Сабидоны хъомылгæнæгыл æвæрд ис бæрнон хæс куыд сывæллæтты, афтæ сæ ныййарджыты раз дæр. Уый адæймагæй домы профессионалон фæлтæрддзинад æмæ арæхстдзинад, адæймаджы хуыздæр миниуджытæ, кæцытæ алы адæймагмæ нæ разынынц. Сабидон у дзаг ахорæнты æмæ  ирд тæлмæнты дуне. Ам æппынæдзух ис хъарм уавæр, къæсæрыл та чысыл сабитыл мидбылхудгæйæ сæмбæлынц сæ уарзон æмæ хæларзæрдæ хъомылгæнджытæ. Сабидоны алы кусæг дæр хъуамæ уа,  алы хъуыддагмæ дæр дæсны чи у, ахæм адæймаг. Фæлæ сæ сæйраг хæс у сывæллæтты уарзын æмæ сыл аудын. Æмæ растдæр афтæ хъуамæ уа, уымæн æмæ сывæллæтты хъомылгæнгæйæ уарзондзинад æмæ быхсындзинад сты хъомылгæнæджы сæйраг æххуысгæн-джытæ. Йæ рæстæджы Константин Ушинский загъта: «Кæд æмæ æнтыстджынæй равзарат ахæм куыст æмæ дзы зæрдæбынæй кусат, уæд уæ амонд йæхæдæг ссардзæн», зæгъгæ. Хъомылгæнæг у ахæм адæймаг, кæцы сывæллæтты къахдзæфæй къахдзæфмæ кæны скъолайы партæтæм. Хъомылгæнæджы курдиат Хуыцауæй ратгæ куы вæййы, уæд уый у амонды хъуыддаг. Раст ахæм адæймаг у Гæззаты Мзия Сергейы чызг дæр.

Сæумæрайсомæй Мзиямæ сæ циндзинæдтæ æмæ чысыл хъыгтимæ æрбалидзынц йæ бæрны къорды хъомылгæнинæгтæ. Сывæллæттæй чидæр ахауд æмæ йæхи ныццавта, чидæр каст хъæлдзæг мультикмæ кæнæ ацыд уазæгуаты, кæмæндæр балхæдтой ног хъазæн… Æрмæстдæр уымæн, сæ дыккаг мадæн, сывæллæттæ фæдзурынц се ‘мбæхст бæллицтæ æмæ сусæгдзинæдтæ.

Мзия райгуырд 1958 азы Дменисы хъæуы, йæ сабибонтæ дæр арвыста йæ райгуырæн хъæуы. Уыд зæрдæргъæвд сывæллон, тынг уарзта йе ‘мгæртты. Мзия, дыууæ æфсымæры иунæг хо, йæ чысылæй фæцайдагъ бæрндзинадыл, йæ ныййарджытæн алыварсон æххуыс кæнгæйæ, уыимæ иумæ йе ‘фсымæртæм лæмбынæг йæ хъус даргæйæ.  Йæхæдæг нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ йын райдиан кълæсты ахуыргæнæг уыд Гуыцмæзты Венерæ. «Венерæ мыл афтæ аудыдта, афтæ тынг мын бауарзын кодта ахуыр кæнын, æмæ чысылæй аскъуыддзаг кодтон мæ цард, мæ бон сывæллæттæн  снывонд кæнын». Мзия райдиан 8-азон скъола иттæг хорз нысæнттыл каст фæцис Дменисы скъолайы, уый фæстæ астæуккаг ахуырад райста Ксуисы хъæуы  скъолайы. 1976 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны педагогон институты педагогикæ æмæ методикæйы райдиан ахуырады факультетмæ. Уым дæр нымад уыд цæвиттойнаг студентыл.

