Мæлдзыгæн, дам, йе ‘намонд куы æрцæуы, уæд ыл базыртæ базайы… Уый рагон, фыдæлтыккон æмбисонд у, адæмы зонды йæ цард бахсыста æмæ  ныффидар кодта. Фæстаг рæстæджы та сæ мæлдзгуытыл æнамонды базыртæ адæм сæхæдæг райдыдтой садзын. Сæ паддзахадты сæйраг фæзуатты! Демократи æмæ адæймаджы барты сæрыл тох кæныны æфсон – Ливийы, Украинæйы, Сомихстоны æмæ афтæ дарддæр… Æмæ сæ уыцы базыртæ кæдæм фæхастой, цæмæ сæ æркодтой, уыдæттæ дæр уынæм æмæ зонæм…

Цард сæмтъеры, арвистон фестад, адæм цæттæ сты кæрæдзийы хурхы сæртæм бавналынмæ. Цæмæн, цы ныл æрцыд, адæм? Афтæ кæй у, уый Фейсбуччы æддагон æмæ бынæттон «патриоттæ» дæр Бибиловы аххос кæнынц, фæлæ æндæр рæтты цытæ цæуы, уыдон уый «аххос» кæцæй уыдзысты?..

Ныр иу къуырийæ фылдæр бæстæ гуыз-гуыз кæны, Хуыцауы рахис цæсты судзгæ æхсидæвтæ тъыссынц, алыгъуызон фидистæ æмæ æлгъыстытæй зæххы хъуынхъис хæрынц Фейсбуччы патриоттæ: «ОМОН-æн дыууæ спецмашинæ цæмæн балхæдта, «Оборона»-йæн цæмæннæ æлхæны?»…

Фыццаджыдæр уый, æмæ алкæмæн дæр æлхæны, фадат æй куыд амоны, афтæ, дыккаджы та… Хуыцау мауал зæгъæд, фæлæ ма ахæм исты, зæгъгæ, уæд уыцы дыууæ спецмашинæйы кæмæн балхæдта, уыдон сæ сæ мæдты къабаты фæччиты бын бамбæхсдзысты?!. Уыдон дæр мах куы сты, махæн сæ куы балхæдта, уæд Хуыцауы фæздæгæй цæмæн марæм? Уыцы ОМОН-ы лæппутæ искуы сæхи бамбæхстой хæсты рæстæджы, алы хатт дæр-иу хæстæн йæ тæккæ цæхæры нæ уыдысты?..

Фæлæ афтæ: иугæр дæ Бибилов дæ бынатæй систа, иугæр дæ къæхты хъæрмæ нæ кафы, дæу куыд фæнды, афтæ нæ кæны, уæд алцæмæй дæр гыхх у, уæд бынтондæр хорзæй ницы сарæзта, адæмы, Ирыстоны знаг у…

Арв мæ куы ныццæва, уæддæр мын иу хабар ничи бамбарын кæндзæн: кæд нæ æцæгæй дæр рæстдзинад хъæуы, уæд æй ацы æнæхайыры Фейсбуччы фæскъуымты цæмæн агурæм? Æрбадæм ма иу ран оппозицийæ, позицийæ æмæ йæ, куыд æмбæлы, афтæ равзарæм. Афтæ чи дзуры, «Ирыстон ныры хуызæн сæфт никуы уыд, Бибиловæй æвзæрдæр президент нæм никуы уыд», уыдонæн цас зын у æмæ иу ран иумæ æрбадæм, райсæм фыссæнгæрзтæ æмæ алцы дæр иу урс гæххæттыл сауæй ныффыссæм: уартæ хæдбардзинад куы расидтыстæм, уыцы бонæй фæстæмæ нæм цыдæриддæр къухдариуæггæнджытæ уыд, уыдонæй чи кæцы азæй кæцы азмæ лæууыд республикæйы сæргъ, кæй рæстæджы цы фыдбылызтæ æмæ æнæраст хъуыддæгтæ æрцыд, кæй фæнадтой æмæ амардтой, уыдæттæ лыстæггай æмæ хронологион æгъдауæй ныффыссæм… Стæй ма фæзивæг кæнæм, республикæмæ кæй рæстæджы цас финансон фæрæзтæ фæцыд, æмæ уыцы фæрæзтæй цы разынд, цы нæм æрцыд арæзт, æппæт уыдæттæ бæстон ныффыссынмæ дæр.  Стæй сæ кæрæдзимæ æрæмных кæнæм æмæ райдайæм рæстдзинад агурын.

