Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй нæ республикæмæ фæуазæг сты дард Израилы цхинвайлаг общинæйы делегаци, кæцыйы сæргъ лæууыд нæ горæты æмбæстæгтæй бирæтæн зындгонд Элион Виленчик. Уыдон, фыццаджыдæр, бацымыдис кодтой æмæ азылдысты, раздæр кæм цардысты сæхæдæг дæр æмæ сæ фыдæлтæ дæр, уыцы кварталыл. Израилаг уазджыты йæхимæ райста нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли æмæ куыд фæбæрæг, афтæмæй уыдонæн се ʻрцыды сæйраг нысан уыд райгуырæн бæстæ фенын æмæ, куыд гæнæн ис, уымæ гæсгæ  сæ кæддæры æмбæстагдзинад раздахын, цæмæй, зæгъгæ, нæхи ногæй банкъарæм Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй.

Израилы цхинвайлаг общинæйы делегацийы 15-æм сентябры сæрмагондæй фæхуыдтой Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетмæ. Фембæлды хайад райстой студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ. Уазджытыл арфæйы ныхæстимæ сæмбæлдысты университеты ахуыргæнджытæ æмæ уый фæстæ тымбыл фынджы уæлхъус Пæррæстаты Мананæ уыдоны базонгæ кодта студенттæн. Радзырдта сын, чи сты æмæ кæцæй фæуазæг сты,  Хуссар Ирыстонимæ сын цы иудзинад ис, æппæт уыдæттæ. Дзуттаг уазджытæ дæр сæ рады цыбыртæй радзырдтой сæхи тыххæй, сæ уидæгтæ кæцæй рацыдысты, кæм цардысты, кæцы скъолаты ахуыр кодтой, афтæ ма Хуссар Ирыстонæй цæмæн алыгъдысты Израилмæ æмæ уыцы ран та сæ царды хабæрттæ куыд кæнынц, æппæт уыдæттæ.

Лиана Датарашвили – уазджытæй сæ иу студенттæн радзырдта,  тынг æхсызгон ын кæй уыдис Хуссар Ирыстонмæ кæй æрцыдис, æмæ цы горæты схъомыл ис, уым ногæй йæ къах кæй æрæвæрдта, уый. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй йын Цхинвалæй Израилмæ ацæуын дыууæ сывæллонимæ уыдис тынг зын. Зын та йын уымæн уыдис, æмæ йæ ныфс нæ хаста йæ райгуырæн зæхх ныууадзын æмæ æцæгæлон бæстæйы  ног цард саразынмæ. Фæлæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндоны æмæ уый фæстæ та Мæскуыйы цы зонындзинæдтæ райста йæ ахуыры рæстæджы, уыдон ын стыр ахъаз фесты æцæгæлон бæстæйы царды зындзинæдтыл фæуæлахиз уæвынæн. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр йæ хъуыдыйæ нæ хауд кæддæры сабыр, рæсугъд æмæ чысыл горæт Цхинвал. Лиана йæ мысинæгты арæх æрæмысы, ам цы рæстæг фæцард, уый. «Стыр бузныг, кæй нæ æрхъуыды кодтат æмæ нын ахæм фембæлд кæй сорганизаци кодтат. Мах кæсæм студенттæм æмæ сæ нæ зæрдæ рухс кæны. Æз зæгъдзынæн уый, æмæ куыд раздæр, афтæ ныр дæр кæй хъомыл кæнут диссаджы фæсивæд. Уый бæрæг у æмæ махæн дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон у. Æз мæхæдæг райдиан кълæсты ахуыр кодтон 2-æм астæуккаг скъолайы æмæ уый фæстæ мæ ахуыр адарддæр кодтон 6-æм астæуккаг скъолайы. Израилмæ алыгъдыстæм цæрынмæ 1991-æм азы æмæ уыцы бонæй абонмæ дæр арæх мæ фынты фæуынын Цхинвалы. Æз кæд иронау тынг хорз нал дзурын, уæддæр æй æмбарын. Мæ зæрдæйæн тынг адджын у Хуссар Ирыстон. Израилы кусын Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады æмæ уый та уымæн зæгъын, æмæ мын стыр ахъаз кæй фесты, Цхинвал æмæ Мæскуыйы цы ахуырад, зонындзинæдтæ райстон, уыдон», – сæрбæрзондæй дзырдта Лиана. Ахуыргæнджытæм сæвзæрдис фарст, зæгъгæ, кæд медицинæйы фадыджы кусыс, уæд æй зондзынæ Хуссар Ирыстонæй уæм бахатынц се ʻнæниздзинады тыххæй, цæмæй Израилы схос кæной. Уæд сын Лиана загъта, зæгъгæ, конкретонæй уымæ кæй не ‘рбахатынц, фæлæ сæм кæддæрты хос кæнынмæ кæй ацæуынц.

Мзия Йосебашвили дæр райгуырдис æмæ схъомыл ис Цхинвалы. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй (дзургæ кодта иронау) 15 азы бæрц бакуыста горæты поликлиникæйы медицинон хойæ. «Бузныг уын нæ фысымтæ, афтæ нæ кæй сбуц кодтат æмæ ныл æхсызгонæй кæй æмбæлут, уый тыххæй. Æз тынг арæх æрымысын мæ раздæры куыст, ме ʻмкусджыты иууылдæр. Бирæ уарзын ирон адæмы æмæ мын тынг æхсызгон у, кæй æрцыдтæн Ирыстонмæ æмæ нæхи ирон адæмы ногæй кæй федтон, уый. Горæт фæивта йæ хуыз. Бацыдтæн æмæ федтон, кæм схъомыл дæн, уыцы район дæр. Азылдыстæм горæты уынгты, фæзынд дзы бирæ ног бæстыхæйттæ.

