Æрæджы нæ республикæйы хæдбардзинад баны-майыныл 10 азы сæххæсты цытæн тыхон структурæтæй цалдæр лæппуйы, нæ бæстæйы сæргълæууæджы бахæсмæ гæсгæ схызтысты Эльбрус æмæ Хъазбеджы хæхты цъуппытæм æмæ дзы æрсагътой ирон, уырыссаг æмæ сириаг республикæты паддзахадон тырысатæ.

13-æм сентябры уыдоны йæхимæ райста Бибылты Анатоли æмæ сæ схорзæхджын кодта «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы 10 азы нысан кæныны» майдантæй.

«Эльбрусы хох денджызы æмвæзадæй 5642 метры бæрзонддæр у. Сымах уырдæм схызтыстут, республикæйы хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты цытæн. Схызтыстут Эльбрус æмæ Хъазбеджы хæхты цъуппытæм, æрсагътат дзы ирон, уырыссаг æмæ сириаг паддзахадон тырысатæ. Ирыстоны историйы уæ нæмттæ фыст æрцæудзысты. Сымах цæвиттойнаг уыдзыстут фидæны фæлтæрæн, уыдон та сæрыстыр уыдзысты сымахæй, уæ хъæбатырдзинад, физикон фæразондзинад æмæ райгуырæн зæхмæ уарзондзинадæй», – загъта Президент.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый сæрыстырдзинад æнкъары лæппутæм кæсгæйæ. Президенты зæрдæ сын загъта, цæмæй фидæны сæ къухы бафта ноджы стырдæр æнтыст. «Дунейы иууыл бæрзонддæр хохыл нымад у Джомолунгма, уырдæм схизын дæр уын цы бантыса æмæ йæ цы басæттат, уый уын зæгъы мæ зæрдæ!».

Хорзæхтæ æмæ арфæтæ райсыны фæстæ лæппутæ Президентæн радзырдтой, хæхтæм схизыны рæстæджы цы тæлмæнтæ банкъардтой, уыдоны тыххæй.

«Альпинизм мæ зæрдæмæ рагæй цыд. Æнцон кæй нæ уыдзæн ахæм бæрзонд хæхтæм схизын, уый дæр æмбæрстам не ‘ппæт дæр. Фæлæ нæхицæн дзырд радтам, дæ разы  нæхи кæй нæ фæхудинаг кæндзыстæм æмæ фæхæццæ кодтам нæхи, Уæрæсе æмæ Сирийы адæмы паддзахадон тырысатæ æрсагътам Эльбрус æмæ Хъазбеджы бæрзæндтыл», – загъта лæппутæй иу  Багаты Марат.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.