РХИ-йы Парламенты депутаттæ Коцты Жаннæ æмæ Цоциты Игорь бабæрæг кодтой Цхинвалы зæрæдты æмæ инвалидты хæдзар «Аудындзинад»-ы. Уыдон базонгæ сты «Аудындзинад»-ы проблемæтимæ, федтой пациентты уавæртæ. Депутаттыл фембæлд зæрæдты хæдзары директор Теблойты Чермен. Уый радзырдта, зæгъгæ, абон пансионаты ис 19 цæрæджы. Уыдонæй 10 сты сылгоймæгтæ æмæ 9 та – нæлгоймæгтæ.

Теблойты Чермены ныхæстæм гæсгæ, республикæйы психикон рынчындон кæй нæй, уымæ гæсгæ сæм æрбакæнынц алыгъуызон категорийы пациентты. Уый банысан кодта, зæгъгæ, сæм цы 19 адæймаджы цæры, уыдонæй 15 сты бынтон иунæджытæ, фæлæ пациентты ‘хсæн ис ахæмтæ дæр, кæцытæн ис сывæллæттæ, æввахс хиуæттæ, фæлæ уыдоны бафæндыд сæ ныййарджыты Зæрæдты хæдзармæ бакæнын.

Коцты Жаннæ бацымыдис кодта пациентты уавæртæм, хæлцмæ, афтæ ма хостæй ифтонгадмæ дæр. Директор банысан кодта, зæгъгæ, хæлц æмæ медикаменттимæ уыдонæн проблемæтæ нæй, рынчынтæн ис уавæртæ сæ рæстæг æрвитынæн дæр. «Цæрджытæ бон хæрынц æртæ хатты. Нæ азы бюджетæй хæлцæн хицæнгонд цæуы 685 мин сомы. Иууыл иумæ нæ бюджет у 5 милуан 900 мин сомы. Уырдæм хауынц хос кæнын, куыстмызд, газ, электроэнерги, хъæрмад æмæ бирæ æндæртæ», – бамбарын кодта директор.

Теблойты Чермен куыд радзырдта, уымæ гæсгæ сæ æввахс рæстæджы ракæндзысты ног бæстыхаймæ, кæцы арæзт цæуы раздæры Тамарашены хъæуы. «Ног бæстыхай у горæтæй дард æмæ нын уый æрхæсдзæн иуæй-иу зындзинæдтæ. Фыццаг, пациенттæ арæх рацæуынц горæтмæ æмæ сын уырдыгæй та рацæуыны фадат нæ уыдзæн. Махæн ис транспорт, фæлæ нын нæй шофыр. Уымæй дарддæр ма нæ бахъæудзæн ноджы иу машинæ, цæмæй уырдæм араза рейсытæ. Райсомы аст сахатыл бахъæудзæн хæринагаразæджы æрбаласын, æмæ 9 сахатыл та – кусджыты. Уымæй дарддæр ма ласын хъæудзæн рынчынты дæр», – бамбарын кодта уый. Директоры ныхæстæм гæсгæ ма сæ ног бæстыхайы бахъæудзæн, электрик, сантехник, медицинон хо.

Депутаттæ азылдысты палатæтыл. Аныхас кодтой цæрджытимæ, пациенттæ ницæмæй рахъаст кодтой, æрмæст цæрджытæй сæ иу – Хъæцмæзты Альберт загъта, зæгъгæ, сын нæ фаг кæнынц культурон балцытæ. Коцты Жаннæ сын ныфс бавæрдта, зæгъгæ, сын æввахс рæстæджы сорганизаци кæндзæн культурон мадзал. Знон уыдон бакастысты спектакль «Цыппæрæмæй цыппæрæммæ».

Парламентаритæ ма бацыдысты реабилитацион центр «Ныфс»-мæ. Уым сыл фембæлд центры директор Къæбысты Эрна. Директоримæ ныхас кæнгæйæ, Коцты Жаннæ банысан кодта, зæгъгæ, реабилитацион центр кæны егъау хæрзаудæн куыст, æххуыс кæй хъæуы, æмбæстæгты уыцы категоримæ хъусдард здахгæйæ. Депутаттæн центры директор радзырдта, зæгъгæ, сæм абоны бон ис 12 пациенты. Уыдонæн арæзт æрцыдысты хæрзвадат уавæртæ, фæлæ сæм, хъыгагæн, нæй наркологон стационар. «Махмæ ис æрмæстдæр диспансер, кæцы амбулаторонæй æххуыс кæны рынчынтæн. Центры уавæр-тæ нæй хос кæнынæн. Радгæсон медперсонал нын кæй нæй, уымæ гæсгæ мæхи бахъæуы рæстæгæй рæстæгмæ центры æхсæвиуат кæнын», – банысан кодта Къæбысты Эрна.

Директоры ныхæстæм гæсгæ сæ абон тынгдæр хъæуы хосгæнæн архайдæн лицензи райсын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстыл уынаффæ кодта РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георгиимæ æмæ  уый рахæцыд сæ инициативæйы æвварс. Йæ рады Коцты Жаннæ ныфс бавæрдта директорæн хосгæнæн центры тыххæй фарст Парламенты социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны комитетмæ рахæссын, афтæ ма  ацы фарст РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады раз æрæвæрын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.