Æрæджы нæм редакцимæ фæуазæг нæ горæты цæрæг Гæззаты Юри. Уый нын радзырдта йæ мады фыд 1905-1906 азты фыццаг уырыссаг революцийы хайадисæг, фыццаг æмæ æмбæстагон хæстыты хъайтар, æхсæз Георгийы дзуары кавалер Куыдзæгты Никъала Лекойы фырты æмæ йæ фыд Гæззаты Степан Иваны фырты стыр сгуыхтдзинæдты тыххæй.

Хæстон историографийы ирон салдат Куыдзæгты Никъала уыд бæрзонд æфсæддон культурæ, æхсардзинад æмæ уæздандзинады эталон. Ахæмæй йæ бахъуыды кодтой чи йæ зыдта, уыдон се ‘ппæт дæр. Йе фсымæртæ РСДРП активон уæнгтæ – Андухъапар æмæ Соброны æндæвдады бын уый хæрзæвзонг лæппуйæ райдыдта революцион куысты хайад исын. Бирæ бæллæхтæ æрхаста æвзонг æрхъуыдыджын революционер паддзахы хъахъхъæдадæн. Йæ бон уыд алыран дæр архайын, куыд дæластæрдон типографиты аразыны, апшеронты салдатты ‘хсæн революцион, ирон бæхджын дивизионы  барджыты ‘хсæн куысты дæр. Фæстаг дæластæрдон типографийы паддзахы хъахъхъæдад куы ныппырх кодта, уæд æфсымæртæ æмæ сæ хæлæрттæ сфæнд кодтой буржуазон газет «Терек»-ы типографимæ бабырсын. Операци ацыд æнтыстджынæй, мыхуыр æрцыдысты 5 мин сидты. Жандармы управленийы æнæхъæнæй слæууын кодтой сæ къæхтыл. Никъала æмæ Соброны æрцахстой. Ацы цауы размæ Никъалайы фыдыл æвæрд æрцыд контрибуци 200 сомы. Документ  «Бынтон сусæггаг»-ы грифы бын  уыд Цæгат Ирыстоны историон архивы.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Куыдзæгты æфсымæртæ паддзахы режимæн уыдысты сæ цæсты сындз, æмæ уымæ гæсгæ фыццаг дунеон хæсты райдианы  Никъала æрвыст æрцыд æцæг æфсæддон службæмæ. Райдианы уыд ирон бæхджын полкы фæсауæрцон хайады барæг, кæцы арæзт æрцыд 1915 азы 19 июны Кавказы кавалерион полкы цур. Уырдыгæй раконд æрцыд Фыццаг ирон бæхджын полкмæ Георгийы статуты бындурыл кæстæр унтер-афицерæй, куыд Георгийы дзуары 4 æмæ 3 къæпхæнты хицау, афтæ.

Æвзонг развæдсгарæджы æнтыстджын архайдтытæн саргъ кодта командæкæнынад. Иу хатт æм фæсидт Хуссар-Ныгуылæн фронты командæгæнæг инæлар Брусилов. Уымæн йæ ныхас уыд цыбыр: цыфæнды аргъæй дæр «æвзаджы» сисын. Ирон дивизионæй йе ‘мзæххонты йемæ акæнгæйæ, уыдон æхсæвы ахызтысты цæугæдоны сæрты, хæсгардæй алыг кодтой сигналон ракетæты æмæ телтæй арæзт быруйы. Амардтой знаджы хъарагъулы, фæлæ немыцæгтæ фехъуыстой хъæлæба  æмæ развæдсгарджыты ныхмæ æмбæхсæнæй рахызтысты æхсæз адæймагæй фылдæр. Бахъуыдис сæ фæндаг джебогътæй айгæрдын. Знаджы къорд сæ баййæфта цæугæдоны цур. Ногæй та бацыдысты тохы. Æрцахстой ноджы иу «æвзагы». Уæд инæлар Брусилов командæкæнынадæй арфæйы нысанæн Никъалайæн радта Георгийы дзуар ахæм ныхæстимæ: «Молодцы осетины!». «1916 азы 20 июны Трояновка, Черторискы районы Вильгельмскы  гвардион кавалерион полкы командир æмæ кавалеристты афицерты фондз адæймаджы амарыны тыххæй  хорзæхджын æрцыд 1, 3, 4-æм къæпхæнты Георгийы дзуарæй».

