Ахуыргӕнӕг. Куыд кадджын ӕмӕ хӕрзиуӕгон у дӕ архайд, де ‘нувыд фӕллой. Дӕуӕн ӕрӕнцой нӕй, ӕдзухдӕр куыстыл лӕуд дӕ, куыд хуыздӕр ӕмӕ фылдӕр зонындзинӕдтӕ фӕхай кӕнай дӕ ахуырдзау-тӕн, ӕрмӕстдӕр ууыл у дæ сагъæс. Ӕмӕ цас уды ӕхцондзинад райсы дӕ ӕнӕрынцой зӕрдӕ, рӕзгӕ фӕлтӕр ӕзфӕраздӕронӕй ног ӕрмӕг куы  дзуапп кӕнынц, сӕ дзуаппытӕй дӕ зӕрдӕ куы ныррухс вӕййы, уӕд. Нӕ, ӕнцӕнттӕй нӕу ахуыргӕнӕг-хъомылгӕнӕджы куыст, бирӕ тых ӕмӕ хъару хардз кӕны сабиты ахуыр ӕмӕ раст хъомыладыл. Фӕлӕ уыдӕттӕ мурмӕ дӕр нӕ фӕдары, уымӕн ӕмӕ ӕмбары, райгуырӕн къуым, иубӕстон адӕмӕн хӕрзӕгъдау ӕмӕ аккаг фӕлтӕр хъомыл кӕнын кӕй хъӕуы, уыцы ахсджиаг хъуыддаг бирӕбӕрцӕй йӕ иузӕрдион куыстыл баст кӕй у. Ахӕм адӕймаг йе ‘взонджы бонты равзары уыцы дӕсныйад ӕмӕ йыл ӕнувыдӕй баззайы ӕппӕт йӕ царды дӕргъы. Ахуыргӕнӕг не ‘рвылбонон царды зиууон кӕй у, ӕппӕт йӕ бирӕ зонындзинӕдтӕ рӕзгӕ фӕлтӕрæн кӕй нӕ февгъау кӕны, уымӕн ирд ӕвдисӕн у, кӕддӕры къӕбӕдагомау скъоладзаутӕ дӕр сын сӕ хъомыладон куыст кæй нæ ферох кæнынц