Гæззаты Мзия у курдиатджын ахуыргæнæг. Уый æппынæдзух кусы йæ зонындзинæдтæ уæрæхдæр кæныныл. Фæархайы, цымыдисон, хъомыладон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм мадзæлттæ ауадзыныл, тырны, цæмæй йæ хъомылгæнинæгтæн раргом кæна ныв кæнын, фæлдисын, иртасыны курдиат. «1981 азы октябры мæйы ме стырдæр бæллиц сæххæст, кусын райдыдтон Цхинвалы 7-æм сабидон «Малусæг»-ы хъомылгæнæгæй.  Кæд хъомылгæнæджы куыст бæрнон æмæ зын у, уæддæр  у цымыдисондæр. Æз мæхи æндæр профессийы нæ уынын».

Мзияйæн йæхи лæппу æмæ чызг дæр цыдысты ацы сабидонмæ, фæлæ сæ иннæ сывæллæтты уæлдай никуы бахъулон кодта, алкæмæ дæр сæ дардта иухуызон ахаст. 1986 азы бæрæг аххосæгтæм гæсгæ Мзияйы бахъуыд йæ куыст ныууадзын æмæ æндæр куыстмæ ахизын. Кусын райдыдта  6-æм сабидоны. 2012 азы та кусын райдыдта  «Солнышко»-йы сабидоны хистæр хъомылгæнæг-методистæй, цыран кусы абоны онг дæр. Йæ куысты рæстæджы уый сарæзта бирæ этно-къуымтæ, стендтæ куыд  «Цхинвал – горæт хъайтар», «Осетия – душа моя» æмæ бирæ æндæртæ.

Мзияйы куы афарстон, ацы дæсныйад цæмæн равзæрста, уæд мын афтæ сдзуапп кодта:

– Æз мæ чысылæй фæстæмæ тынг уарзтон сабиты, семæ хъазын. Хатт-иу сыхæгтæй бирæтæ мæ цуры  фæуагътой сæ сабиты, цæмæй сæм фæкастаин, цалынмæ уыдон фæстæмæ здæхтаиккой, уæдмæ æмæ-иу уайтагъд стыр æхцондзинадимæ сразы дæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, алы адæймаг дæр хæсджын у, цæмæй цæсгомджынæй æххæст кæна йæ хæстæ, кæмфæнды ма куса, уæддæр. Нæ професси ахæм у, æмæ дæм тырнындзинад, уарзондзинад куынæ уа, уæд æй уайтагъд сабитæ фæхатдзысты æмæ йын уæд фæстиуæг дæр нæ уыдзæн. Раст цыма знон уыдис, афтæ хъуыды кæнын мæ куысты фыццаг бон, цæрæнбонтæм бахъуыды кодтон сывæллæтты æнæхин цæстытæ, уыдон мæм се ‘нæхин цæстытæй кастысты лæмбынæг, стыр цымыдисимæ. Сабитæй алкæйы чысыл зæрдæмæ дæр хъæуы хицæн фæндаг ссарын: кæмæдæр хъæуы лæгъз ныхас кæнын, кæмæдæр та – карздæр ахаст дарын. Ахуыргæнæджы уæздандзинад, сывæллоны психологи зонын, фæлмæнзæрдæ уæвын æмæ сывæллæтты уарзын сты æнæмæнгхъæуæг миниуджытæ скъолайы агъоммæйы ахуырады ахуыргæ-нæгæн, – зæгъы Гæззаты Мзия.

Мзия йæ хъомылгæнинæгтимæ арæх фæкæсы сывæллæтты чингуы-тæ цæрæгойтыл, æрдзыл æмæ сын иумæ хатдзæгтæ дæр саразынц. Афтæмæй уыдон ахуыр кæнынц æрдз уарзыныл, æвзæрыл та нымайынц цæрæгойтæм, æрдзмæ æнæаудгæ ахаст дарын. Урокты, экскурситы, тезгъо кæныны рæстæджы уый сывæллæтты зонгæ кæны Ирыстоны цыртдзæвæнтимæ, фæкæсы сын æмдзæвгæтæ, ахуыр сæ кæны Райгуырæн бæстæ уарзыныл, патриотикон æнкъарæнтыл  сæ чысылæй фæстæмæ. Амоны сын, цæмæй куы сыстыр уой, уæд кæмфæнды ма уой, цыфæнды уавæрты ма бахауой, уæддæр сæ райгуырæн бæстæ уарзой æмæ йыл уой æнувыд.

