ОФИЦИАЛОН БАЛЦ

УФ-йы Президент Владимир Путин кусæгон балцы ис Индийы. Владимир Путин æмæ Индийы премьер-министр Нарендра Моди æруынаффæ кодтой Уæрæсе æмæ Индийы ‘хсæн æфсæддон-техникон стратегион æмархайдыл, уыцы нымæцы хъуыддагон æмгуыстад рауæрæхдæр кæныныл, афтæ ма дунеон æмæ регионалон ахсджиаг фарстытыл дæр.

УÆРÆСЕЙАГ ГАЗЫ ТЫХХÆЙ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров Венгрийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Петер Сийяртоимæ æруынаффæ кодта Европæмæ уæрæсейаг газ æввонг кæныны тыххæй. Сийярто куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Будапешт домы Брюсселæй, цæмæй ныхдуртæ  ма æвæра Мæскуы æмæ Анкара цы проект «Турецкий поток» реализаци кæнынц, уый сæххæст кæнынæн. Сергей Лавров дæр банысан кодта, зæгъгæ, Европæ уынаффæтæ исыны рæстæджы хъуамæ ахъуыды кæна йæхи сæрмагонд интерестыл.

 

ÆХХÆСТ КÆНЫНЦ СÆХИМÆ РАЙСГÆ ХÆСТÆ

Уæрæсе æмæ Турк æххæст кæнынц сирийаг Идлибы демилитаризацион зонæйы фæдыл сæхимæ райсгæ хæстæ, – фехъусын кодта Владимир Путин. «Мах кусæм туркаг партнертимæ, уынæм, уыдон дæр ацы бадзырдтæм кæй дарынц серьезон ахаст, æххæст кæнынц сæ хæстæ, ахъаз кæнынц ацы зонæйæ алыгъуызон радикалон къордты боевикты рацыдæн», –  загъта Уæрæсейы сæргълæууæг.

 

ФЕХÆЛДТОЙ БАДЗЫРД

АИШ-ы паддзахадон секретарь Майк Помпео фехъусын кодта, зæгъгæ, Вашингтон халы Иранимæ хæлардзинады тыххæй бадзырд, кæцы арæзт æрцыд 1955 азы. Тегеран куыд нысан кæны, уымæ гæсгæ америкæйаг фарс халы уæлдæрбацамынд бадзырд Ираны ныхмæ санкциты режим æндидзын кæнгæйæ. ИНО-йы дунеон тæрхондон хайгай сæххæст кодта АИШ-ы ныхмæ Ираны хъаст. Майк Помпео фехъусын кодта, зæгъгæ, ирайнаг хицауад Дунеон тæрхондонæй пайда кæны политикон нысæнтты æмæ фæлварынц АИШ-ы суверенон барты хи схæццæ кæныныл, национ æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй æнæмæнгхъæуæг архайдтытæ райсыны тыххæй.

 

 

РАРВИТДЗÆН УКРАИНÆЙАГ КОНСУЛЫ

Венгри Киевы архайдтытæн дзуаппæн бæстæйæ рарвитдзæн украинæйаг консулы. Украинæйы горæт Береговойы венгриаг консулы нон грады персонӕйыл банымайгæйæ, Будапешт райста дзуаппон мадзал. Венгрийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад украинæйаг консултæй сæ иуæн радта 72 сахаты, цæмæй ацæуа венгриаг территорийæ.

 

БАФÆЛВÆРДТОЙ ТОКСИКОН ПРЕПАРАТ

УФ-йы хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, зæгъгæ, Гуырдзыстоны Ричард Лугары номыл АИШ-ы  æхсæнадон æнæниздзинад хъахъхъæныны иртасæн центры фæлварæнтæ ауагътой токсикон препаратæн æмæ уыцы тесттæ æркодтой 73 æмбæстаджы амæлæтмæ. Ахæм бæрæггæнæнтæ æрхаста Уæрæсейы Гарзджын тыхты радиацион, химион æмæ биологон хъахъхъæныны æфсæдты хистæр, инæлар-майор Игорь Кириллов. «Уыцы-иу рæстæджы бирæнымæц бархионты иурæстæджы амæлæтмæ гæсгæ, зæгъæн ис Лугары центры хос кæныны хуызы уагъд кæй æрцыдысты бæрзондтоксикон химион препараты иртасæнтæ», – фехъусын кодта Кириллов. Инæлар банысан кодта, зæгъгæ, æрмæст 2015 азы декабры мæйы фæлварæнты рæстæджы амардысты 24 адæймаджы.

 

ДУНЕЙЫ БИОЛОГОН ТÆССАГДЗИНАД

АИШ райтынг кодтой уæрæх æфсæддон-биологон программæ Уæрæсеимæ сыхаг бæстæты территоритыл, – фехъусын кодта Игорь Кириллов. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Вашингтон активонæй архайы куыд Гуырдзыстоны, афтæ Украинæ, Азербайджан æмæ Узбекистаны территоритыл. Ацы бæстæты АИШ-ы лабораториты руаджы æмбырд кæнынц инфекцион низты бæрæггæнæнтæ æмæ сæ ласынц национ коллекциты патогенон микроорганизмты штамптимæ. Æдæппæтæй АИШ-ы контролы бын дунейы архайы 30 лабораторийы, кæцытæн сæ бон у уæлдай тæссагдæр инфекцион низтæ цырынгæнджытимæ иртасæнты æххæст спектр уадзын.