Гæззаты Степан

Бирæ тохтæ баззадысты фæстийæ, фæлæ-иу уыдонæй иу тыххæй æрхъуыды кодта йæ урс æрфгуытæ ныхъуынтъыз кæнгæйæ. «Уыцы æхсæв мæм фæдзырдтой дивизийы штабмæ. Радтой мын хæслæвæрд, ныхмæлæууæджы формæ скæнгæйæ, знаджы фæсчъылдыммæ бацæуыны тыххæй. Æхстыты позициты хæххытæ сахуыр кæнын, сармадзанты нымæц, сконды нымæц базонын æмæ сæ картæйы фæнысан кæнын. Боныцъæхтæй ахызтыстæм басгæрстгонд бынаты фронты хаххыл. Нæхимæ цæмæй уæлдай хъусдард ма здæхтаиккам, уый тыххæй уыдыстæм æрмæстдæр æртæйæ: Хъайтмæзты Сергей, Сикъоты Чермен æмæ мæхæдæг. Æрæмбæхстыстæм чысыл къохы æмæ хъаргъулты ивыны рæстæг куы æрцыд æмæ позициты фронтон царды миниуджытæ куы фæзындысты, уæд снысангонд маршрутыл райдыдтам цæуын ныхмæлæууæджы фæсчъылдыммæ. Фæлæ хæсты цыфæнды минутыл дæр гæнæн ис уавæр фæива. Нæ куыст кæронмæ фæцæйхæццæ кодта æмæ рацыдыстæм  размæ, цыран нæм æнхъæлмæ кастысты нæхиуæттæ æмæ куы бахъуыдаид, уæд нæ бахъахъхъæдтаиккой. Фæлæ нæхи куыд фæндыд, алцы афтæ нæ рауад. Мах цы чысыл хъæдмæ цыдыстæм, уырдыгæй нæ размæ рахызтысты дæс барæджы бæрц. Нæ кæрæдзимæ сабырæй бакастыстæм, фыццаг хатт лæгæй-лæгмæ куынæ æмбæлдыстæм знæгтыл мыййаг. Æз сын загътон: Æввахсдæр бацæуæм æмæ райдайæм тох кæнын, цалынмæ нæ алидзой, уæдмæ, науæд нæ акъоппытæй фехсдзысты. Æрбаввахс стæм кæрæдзимæ, немыцæгтæ цыдæртæ хъæр кæнынц. Æз сын дзуаппæн загътон, уый размæ куыд развæдсгарæг, афтæ цы цалдæр хъуыдыйады сахуыр кодтон, уыдон. Уайтагъд хæцын райдыдтам. Æхстытæ, хъæртæ, хæстон бæхты мыр-мыр, алцыдæр схæццæ. Уынын, Чермен, саргъыл æрхауд, йæ къухæй мæнæ-мæнæ йæ æхсаргард æрхаудзæн. Уыцы рæстæджы йæ знаг хъуамæ фæцæф кæна. Æз знаджы куыд ныццавтон, уый нæ хъуыды кæнын. Хъуыды кæнын йæ саргъы онг æй кæй афастон, уый. Чермены мæхимæ æрбаппæрстон, кæсын æмæ йæ цæсгом иууылдæр туджы амæхст. Уырдыгæй цыдыстæм нæмгуыты бын. Ацы тохы фæмард сты мæ хæстон æмбæлттæ» – дзырдта-иу Никъала.

