РАППÆЛИНАГ У СÆ АРХАЙД

Фæстаг азты бирæ ивындзинæдтæ цæуы нæ царды хорзæрдæм. Уыдонæй сæ иу у, нæ горæт кæй сыгъдæгдæр æмæ рæсугъддæр кæны, уый. Афтæ кæй у, уый æнæфæхатгæ нæ фæуыдзæн нæ горæты алы цæрæг дæр. Алы горæтæн дæр йæ рæсугъддзинадыл дзурæг сты, канд йæ аив бæстыхæйттæ, уынгтæ нæ, фæлæ йæ цъæхдарæнтæ, цæстæнгас сæхимæ чи здахынц, уыцы алыгъуызон дидинджытæ, декоративон бæлæстæ. Уыдон та домынц зилын.

Ацы куыстытæ æппынæдзух æххæст кæныныц нæ горæты хæрзарæзтады ком-бинаты кусджытæ. Ацы бонты дæр та уыдон срæсугъд кодтой Хетæгкаты Къостайы уынджы иу хайы газонтæ, театралон фæзуатæй аптекæйы онг. Цы сыджыт æм æрбаластой, уый тротуартыл лæгъз кодта чысыл трактор, кусджытæ та йæ цæттæ кодтой кæрдæг байтауынмæ. Уыдон архайдтой цæрдæг, цæмæй сæ куыст рæстæгыл бакæной, уымæн æмæ сын бирæ ахæм бакæнинаг хъуыддæгтæ ис. Къостайы уынгæй уыдон ацæудзысты Хъайтарты уынгмæ æмæ уым дæр фæткмæ æркæндзысты газонты, стæй дзы цы декоративон къутæртæ ис, уыдоны.

Хæрзарæзтады комбинаты цъæхдарæнты хайады дизайнер Пæррæстаты Иринæ куыд зæгъы, афтæмæй уыдон кæрдæг байтаудзысты горæты администрацийы агъуысты раз газонты дæр. Уый фæстæ ахиздзысты æмæ сæ куыст бакæндзысты æндæр уынгты дæр.

Афтæ, уæдæ, цъæхдарæнты хайады кусджыты куыст у раппæлинаг, уымæн æмæ ирдæй зыны сæ куыстæн кæй ис фæстиуджытæ.

ХÆССЫНЦ СÆ ХАЙБАВÆРД ГОРÆТЫ  РÆСУГЪДДЗИНАДМÆ

Фæстаг рæстæджы фылдæрæй фылдæр кæнынц, нæ горæты хисæр-магонд хæдзæртты цæрджытæй сæ хæдзæртты раз чи аив кæны, уыдоны нымæц дæр. Уыдон газонты ныссадздзысты алыгъуызон дидинджытæ, декоративон къутæр-бæлæстæ æмæ сæм зилынц, куыд сæ хæдзары кæртмæ, афтæ. Сыгъдæгæй дарынц сæ хæдзæртты акомкоммæ тротуарты дæр. Цæстæнгас сæхимæ здахынц сæ рæсугъддзинад æмæ сыгъдæгдзинадæй. Чи сæм зилы уыдон райсынц, цæуджыты бирæнымæц арфæтæ. Уыдон æрмæст сыгъдæгдзинад æмæ рæсугъддзинад нæ уарзынц, фæлæ уарзынц сæ горæты дæр аргъ кæнынц йæ цæрджытæн. Хорз уаид æмæ ахæмты куы бафæзмиккой æндæртæ дæр, уæд ноджы бирæ фæрæсугъддæр уаид нæ горæт.

Ацы хъуыддаг канд хисæрмагонд хæдзæртты цæрджытæм нæ хауы, фæлæ бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæм дæр. Дзырд дæр ыл нæй, алы адæймаг дæр кæм цæра, уым хъуамæ архайа йæ алыварс территори сыгъдæг дарыныл.

НОГ ДОНУАДЗÆН РАЦÆУДЗÆН ЦХИНВАЛМÆ

Нæ горæт цæрæнбонты нуазыны доны хъуагдзинад æййæфта. Едысы донуадзæн ацы проблемæ кæд æххæстæй нæ, уæддæр бирæбæрцæй аскъуыддзаг кодта. Донифтонгад мæгуыраудæр вæййы уалдзыгон бонты, миттайæнты æмæ къæвдаты рæстæджы. Уæд доны хахмæ баиу вæййынц чъизи дæттæ æмæ пайда кæнынæн нал фæбæззы. Ацы проблемæ иуварс нæ баззад республикæйы разамынад, Президент Бибылты Анатолийы хъусдардæй æмæ скъуыддзаг æрцыд, цæмæй горæтмæ арæзт æрцæуа нуазыны доны дыккаг хахх. Уый та уагъд æрцæудзæн Уанаты хъæуæй æмæ йæ дæрддзæг уыдзæн 16 километры. Ацы объект хаст æрцыд Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæмæ æмæ йæ арæзтадмæ æрæвналдзысты фидæны, 2019 азы. Æдæппæт ыл бахардз уыдзæн 388 милуан сомы. Доны хаххæй дарддæр ма йæ райдианы арæзт æрцæудзæн донæмбырдгæнæн дæр. Ныртæккæ æххæст цæуынц проектон-сгарæн куыстытæ.

План ма цæуы хисæрмагонд хæдзæрттæ æмæ административон бæстыхæйтты доннымайæнтæ сæвæрын. Æдæппæт хъуамæ æвæрд æрцæуа 6 мин доннымайæны. Сæ сæвæрын æнæмæнгхъæуæг у паддзахадон организациты, хисæрмагонд хæдзæртты хицæуттæн та – бархийæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.