Фæлæ сæ нæ фæнды афтæ бакæнын, уымæн æмæ алкæй рæстдзинады, адæймаджы бартæ хъахъхъæныны мæт нæй! Нæ сæ фæнды уый тыххæй, æмæ уæд быдиттæй разындзæн, абоны рæстдзинадагурджыты кæддæрты тынгдæр кæй хъуыд рæстдзинады сæрыл сдзурыны сæр, фæлæ сæ дзыхты дон кæй дардтой… Присы сухты цагъд цы фæсивæды ныккодтой, уыдоны мæдтæ нырма дæр рæстдзинадмæ куы æнхъæлмæ кæсынц! Къуайсайы фæндагыл фыдмардæй кæй амардтой æмæ сæ мæрдты арф коммæ халæтты холыйæн кæмæн аппæрстой, уыцы лæппуты мæдтæн сæ судзгæ цæссыг куынæма басур!  Ахæстоны фыднадæй цы арцеуаг лæппуйы амардтой, уый хотæн иу фарсхæцæг дæр куынæ уыд, афтæмæй кæугæ-ниугæ куы агуырдтой рæстдзинад! Уæртæ æфсæнвæндаджы цур Æлбортæй цы æртындæсаздзыд лæппуйы амардтой, æмæ ма йæ туджы малы хаудæй дæр кæй æхстой, уый мадæн нырма дæр дзуапп куынæ радтой!

Æви уыцы мæдтæ тæригъæд не сты, уыдон дзидзидарджытæ нæ уыдысты?!.

Дзабиты лæппуйы æвæрæн бон газеты цы ныффыстон, уый абон дæр фыссын æмæ дзурын: чидæриддæр уыцы лæппумæ йæ къух систа, чидæриддæр азымджын у йæ мæлæты, уыдон хъуамæ æмбæлон дзуапп радтой закъоны раз дæр æмæ Хуыцауы раз дæр! Се хсæн мæ иунæг фырт куы разына, уæддæр!..

Фæлæ алцæмæн дæр ис фæтк æмæ æгъдау! Рæстдзинады сæрыл стохкæнын-хъом цы адæймаг нæу, ахæм адæймаг æхсæнадæн æнæпайда уаргъ у, ахæм адæймаджы цард æнæхъуаджы æмæ æнæмидис у. Фæлæ иугæр нæхи барадон паддзахад аразджытыл нымайæм, уæд уыцы барадыл цъыфкъахæй ма хъуамæ лæгæрдæм, лæгдзинад æмæ ирон æгъдау цъыфы ма хъуамæ æвдулæм, æнæхъуаджы макæй хъæбулты хъуамæ æлгъитæм, æнæаххосæй азым макæуыл хъуамæ æвæ-рæм!

Фейсбуччы фидистæ æмæ хахуыртæй нæ ирвæзынц паддзахадон информацион фæрæзтæ дæр, æфхæрд адæмы сæрыл сдзурын, дам, нæ уæндынц… Кæд, дам, цæфæй нæ мæлыс, уый та дын – рæхуыст! Кæд ма исты зонын, уæд газет «Хурзæрин» дæр паддзахадон информацион фæрæзтæм хауы, фæлæ дзы ацы æнæхайыры протестон акцийы фæдыл мыхуыр æрцыд цалдæр æрмæджы, кæцытæ уыдысты иуварсон, æрмæстдæр эмоциты бындурыл. Æмæ, ард уын хæрын, куыд редактор, афтæ йæ тынг хорз æмбæрстон, сæ ныммыхуыр кæнынæй нæ паддзахады сæргълæууæгæн ахæм уæззау æмæ æххуысхъуаг рæстæ-джы йæ фæсонты згæхæрд кард кæй ныс-саддзынæн, уый. Фæлæ сыл æрфыстон мæ къух…

Адæймаг цæйфæнды тыххæй куы æрцæуа ахст – азымджын уа æви ма уа, уæддæр никæмæн ис йæ фæнæмыны, йæ амарыны бар! Никæмæн! Уымæн æмæ закъон уый бар никæмæн дæтты. Фæлæ цалынмæ фæдагуырд кæронмæ бахæццæ уа, тæрхондон йæ уынаффæ рахæсса, уæдмæ никæмæн ис ахæм бар дæр, цæмæй президентæй дома генералон прокуроры йæ бынатæй сисын, уыцы домæн закъоны бындурыл куынæ уа, уæд! Мæн иу ныхысæрыййас дæр ницæмæн бахъуыд прокуроры сæрыл хæцыны сæр, фæлæ нæ иу æнæзакъонон хъуыддаг æндæр æнæзакъонон хъуыддагæй сраст кæнын æрмæстдæр сæфтмæ æркæндзæн. Стæй, бамбарæм æй æппынфæстаг, гукк – ам дзырд нæ дæр прокурорыл цæуы, нæ дæр, прокурор чи у, ууыл – дзырд цæуы закъон, фæтк  æмæ æгъдауыл.