 

УКРАИНАГ ÆВЗАДЖЫ ТЫХХÆЙ ЗАКЪОН

Украинæйы Уæлдæр Рада  фыццаг бакасты райста закъоны проект украинаг æвзаджы тыххæй. Документмæ гæсгæ, украинаг æвзагæй пайда хъуамæ цæуа, куыд иунæг паддзахадон æвзаг, афтæ бæстæйы территориты æхсæнадон царды æппæт фадгуыты. Цæрджытæ æнæмæнгæй хъуамæ зоной украинаг æвзаг. Ацы нормæ хауы æрмæст уæлдæр къухдариуæгадмæ нæ, фæлæ ахуыргæнджытæ, медицинон кусджытæ, адвокаттæ, нотариустæм.

РАЙСТОЙ ЗАКЪОНЫ ПРОЕКТ

Сомихстоны Национ æмбырды 67 хъæлæсæй (æдæппæтæй дзы ис 105 депутаты) ист æрцыд закъоны проект, Æмбырды куысты регламентмæ барасткæнинæгтæ бахæссыны тыххæй. Барасткæнинæгтæ бар ратдзысты рабадтытæ фæстæдæрмæ ахæссынæн, кæцы бахъыгдардзæн бæстæйы премьер-министр Николь Пашиняны парламентон æвзæрстытæ æмгъуыдæй раздæр ауадзын. Ныр Сомихстоны президент Армен Саркисян хъуамæ йæ къух æрфысса закъоны проектыл æртæ къуырийы æмгъуыдмæ. Кæд æмæ йыл не ‘рфысса, уæддæр закъон йæ тыхы бацæудзæн æнæ йæ къухфыстæй дæр. Пашинян ныридæгæн бахатыд президентмæ, цæмæй йæ къух ма æрфысса закъоны проектыл.

 

ФÆНД КÆНЫ ГÆХХÆТТЫН ÆХЦАТÆ БАИВЫН

Молдавийы национ бангы сæрдар Сергей Чокля фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ хъуыдымæ гæсгæ, полимерон пластмассæйæ банкноттæ уадзын пайдадæр у гæххæттын æхцатæ уадзынæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм æхцаты фыццаг хуызæг гæнæн ис фæзына 2019 азы. «Æввахсдæр къуыриты мах ауаддзыстæм тендер полимерæй банкнотæтæ саразыны фæдыл. Ныфс мæ ис, æмæ азы кæронмæ мах кæй равзардзыстæм ахæм æхцатæ уадзæг фирмæйы.

НАЛ ÆВВОНГ КÆНЫНЦ НЕФТЬ

Базарадон хæст карздæр кæнгæйæ, Иугонд Штаттæ Китаймæ æххæстæй æрурæдта нефть æввонг кæныны куыстытæ. Июлы мæйы АИШ Китаймæ нефты 10,5 милуан баррелы куы арвыста, уый фæстæ сентябры мæйы та бæстæмæ арвыстой æрмæстдæр 0,6 милуан баррелы.

 

ФИДАР ÆРЦЫД УЛÆФТБОНТЫ КЪÆЛИНДАРЬ

УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведев йæ къух æрфыста 2019 азы улæфт бонтæ рахæссыны тыххæй уынаффæйыл. Ногазон каникултæ аххæсдзысты 30-æм декабрæй 8-æм январмæ. 5 æмæ 6-æм январы сабат æмæ хуыцаубоны уæлфт бонтæ, афтæ ма 23-æм февралы сабат хаст æрцæудзысты 2, 3 æмæ 10-æм маймæ. Ома, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон нысан кæнæм алыхатт куыд вæййы, афтæ. Фæлæ февралы мæйы уæлæмхасæн улæфт бон нæ уыдзæн. Уый хаст цæуы майы мæймæ. Сылгоймæгты дунеон боны улæфдзыстæм 8-10-æм мартмӕ. Майы фыццаг бæрæгбонтæ аххæсдзысты фондз боны – 1-æм майæ 5-æм майы онг, æртыццæгæй хуыцаубоны онг. Уæлахизы боны сæраппонд улæфдзыстæм цыппар боны, 9-æм майæ 12-æм маймæ (цыппæрæмæй хуыцаубонмæ). Уæрæсейы бон хаст нæ цæуы, кæд æртыццæгмæ æрхауд, уæддæр. Адæмы иудзинады боны цытæн бæстæйы цæрджытæ улæфдзысты æртæ боны 2-æм ноябрæй 4-æм ноябры онг (сабатæй къуырисæрмæ).

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.