Иу тохы рæстæджы уæззау цæф фæуыны фæстæ æрæздæхт хæдзармæ. Схос кодта йæ цæфтæн, фæлæ йын хъысмæт не схай кодта сабыр цардæй цæрын. 20-азты райдианы Никъала ацыд растадонты къордмæ, уый фæстæ йæ Реввоенсовет.. бакодта ацы советы комендантты къордмæ, кæцыйы сконды активон хайад иста урс бандæты ныхмæ тохты. Ирон адæмы ног геноцид, йæ адæмы ахасты гуырдзиаг меньшевикты сырдон митæ йæм сæвзæрын кодтой фыдæхдзинад. Æмæ ацыд 11-æм Сырх Æфсадмæ, кæцы рацыд ирæтты радон геноциды басæттынмæ. Кировы æмæ 11-æм Сырх Æфсады сæрмагонд хайады бардзырдмæ гæсгæ Зæрæмæджы, Нары, Мамысоны мобилизаци æрцыдысты цæрджытæ. Бæхты æмæ галты транспорт фæндæгтæ сыгъдæг кодтой митæй. Æфсæдтæн стыр æххуыс кодта бынæттон ополчение. Уæдмæ æфсад бардзырд райста абырсыны тыххæй.

Горæт Оны гуырдзиаг гарнизон пырх æрцыд. Æфсæдты иу хай алыгъд Кутаис, Синагур, Сачхерейы ‘рдæм. Афтæмæй меньшевикон нацистон Гуырдзыстон састы бынаты баззад. 1921-1923 азты Куыдзæгты Никъала куыста Гуырдзыстоны Уæлвæткон къамисы Рачайы уезды политбюройы сусæг хайады кусæгæй. Йæ разылæууæг хæстæ цæсгомджынæй кæй æххæст кодта, уый тыххæй бирæ хæттыты хорзæхджын æрцыд æхцайы премитæй, афтæ ма сæрмагонд пистолет-маузерæй. Цæгат Ирыстоны автономон республикæйы уынаффæмæ гæсгæ æрвыст æрцыд коллективон хæдзарадтæ саразыны фæдыл бæрнон куыстмæ, цыран йæхи равдыста хорз къухдариуæггæнæгæй. Сæрмагондæй, партийы обкомы документы дзырдæуыд: «Куыдзæгты Никъалайы раст къухдариуæгады фæрцы Цæгат Ирыстоны Карл Марксы номыл колхоз у иууыл хъомысджындæр колхоз».

1937 азы Цæгат Ирыстоны автономон республикæйы мидхъуыддæгты адæмон къамисариаты æхсæз Георгийы дзуары кавалерæн рахаста дæс азы ахæстоны фæбадыны тæрхон куыд адæмы знаг, афтæ. Уавæрæй спайда кæнгæйæ-иу уый хабæрттæ æрвыста  йæ революцион æмтохгæнджытæм рæстдзинад агурыны сæраппонд. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ Никъала куырдиат ныффыста фронтмæ йæ арвитыны тыххæй. Йæ фыстæджытæй иу бахауд бæрнон адæймаджы къухмæ æмæ уый фæрцы сæрибар æрцыд Иркутскы областы мидхъуыддæгты адæмон къамисариаты управленийы ахæстонæй. Арæзт æрцыд  Советон Цæдисы НКВД-йы цур рабадт, цыран уынаффæ райстой йе ссæрибар кæныны тыххæй. Фæлæ кæд реабилитации æрцыд, уæддæр бирæ азты куыста уым советон хæстонты уæлæдарæсæй сифтонг кæныны кондады хистæрæй.

Хъыгагæн, ын дыууæ Георгийы дзуары  фесæфтысты уым. Никъала фæкодта аккаг цард. Ацæргæ кавалерист цытджын хъаргъулы фæлæууыд æнæхъæн бон тыхджын къæвдайы бын, йæ хæстон æмтохгæнæг, инæлар Плиты Иссæйæн фæстаг лæггад бакæныны тыххæй. Фæрынчын рæуджыты судзагæй æмæ амард æртыккаг бон  Плиты Иссæйы ныгæнæн боны фæстæ.