Мæ ныхмæ та чи раста, алывыдтæ та мыл чи мыса, уыдонмæ мæм милуан фарст æмæ зæгъинагæй фылдæр ис, фæлæ мын уый фадат нæй. Скæндзынæн дзы иу хабары кой. Алчи дæр æй зоны, президенты кабинетмæ телефонимæ  бахизыны бар никæцы бæстæйы ис. Фæлæ Бибылты Анатоли йæ сæрмæ нæ бахаста, чи йæм бацыд, уыцы саударджытæн сæ телефонтæ райстаиккой, уый… Цы равдыста, уымæй? Ирон нæлгоймаджы уæздандзинад. Фæлæ йын куыд саргъ кодтой уыцы уæздандзинадæн?.. Цыдæриддæр дзырдта, уыдон сусæгæй фæфыстой æмæ сæ нырма дæр къахджын-къухджынтæй, алыгъуызон фидистæ æмæ судзаг æлгъыстытимæ фæйнæрдæм телефонтæм раппар-баппар кæнынц…

Зæгъут-ма уæ хорзæхæй, хорз адæм, уый æгъдау æмæ адæймагдзинад у æви худинаг æмæ мæлæт?..

Цас раст уæм кæсы, Ирыстоны адæмон хъайтар Джиоты Аланы (Парпат) мады æрцыдæй ахæм хуызы – примитивон æмæ мæнгардæй спайда кæнын? Цæмæн хъуыд æнæхъæн интернет-тыгъдады ныцитт-цитт кæнын, цыма сылгоймаг æрцыд протестон акцийы хайадисджыты фарсмæ балæууыны тыххæй?.. Цас лæгдзинад æмæ адæймагдзинад у, æртæ фырты кæмæн амардтой, уыцы мадæй спайда кæнын – æви уый мад нæу, уый дзидзидарæг нæ уыд! Стæй, мæ цæсгом уæм бахъæца, уыцы мады фырт кæйдæр фырттæй хъæбатырдæр лæппу уыд, ирддæр фæд ныууагъта йæ фæстæ Хуссар Ирыстоны сæрвæлтау хæсты дæр, мæхъæлы ныхмæ хæсты дæр æмæ Абхазы сæрыл хæсты дæр!..

… Горæтыл-иу гуырдзиаг нæмгуытæ ихуарæгау куы кодтой, ахæм рæстæджы дæр-иу Ног азы нæ хæствæллад сывæллæттæ æрæмбырд сты Театралон фæзуаты сæйраг назбæласы алыварс æмæ-иу фæцин кодтой сæ Ног азыл. Ацы аз нæ сæйраг наз бæлас æнкъард æмæ æрхæндæгæй лæууы… Æмæ мын йе рхæндæгдзинадæй мæ зæрдыл æрлæууын кодта иу хабар: нæхимæ, Залдайы,  цард уæздан, дзырддзæугæ æмæ æнæхъæн комбæсты кадджын сылгоймаг. Йæ ном, æвæццæгæн, Разиат хуындаид, фæлæ йæ иууылдæр Рази хуыдтам, йæ чызгон мыггаг Тыбылтæй уыд. Разийæн йæ хистæр фырт Олег хуынд –  Арвуациллайы хуызæн хъæбул. Схъомыл æй кодта йæ лæджы кары бацæуыны онг, афтæмæй йын æй æфсадмæ акодтой. Акодтой йын æй заргæйæ, фæлæ йын æй фæстæмæ сау табæты рарвыстой… Разийæн-иу йæ зæрдæ куы ныддур, уæд-иу йæ тыппыртæ суадзынмæ ацыд хъæуæй дзæвгар фалдæр, хъæдрæбынмæ, æмæ-иу уым йæхи ныхсадта йæ судзгæ цæссыджы… Бирæ мæ уарзта, мадау мæ рæвдыдта æмæ йæм барджын уыдтæн. Иу хатт æй бафарстон, цæмæн афтæ кодта, уымæй. Зæгъын, хæдзары-иу дæ ничи уагъта, хъæдрæбынмæ-иу цæмæн ацыдтæ кæуынмæ?.. Уый мын ахæм дзуапп радта:

«Гъе, дæ фæхъхъау, хъæубæсты сывæллæттæ рæзт, рæзгæ сывæллон та йæ алы цæргæ боныл дæр цин кæны. Уыцы сывæллæттæ мæ хъæбулы мæлæты бынтондæр ницы аххосджын уыдысты æмæ сын мæ зæрдæрыстæй сæ цард цæмæн хъуамæ æнад кодтаин?..»

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.