3-æм октябры Цхинвалы Ногдзауты парчы нæ республикæйы инвалидтæ æмæ гуырцæй рынчынтæн уагъд æрцыд бæрæгбонон концерт «Жизнь без преград», зæгъгæ, ахæм номимæ. Мадзалы сæйраг нысан уыд, цæмæй æхсæнад æмæ паддзахадон хицауиуæгады органты хъусдард здæхт æрцæуа инвалидты проблемæтæм, афтæ ма рынчын адæмы фарсмæ балæууын æмæ сын баххуыс кæнын. Ахæм хæрзаудæн мадзал махмæ уагъд æрцыдис фыццаг хатт æмæ йын уыдис хорз, бафæзминаг райдиан. Ацы категорийы адæймæгтæм уæлдай хъусдард здахын кæй хъæуы, уый алчидæр æмбары, фæлæ сын мах æрмæстдæр бамаст кæнæм сæ мастыл æмæ сын фæриссæм сæ рисыл. Абон махмæ ахæм адæймæгтæ цæрдхъом не сты æнæниз адæймæгтау, æхсæнады сын социалон æмæ физикон цæлхдуртæ кæй æвзæры, уый тыххæй. Æгæрыстæмæй, уыдонæн нæй уыцы уавæртæ, цæмæй сæ рæстæг æрвитой хъæлдзæгæй. Уый хынцгæйæ, ацы рынчынтæн бæрæгбон саразыны хъуыды æрцыдис нæ республикæйы парламентон комитеты сæрдар, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы адæмты Ассамблейы минæвар Коцты Жаннæмæ. Уымæн ма йæ фарсмæ æрбалæууыдысты, ацы хъуыддагыл уæлæхох чи нæ у, ахæм адæймæгтæ.

Ногдзауты парчы кафе «Винченцо»-йы размæ тымбыл кодтой нæ горæты цæрджытæ. Ам, паркмæ бахизæны скъоладзау æмæ студентон фæсивæд хъарм зæрдæйыуаг, æмæ мидбылхудгæйæ æмбæлдысты, йе ‘нæниздзинад кæмæн фæцудыдта, æмæ ныр æххуысы сæр кæй хъæуы, уыцы хъаруджын адæймæгтыл. Мадзалы уазджыты æрбахуыдтой æмæ сæ æрбадын кодтой адджын фынгты фарсмæ. Уыдоныл ма цин кодта æмæ сæ рæвдыдта сыгъзæрин фæззыгон хурбон дæр. Уыдонæн зæлыдысты æхцонхæссæг музыкæйы зæлтæ æмæ сæм афтæмæй фæсивæд хастой лæвæрттæ æмæ дидинджытæ. Сæрбахъуыды сæраппонд сæ фарсмæ уыдысты тагъд æххуысы станцæйы медперсонал дæр.

Ацы мадзалмæ хуынд æрцыдысты Цæгат Ирыстон-Аланийы цæрæг инвалидтæй дæр иу цалдæр æмæ сыл æрæмбырдуæвæг адæм сæмбæлдысты хъарм мидбылхудт æмæ къухæмдзæгъдимæ. Рынчынты фарсмæ уыдысты сæ бинонтæ æмæ хæстæджытæ. Уыдонæй чи уонгцух уыд, чи та дзы йæ астæумагъзы фæхъыгдарды тыххæй коляскæйыл бадт. Уыдис дзы инвалид сывæллæттæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм уæззау нывмæ кæсын æнцон нæу, фæлæ уыцы бон алкæмæн дæр уыд бæрæгбон. Æнæрахатгæ нæ уыд, рынчынтæ аудгæ ахаст æнкъаргæйæ, эмоционалондæр кæй уыдысты æмæ-иу дзы чидæртæ кæй асæрфтой сæ цæссыгтæ дæр. Уыдон æхсæн уыд зынгæ композитор Плиты Жаннæ дæр. Уымæн-иу музыкæйы зæлтæм суынгæг йæ зæрдæ, ныккæрзыдта-иу æмæ та-иу ныккуыдта.

Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта йæ организатор Коцты Жаннæ. Уый, фыццаджыдæр, арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта æппæт адæмæн дæр рæстæг кæй ссардтой æмæ сæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты, уый тыххæй. Коцты Жаннæ банысан кодта, зæгъгæ, уый куыд Парламенты депутат æмæ социалон хъахъхъæнынады фæдыл комитеты уæнг, афтæ хъуамæ уына æмæ йæ хъус дара нæ республикæйы æмбæстæгты æнгæс проблемæтæм. Уыдон нымæцы инвалидтæ æмæ æххуысхъуаг адæймæгтæ дæр. Коцты Жаннæ æрæмбырдуæвджытæн фехъусын кодта ацы мадзал ауадзыны хъуыды йæм куыд фæзынд æмæ йын цы стыр нысаниуæг ис, уый. «Нæ театр куы гом кодтам, уæд æм хуынд æрцыдысты инвалид чызджытæ Уæрæсейы чемпионтæ теннисæй. Уыдон æхсæн уыдысты Тыбылты Ирæ, Плиты Жаннæ, Уалыты Зоя. Мадзалы фæстæ уыдонимæ куы ныхас кодтон, уæд Зоя кæугæйæ дзырдта, зæгъгæ, дыууæ азы æхсæнадмæ нæ рахызт æмæ ахæм мадзæлтты хайад нæ райста. Ныр та, зæгъгæ, мæхи нымайын амондджыныл æмæ мын у æхсызгон. Раст зæгъгæйæ,  мæн  йæ ныхæстæ тынг бацагайдтой (кæуынхъæлæсæй зæгъы журналисттæн), æмæ сын уыцы ран баныфсæвæрдтон бæрæгбон сын кæй сараздзынæн, уый. Уымæ гæсгæ сын абон сарæзтам чысыл бæрæгбон, кæцыйæн бынтондæр нæй политикон нысаниуæг. Абон ацы мадзалмæ хуынд æрцыдысты нæ республикæйы æппæт политикон партитæ, æхсæнадон организацитæ, цæмæй равдисæм нæ аудгæ æмæ æмбаргæ ахаст йе ‘нæниздзинад кæмæн фæцудыдта æмæ æххуысы сæр кæй хъæуы алыварсонæй дæр, уыдонмæ. Хорз уаид æмæ ацы хъуыддаг æрмæст ацы мадзалыл куынæ æрæнцаид, æмæ сын арæхдæр æнгæс бæрæгбонтæ, мадзæлттæ куы аразиккам, уый. Ис ын хорз райдиан æмæ нæ фæнды, цæмæй эстафетæ адæттæм паддзахадон хицауиуæгады органтæм, кæцытæм уыдон хъуамæ архаиккой ацы ахсджиаг фарстытыл æрвылбон дæр. Ис æмбæлон ведомствотæ, кæцытæ хъуамæ сæ хъус лæмбынæгдæр дариккой инвалидты проблемæтæм. Коцты Жаннæ ма банысан кодта, зæгъгæ, инвалидтæ нысанмæздæхтæй райсынц æх-хуыстæ нæ бæстæйы сæргълæууæгæй. «Нæй зæгъæн æмæ абон нæ Президенты ‘рдыгæй нæ райсынц æххуыс. Бибылты Анатоли бирæ рынчынтæн баххуыс кодта, кæмæн протезтæ бакæнынæн, бирæтæн та ‘лхæд æрцыдысты коляскæтæ, сæрмагонд хоскæнынæн дæр бирæтæ райстой финансон æххуыстæ. Ныридæгæн та проект кæнынц пандустæ саразын инвалидтæ кæм цæрынц, уыцы бирæуæладзыгон хæдзæртты, афтæ ма  культурон æмæ ахуырадон объектты дæр. Фæлæ мæнæн мæ ныхас у, цæмæй комплексонæй инвалидты пайдайæн арæзт æрцæуа паддзахадон программæ», – банысан кодта Коцты Жаннæ.

Мадзалы ма раныхас кодта æмæ Коцты Жаннæйæн йæ архайды тыххæй сæрмагондæй бузныджы ныхæстæ загъта Цæгат Ирыстоны инвалидты хæдзары къухдариуæггæнæг Гаглойты Валери. Уый куыд загъта, афтæмæй 30 азы бæрц кусы ацы организацийы æмæ, зæгъгæ, æппындæр нæ бафæллад уыдонимæ кусынæй. «Уыдон сты ахæм диссаджы адæймæгтæ, кæцытæ æвдисынц лæгдзинад æмæ хъайтардзинад. Мæн абон фæнды сымахæн зæгъын уый, æмæ уæ фæстæмæ кæсын кæй нал хъæуы уæ зын рæстæджытæм, фæлæ хъæуы размæ кæсын. Цы ‘рцыдис, уый æрцыдис æмæ цæрын хъæуы абоны бонæй. Махæн та нæ хæс у, цæмæй аразæм хорз æмæ уын хъæлдзæгдæр кæнæм уæ цард.

Мадзалы хайад истой уæрæсейаг æндæр æмæ æндæр спорты хуызтæй паралимпион хъæзтыты чемпионтæ Лондоны.

Бæрæгбонон мадзалы сæ арæхстдзинад æвдыстой куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны зарæггæнджытæ дæр. Цалдæр зарæджы ма сæххæст кодтой Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенты сфæлдыстадон къорд.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.