Куыдзæгты Никъалайæн уыд 6 сывæллоны. Уыдонæй сæ иуы ном радтой Гæззаты Юрийæн.

Ныр та уын радзурдзыстæм Юрийы фыд зынгæ актер æмæ режиссер Гæззаты Степаны  цардвæндаг æмæ сфæлдыстадон архайды тыххæй. Райгуырд 1917 азы Дзауы районы Ципраны хъæуы. Уанелы астазон скъола каст фæуыны фæстæ бацыд Цхинвалы фæллойы скъоламæ æмæ йæ каст фæцис æнтыстджынæй. Уæд Хуссар Ирыстоны куыстой  драмон кружоктæ дæр. Хæрзæвзонг Степан активон хайад иста сæ куысты. Ам ын йæ курдиат фæхатыд Хуссар Ирыстоны драмон театры режиссер Гуыбеты Георги, кæцы йæ фæхуыдта профессионалон театры сценæмæ. 1933 азы декабры 17-аздзыд Гæззаты Степаны айстой ахуыргæнинагæй театры труппæмæ. Профессионалон сценæйыл  фыццаг хатт ахъазыд фыййауы ролы Беджызаты Чермены «Хъæу фенкъуыст»-ы пьесæмæ гæсгæ спектаклы. 1936 азы æвзонг курдиатджын адæймæгты къорд ацыд ахуыр кæнынмæ Ленинграды театралон институмæ. Уыдоны ‘хсæн уыд Гæззаты Степан дæр. Институты ахуыр кодта Советон Цæдисы адæмон артист Леонид Вивьены къухдариуæгады бын. Уым дæр ын кинематографисттæ фæхатыдысты йæ курдиат. Ахъазыд фильмтæ «Комсомольск-на-Амуре», «Петр 1», «Наездник из Кабарды»-йы.

Ахуыры фæстæ æвзонг актер цæттæ уыд сценæйыл кусынмæ, фæлæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Степан барвæндæй ацыд фронтмæ, цыран баззад хæсты фæудмæ. Ныхæццæ Австрийы онг. Дыууæ хатты фæцæфтæ. Йæ хæстон лæггæдты тыххæй хорзæхджын æрцыд 1 æмæ 2-аг къæпхæнты Фыдыбæстæйон хæсты ордентæй, «Æхсардзинады тыххæй». «Кавказы хъахъхъæнынады тыххæй», «Германыл фæуæлахизы тыххæй» майдантæ æмæ æндæр хорзæхтæй. Йæ Райгуырæн бæстæмæ æрцæугæйæ райдыдта архайын йæ уарзон хъуыддагæй. Хуссар Ирыстоны драмон театры сценæйыл ахъазыд бирæ спектаклты, куыд М.Шолоховы «Горы заговорили»-йы къамисары ролы, Бердзенишвилийы «Арсен»-ы Парсаданы ролы, Плиты Грисы «Чермен»-ы Дзандоры ролы, Погодины «Кремлевские куранты»-йы Дзерджинский, иуномон спектакль «Кречет»-ы Платоны ролы æмæ бирæ æндæр спектаклты.

1954 азы октябры Гæззаты Степанæн Хуссар Ирыстоны театралон аивады рæзты хъуыддагмæ йе стыр лæггæдты  тыххæй лæвæрд æрцыд «Гуырдзыстоны сгуыхт артист»-ы кадджын ном. Актер бирæ цымыдисон æмæ вазыгджын ролты кæй ахъазыд, уымæ æнæкæсгæйæ йæ сæйраг куыстыл нымад æрцыд спектакль «Отелло»-йы Ягойы роль. Ягойы фæлгондз у шедевр, кæцы стыр хайбавæрд бахаста ирон театры историмæ. Ацы роль ахъазгæйæ, Степан равдыста йæ ирд курдиат, йæ профессимæ æгæрон уарзондзинад. 1956 азы Степан ирон студийы сконды командировкæйы ацыд Мæскуыйы МХАТ-мæ, цыран хуссарирыстойнаг актертæн амыдта актерон дæсныйад æмæ стажировкæйы цыд режиссерон курсыты.

