар æхсæнадæмон-барадон фундаментыл æнцойгæнæг уынаффæ. Уæрæсе нын нæ хæдбардзинад кæй банымадта, уый Фыдыбæстæйон хæсты æрмæст Хуссар Ирыстоны адæмы уæлахиз нæ нысан кодта, фæлæ йæ дарддæры рæзтæн байгом кодта бынтон ног фадæттæ.

Нымад паддзахады хуызы Хуссар Ирыстон æнтыстджынæй аразы Уæрæсейы Федерациимæ ахастытæ. Уæрæсейæ хуыздæр æмбалæн æмæ кæронмæ кæрæдзийыл æууæнчы дыууæфарсон ахастыты бæрзонддæр æмвæзадæн гæнæн дæр нæй. Уымæн æндæр гæнæн нæ уыд, нæ адæмы фæлтæрты фæлтæрддзинад нæ Уæрæсеимæ бæтты монон иудзинады, адæймагон ахастыты, хæстон æфсымæрдзинады фидар тæгтæй.

Мах Уæрæсейы Федерациимæ иумæ æнтыстджынæй цæуæм интеграцийы фæндагыл. Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды расидтæрцæуæг Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æдасдзинады тыгъдад баиу кæнын биноныг æрцыд царды, нæ адæмы æдасдзинады фидар гарантитæ сифтонг кæнгæйæ. Интеграцион процессты рæзты сæраппонд дарддæр кусгæйæ, нæ иудзинад сфидар кæныны тыххæй мах пайда кæнæм æппæт байгомуæвæг фадæттæй дæр.

Ныры фæлтæртæм æрхауд нæ Фыды-бæстæйы æндидзынад æмæ дидинæфтыд феныны амонд. Нæ цæстыты раз Хуссар Ирыстон сыстад йæ пырхæнтæй, аразы сабырадон цард æмæ размæ цæуы ног æнтыс-тытæм.

Æнтыстытæ банысан кæнгæйæ, нæ зæрдыл лæууы, нæ паддзахаддзинадæн бындур бирæ азты размæ æвæрд кæй æрцыд.

Мах нæ сæрæй ныллæг кувæм æмæ цыт кæнæм, нæ бæстæйы паддзахаддзинад расидыны æмæ аразыны хъуыддаджы хайад чи райста, уыдонæн, Райгуырæн бæстæйы тыххæй æд хæцæнгарз чи тох кодта, йæ фæллойæ йæ хайбавæрд чи хаста Хуссар Ирыстоны æндидзынадмæ, æппæт уыдонæн. Уыдонæй бирæтæ нал сты нæ фарсмæ.

Иу минут æмырæй алæугæйæ сын ссарæм сæ рухс нæмттæ.

* * *

Цытджын æмбæстæгтæ!

Абоны цытджын бæрæгбон у ахсджиаг историон боны цытæн, кæцы нысан кæны Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады райдиан тæпп. О, фæлæ йæ историондзинадæй ацы бон здæхт у фидæнмæ.

27 азы размæ райстæрцæуæг Хæдбардзинады акт махæн баззайдзæн иузæрдион ориентирæй, дарддæры рæзты фæндæгтæ ны-сан кæнгæйæ. Уыцы ориентирмæ гæсгæ, республикæ рахызт паддзахаддзинады ног, бæрзонддæр æмвæзадмæ.

Абон Республикæ Хуссар Ирыстоны территориалон æнæхъæндзинадæн, суверенитет æмæ æдасдзинадæн фидар гарант у Уæрæ-сейы Федераци.  Стыр Уæрæсейы æххуысы руаджы мах бахъахъхъæдтам нæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад, абон та ныфсимæ кæсæм нæ фидæнмæ.

Не ‘нтыстыты фидар бындур у 1992 азы 29 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт.

Арфæ  кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт адæмæн Хæдбардзинады боны цытæн!

Уадз, сабырад, дидинæфтыд æмæ фи-дæны ныфсхастдзинад макуы ныууадзæт Ирыстоны!

 Уадз, алы бинонтæ, алы хæдзар дæр фæрнджын æмæ амондджын уæд!

Дунескæнæг Хуыцау æмæ Уастырджийы фæдзæхст уæд нæ Ирыстон æмæ нæ адæм!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.