Ныртæккæ Мзияйы  бæрны ис сабидоны кæстæр къорд. Фæлтæрд специалист дисциплинæ хъуаг никуы вæййы, сывæллæттæ цæстæнгасæй дæр фембарынц сæ ахуыргæнæджы.

Гæззаты чызгæн йæ хъомылгæнинæгты ныййарджытимæ ис хъарм ахастытæ. Аргъ ын кæнынц коллективы æхсæн дæр, куыд домаг æмæ цæсгомджын специалист, афтæ.

Хъомылгæнæг у куыд дыккаг мад,  æмæ Гæззаты Мзия йæхæдæг дæр афтæ зæгъы, зæгъгæ, «æз аргъ кæнын, ныййарджытæ мыл кæй æууæндынц, уымæн. Царды сын иууыл зынаргъдæр цы у, уый, ома, сæ сывæллæтты хъомыл кæныны æууæнк мыл кæй бафтыдтой, уымæн. Æз нæ дызæрдыг кæнын, мæ хъомылгæнинæгтæ кæй схъомыл уыдзысты аккаг адæймæгтæй æмæ æнæмæнг сæ хайбавæрд кæй хæсдзысты нæ бæстæйы фæрныгадмæ. Æмæ куыдфæнды ма уа, уæддæр мæн, фыццаджыдæр, фæнды, цæмæй се ‘ппæт дæр уой хæлар æмæ фæлмæнзæрдæ адæймæгтæ».

Кæй зæгъын æй хъæуы, хъомылгæнæджы фыдæбонæн хатт бирæ ныййарджытæ æмбæлон аргъ нæ фæкæнынц, фæлæ Мзияйæн уый сæйраг нæу, сæйраг ын у,  йæ хъомылгæнинæгтæй алкæмæндæр кæй лæвар кæны  уарзондзинад.

Мзия, куыд ма загътам, афтæмæй бирæ алыгъуызон мадзæлттæ ауадзы. Цæвиттон, хистæр къордимæ ауагъта  конкурс «Ирон æгъдæуттæ», зæгъгæ, цыран хайад райстой республикæйы разамынады æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ. Уыдон  стыр аргъ скодтой ауадзгæ мадзалæн æмæ хъарм ныхæстæ загътой йæ бацæттæгæнæгæн. Мадзал иттæг хорз кæй бацæттæ кодта, уый тыххæй йæ схорзæхджын кодтой Кады грамотæйæ.  2016 азы профессор Битарты Зояйы программæ «Малусæг»-æн уагъд æрцыд презентаци, цыран хорзыл банымадтой Гæззаты чызджы доклад. Уый йæ доклады сæйраджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, саби фыццаджыдæр хъуамæ сдзура йæ мадæлон æвзагыл. Мадæлон æвзагыл саби æнцонтæй куы сдзура, уæд, зæгъгæ, иннæ æвзæгтыл дæр æнцондæрæй сдзурдзæнис.

Гæззаты Мзияйæ, зæгъæн ис, æмæ йæ цардвæндаг  у цæвиттойнаг æмæ амондджын. Ис ын хорз кæстæртæ æмæ кæстæры кæстæртæ. Уыдоны дæр хъомыл кæны æмæ сæ æфтауы царды раст фæндагыл. Афтæ ма сæ ахуыр кæны, цæмæй уой адæмуарзаг æмæ  лæггад кæной сæ Райгуырæн бæстæйæн. Мах зæрдæ дæр ын зæгъы дарддæры æнтыстытæ йæ уарзон куысты.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.