Хуссар Ирыстоны Ветеранты советæн традицион ссис æрвылаз дæр республикæйы районтæм ацæуын æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг хæстонты цыртытыл дидинтæ сæвæрын. Уыдысты Ленингор, Знауыр æмæ Дзауы районты хицæн хъæуты. 13 сентябры та азылдысты Цхинвалы районы хъæутæй цалдæрыл. Фæллойы æмæ Афганистаны хæсты ветерантæ фыццаг бацыдысты Присы хъæу-мæ. Уым Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг хæстонты цыртыл дидинтæ сæвæрыны фæстæ ветеранты раз раныхас кодта Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы сæрдары хæдивæг, булкъон Уалыты Гайоз. Раныхасгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, Присы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг хæстонтæн  арæзт æрцыдис цырт. Сарæзта йæ се ‘мзæххон, хæсты хайадисæг Бесаты Арчил. Цырт къорд азы фæлæууыд, фæлæ азтæ куыд цыдысты, афтæ йæ уавæр кодта мæгуыраудæр. Уæд хъæуы цæрджытæ бахатыдысты Хуссар Ирыстоны уæды Парламенты Сæрдар Бибылты Анатолимæ, цæмæй сын баххуыс кæна æмæ арæзт æрцæуа ног цырт. Уый парти «Иугонд Ирыстон»-имæ иумæ сæхимæ хæс райстой, цæмæй æххæст æрцæуа хъæуы цæрджыты домæн. Рахицæн кодтой фæрæзтæ æмæ цырт арæзт æрцыдис цыбыр æмгъуыдмæ.

Раныхасгæнæг ма стыр бузныг загъта Присы хъæуы цæрджытæн дæр, цыртмæ сæ хъус кæй дарынц, кæй йæм зилынц, уый тыххæй.

Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав та йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, кæд хъæу гуырдзиаг фашистты къухæй сыгъд æрцыдис дыууæ хатты, уæддæр та сæндидзыдта æмæ абон йæ цæрджыты царды уавæртæ хуыздæр кæнынц.

91-аздзыд Цхуырбаты Иван дæр стыр бузныг загъта, Присы ног цырт саразыны хъуыды кæмæ æрцыд, фадæттæ чи сарæзта æмæ йæм абон йæ хъус чи дары, уыдонæн. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, нæ хъæбатыр хæстонтæн цыртытæ саразын, уыдон мысын æрмæст кад нæу нæ хæстонтæн, уым чи фæмард, уыдонæн, фæлæ ма æвдисæн у, нæ Фыдыбæстæйыл не ‘нувыддзинадæн, æгæрон уарзтæй йæ кæй уарзæм, уымæн дæр.

Ветерантыл Сатихъары хъæуы сæмбæлдысты æртæ уæливыхимæ. Хъæусоветы администрацийы сæргълæууæг Дыгъуызты Никъала та банысан кодта, зæгъгæ, кæд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæудæй бирæ рæстæг рацыд, уæддæр уым чи хæцыд, уырдыгæй йæ фыды уæзæгмæ чи нал æрыздæхт, йæ бинонты чи нал федта, уыдоны кады хъуыддæгтæ рох нæ кæнынц. Уый та, зæгъгæ, уымæн æмæ сæ бæстæйы, фидæны сæ фæлтæрты тыххæй равдыстой стыр хъæбатырдзинæдтæ æмæ раст кæнæм, ахæм кады хъуыддæгтæ сын кæй кæнæм, рохуаты сæ кæй нæ уадзæм, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ уыдон ахæм фидар удыхъæд куынæ равдыстаиккой, уæд нæ абоны фæлтæрæн нæ уыдаид, цæвиттон кæмæй райстаиккой, уый æмæ фæуыдаиккам, знаджы цæстæй нæм чи кæсы, уыдоны фæндиаг.

Уый фæстæ ветерантæ дидинджытæ сæвæрдтой И.В. Сталины цырты раз дæр.

Дменисы дæр уазджытыл фембæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ. Стæй дидинтæ сæвæрдтой Дменисы хъæуæй Стыр Фыдыбæстæйон æмæ гуырдзиаг-ирон хæстыты фæмардуæвæг хæстонты цырты раз. Ныхасы рацыдысты ветерантæ Хъуылымбегты Герсан, Бесаты Вячеслав, Цхуырбаты Иван, Уалыты Гайоз, Дменисы астæуккаг скъолайы директор Дудайты Земæ æмæ æндæртæ.

Мадзалæй райгондæй баззадысты ветерантæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.