Ахуыргӕнӕджы дæсныйад раджы бауарзта Цгъойты Клим дӕр, уартӕ ма райдиан скъолайы куы ахуыр кодта, уӕд. Алцӕмӕ цымыдисгӕнаг лӕппу зӕрдиагӕй хъуыста йӕ зондамонӕджы уроктӕм ӕмӕ сӕ арф ӕвӕрдта йӕ хъуыдыйы, тырныдта фылдӕр исты базонынмӕ. Афтӕмӕй каст фӕци йӕ райгуырӕн, Дзимыргомы Цгъойты хъӕуы райдиан скъола. Фӕлӕ ӕндӕр сабитау, Цгъойты къаннӕг лӕппуйӕн дӕр дарддӕры ахуыры йӕ размӕ фӕзынд къуыхцытӕ. Цӕвиттоны хъуыддагӕн, сӕ хъӕуы уыд æрмæст райдиан скъола, Ленингоры та ахуыртӕ цыдысты ӕрмӕстдӕр гуырдзиаг ӕвзагыл. Уӕд ахуыр кӕнын райдыдта Цӕгат Ирыстоны хъӕууон скъолайы, фӕстӕдӕр йӕ ахуыр раивта Ленингормӕ, уӕдмæ дзы уырыссаг ӕвзаг дӕр райдыдтой амонын. Афтӕмӕй ӕвзонг лӕппуйы астӕуккаг ахуырад райсыны тыххӕй бахъуыд бирӕ рахау-бахау кӕнын, иу скъолайӕ иннӕмӕ цӕугӕйӕ-иу æй сбадын кодтой иу кълас дӕлдӕр, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фесӕфта ӕртӕ азы. Зонындзинӕд-тӕй ӕххӕст кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ скъола каст фӕуыны фӕстӕ Баджины райдиан скъолайы кусын райдыдта директор ӕмӕ ахуыргӕнӕгӕй. Фӕлӕ ӕвзонг ӕмӕ ахуырмӕ ӕвзыгъд кӕстӕры уӕгъд нӕ уагъта уӕлдӕр ахуырад райсыны хъуыды ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ 1960-ӕм азы ахуыр кӕнын райдыдта Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты ирон-уырыссаг факультеты. Институты ахуыр кæнгæйæ Цгъойы фырт йӕхи ӕвдыста бафӕзминаг студентӕй, тынгдӕр банкъардта мадӕлон ӕвзаджы сусӕгдзинӕдтӕ, ӕвзӕрын ӕм кодтой стыр цымыдис. Пединститут ӕнтысгӕйӕ каст фӕуыны фӕстӕ, ахуыргӕнӕджы арфӕйаг куыст бакодта Ленингоры районы цалдӕр скъолайы. Уый фӕстӕ педагогон зо-нындзинӕдтӕм йе ‘взыгъддзинады тыххӕй   нысангонд æрцыд ацы районы адӕмон ахуырады хайады инспекторӕй. Куыстыл ын йе ‘нувыддзинад ӕнӕ фӕхатгӕ нӕ фесты Цхинвалы районы разамонӕг органтӕ ӕмӕ йӕ 1975 азы сӕхимӕ фӕхуыдтой кусынмӕ. Райдианы куыста адӕмон ахуырады хайады инспекторӕй, уый фӕстӕ та сси методкабинеты сӕргълӕууӕг. Ӕнцон нӕ уыдысты йӕ хӕстӕ ацы куысты, ӕдзухдӕр йӕ архайд уыд ахуырхъомыладон куыст хуыздӕр кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ цыд скъолатӕм, ахуыргӕнджытӕн цæс-туарзонæй лæвар кодта йæ амынддзи-нæдтæ. Ӕхсызгон та йын куыднӕ уыд, йӕ методикон ӕххуысы руаджы урочы цыд мидисджындӕр кӕй фӕци, ахуыргӕнӕджы амындтытӕ скъоладзаутӕ лӕмбынӕг кӕй бамбӕрстой, уый. Цгъойы фырт хорз рӕхсы тӕлмац кӕныны куыстмӕ дӕр. Цӕвиттон, къорд азты размӕ Джиоты Хъараманы фырт Сосланимӕ ратӕлмац кодтой 2-аг къласӕн математикӕйы ахуыргӕнӕн чиныг. Мамиты Алексийы фырт Гигаимӕ та сарӕзтой 11-ӕм къласӕн ирон литературӕйы ахуыргӕнӕн чиныг, фӕлӕ рухс нӕ федта финансон фӕрӕзты аххосӕй. Уый ма 3 азы бакуыста нӕ Республикӕйы Парламенты Лингвис-тикӕ ӕмӕ тӕлмацы хайады гӕсӕй. Йемӕ ма ацы куыст ӕххӕст кодта Хуссар Ирыс-тоны пединституты ахуыргӕнӕг, журналист ныртæккæ дзӕнӕттаг Туаты Шота.

Ацы зӕрдӕхӕлар адӕймаджы цур куы абадай, уӕд дӕ дисы бафтаудзӕн, алцы зонынмӕ тынг кӕй цымыдис кӕны. Стӕй ма ноджыдӕр зӕгъын хъӕуы, йӕ хатдзӕгтӕ бынтон раст кӕй вӕййынц. Зӕгъӕм, радзырдта мын, дзырд “чонгури” гуырдзиаг ӕвзагӕй æрбайсгæ кӕй нӕу. Бӕстон ӕм дӕ хъусдард куы аздахай, уӕд ацы дзырд сырӕзт ирон дзырдтӕй, номхуындӕй та сырӕзт ирон дзырдтӕ “цонг” ӕмӕ “гуыр”-ӕй. Ӕцӕгдӕр, ацы уадынгарзӕй цӕгъдыны рӕстӕджы хайад исынц адӕймаджы уыцы дыууӕ буары хайы.

Цгъойты Клим йӕ бирӕазон арфӕйаг куысты тыххӕй нысангонд ӕрцыд бирӕ арфӕйы ныхӕстӕ ӕмӕ кады грамотӕтӕй. 1980-ӕм азы хорзӕхджын ӕрцыд «Адӕмон ахуырады иттӕг хорз кусӕджы» риуыл-дарӕн нысанӕй, 1974 ӕмӕ 1978-ӕм азты та сси социалистон ерысы уӕлахиздзау. Йӕ иууыл стырдӕр хорзӕх та райста 1998 азы 5-ӕм октябры, уӕд ын Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамындмӕ гӕсгӕ лӕвӕрд ӕрцыд  «Сгуыхт ахуыргӕнӕджы кадджын ном». Йӕ царды дӕргъы кад ӕмӕ радæй хӕссы хъомылгӕнӕг ӕмӕ ирон лӕджы ном ӕмӕ йын уыцы кад дӕлдӕр макуы ӕрхауӕд!

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.