Фæстæмæ æрæздæхгæйæ, уый сæвæрдта спектаклтæ Суровы «Далеко от Сталинграда», Туаты Дауыты «Мисурæт», Хетæгкаты Къостайы «Фатимæ», Джусойты Нафийы «Азау æмæ Таймураз», Хацырты Сергейы «Друзья», Цоциты Резойы «На нашей улице праздник» æмæ æндæртæ. Степан ма уыд драматург дæр. Ныффыста ахæм уацмыстæ, куыд «Лешка партизан» «Школа» æмæ æндæртæ. 1961 азы кусын райдыдта Пионерты галуаны драмон кружокы къухдариуæггæнæгæй æмæ æнтыстджынæй æвæрдта сывæлæтты спектаклтæ. 1968-1969 азты Степан куыста паддзахадон ансамбль «Симд»-ы директорæй. 1978 азы Степан къухдариуæгад кодта Тбилисы иунæг ирон адæмон театрæн. Степан уыд æрмæст курдиатджын актер нæ, фæлæ тынг хорз бинонты хицау. Йæ цардæмбал Куыдзæгты Иринæимæ схъомыл кодтой цыппар сывæллоны.

Гæззаты Степан цардæй ахицæн 2001 азы 14 февралы.

Степаны фырт Гæззаты Юри    кусы РХИ-йы Геологи, экологи æмæ æрдзæйпайдакæныны, цæрæгойты, зайæгойты дуне, республикæйы уæлдай хъахъхъæнинагдæр æрдзон территориты комитеты структурон дæлхайы хистæрæй. Æрдзхъахъхъæныны органты йæ бæрзонд квалификаци æмæ 40 азы  практикон куысты фæлтæрддзинад здæхт сты паддзахады иугонд стратегимæ – æрдзон ресурстæ бахъахъхъæнынмæ. Рубрикæ «Окно в природу»-йы бын йæ профессионалон æрмæджыты цымыдисимæ кæсынц газеткæсджытæ. Стыр тыхтæ хардз кæны Хуссар Ирыстоны æрдз, экологи бахъахъхъæныны тыххæй. Юрийы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны æрдз бахъахъхъæныны тыххæй хъæуы саразын æрдз хъахъхъæныны инспекци. Уагæвæрды проектыл бакуыста йæхæдæг. Афтæ ма  «Уæлдай бахъхъæнинагдæр территориты», «Цæрæгойты дуне»-йы тыххæй бакуыста закъоны проекттæ, кæцытæ æрвыст æрцыдысты Хицауадмæ. Сарæзта «Цуангæнджыты æмæ кæсагахсджыты» æхсæнадон организаци. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ Юри гуырдзиаг-ирон хæсты райдианæй абоны онг стыр куыст кæй кæны Хуссар Ирыстоны æрдз бахъхъхъæныны тыххæй.

Гæззаты Юрийы фырт Сослан активон хайад райста 2008 азы августы хæсты. Гуырдзиаг тыхæйисджыты ныхмæ хæцыд Гудзабары хъæуы кæрон раззаг хаххы, цыран бахаудысты знаджы æрхъулайы, фæлæ амондджын ирвæзт акодтой. Архайдта горæты æмæ Цхинвалы районы хъæуты территоритæ гуырдзиæгтæй асæрибар кæныны операцийы. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхджын æцыд «За воинскую доблесть»-ы 2-аг къæхæны майданæй. Каст фæцис академи хъæды хъуыддаджы фæдыл. Кусы Æрдзхъахъхъæныны комитеты дæлхайы сæйраг специалистæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.