Æз хорз хъуыды кæнын уый, æмæ гуырдзиаг-ирон хъаугъайы рæстæджы 1990-æм азты мах Цхинвалы куыд цардыстæм æнæ рухс, газ, дон æмæ æххормагæй. Нæ ирон лæппутæ куыд хъæбатырæй лæууыдысты знаджы ныхмæ æмæ адæмæн куыд æххуыс кодтой, уый абон дæр мæ цæстыты баззад», – загъта Мзия Иосебашвили. Уый ма æрæмбырдуæвджытæн æрæмысыд иу æхсызгон цау, кæцыйы абон дæр нæ рох кæны. Поликлиникæйы кусгæйæ сæм тынг сыгъдтытимæ бахауд фондзаздзыд сывæллон. Дохтыртæн сæ бон баххуыс кæнын кæй нæ уыд чысыл лæппуйæн, ууыл басастысты æмæ йæ ныййарджытæн бамбарын кодтой. Уæд Мзия Иосебашвили бавдæлд æмæ æрцæттæ кодта, уæды рæстæджы дзуттæгтæ цы сыгъды хос арæзтой, уый æмæ сывæллон мæлæтæй фервæзт. «Мæн тынг фæнды, цæмæй уыцы сывæллонимæ фембæлон æмæ зæрдылдарынæн йемæ мæ къам уæддæр сисон. Æз уыцы сывæллонмæ кастæн куыд мæхи сывæллонмæ, афтæ æмæ йæ мæлæтæй дæр байстон», – худгæйæ дзырдта Мзия.

Уазджыты ‘хсæн ма уыдысты Мераби Джанашвили, Сесилия Джанашвили æмæ Элион Виленчик. Уыдон дæр æрæмысыдысты сæ царды хабæрттæ Цхинвалы æмæ ныртæккæ Израилы куыд цæрынц, цавæр цардуаг дзы ис, æппæт уыдæттæ. Студенттæм цымыдис сæвзæрын кодта Израилы лæппуты æмрæнхъ чызджытæ дæр æфсады кæй службæ кæнынц, уый. Чызджытæн се службæйы рæстæг у дыууæ азы æмæ лæппутæн та – æртæ азы. Студенттæ ма ногæй цы фехъуыстой, уый уыдис дзуттæгтæ сабат боны артмæ кæй не ‘внæлдтой æмæ-иу сæ хæдзæртты уазал боны дæр пецты сæхæдæг кæй не ‘ндзæрстой. Уыдон-иу фæдзырдтой нæ горæты цæрджытæй искæмæ нæлгоймæгтæй æмæ-иу сын уыдон æхцайыл(арæх фыстой 20 къаппеччы) сæ пецты арт кодтой.

Дзуттæгтæ Цхинвалы куы цардысты, уыцы рæстæджы тыххæй йæ мысинæгтæ загъта Пухаты Аллæ. Уый ма бакаст Элион Виленчикы фыды æмдзæвгæтæй иу æмæ радзырдта, арæх-иу сæ фæндаг кæй уыдис уыцы кварталыл. Цхинвал уæд нымад кæй цыдис бирæнацион горæтыл æмæ хæларæй кæй цардысты иумæ.

Элион Виленчик бузныг загъта Пухаты Аллæйæн афтæ хорз кæй хъуыды кæны уыцы рæстæг æмæ сæм хъарм ахаст кæй дары, уый тыххæй. Уый дæр студенттæн æрæмысыд йæ кæддæры цард Цхинвалы æмæ банысан кодта, зæгъгæ, бирæ азтæ рацыдис, цхинвайлаг дзуттæгтæ Израилмæ куы ацыдысты, уæдæй æмæ сæ фæсивæдæн хъæуы дзурын æмæ амонын. Уымæн æмæ уый у истори æмæ йæ нæ хъæуы рох кæнын.

Элион Виленчик студенттæн радзырдта, зæгъгæ, дзуттæгтæ Цхинвалы рагондæр цæрджытæй кæй сты æмæ сын цымыдисон истори кæй ис.

Фембæлды кæрон уазджытæ æмæ университеты ахуыргæнджытæ æмæ студненттæ зæрдылдарынæн систой сæ къамтæ дæр.

* * *

Уыцы бон ма Израилы цхинвайлаг общинæйы минæвæртты йæхи-мæ райста ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим. Уый, фыццаджыдæр, арфæ ракодта уазджытæн æмæ банысан кодта Элион Виленчикимæ арæх кæй фембæлынц æндæр æмæ æндæр мадзæлтты. Сæрмагондæй та фонд «Русский мир» цы ма-дзæлттæ фæуадзы, уыцы ран. «Мæнæн тынг æхсызгон у уый æмæ Элион Юрийы фырт кæй у не ʻмзæххон æмæ кæддæриддæр хъарм ахаст кæй дары нæ паддзахадмæ. Зæрдиагæй æрæмысы йæ райгуырæн зæхх æмæ ардæм кæй æрцæуы, уый та дзурæг у, райгуырæн бæстæмæ йе ʻнæкæрон уарзондзинадыл. Уымæн, куыд йæ бон у, афтæ æххуыс кæны Хуссар Ирыстонæн, нæ фæсивæдæн æмæ дзы бузныг стæм», – загъта Тедеты Вадим. Дарддæр уый бахатыд Элион Виленчикмæ, цæмæй йæ базонгæ кодтаид йæ делегацийы скондимæ. Уазджытæ загътой сæхи тыххæй æмæ уый фæстæ университеты ректор ныхас айста йæхимæ æмæ цыбыртæй радзырдта ХИПУ-йы тыххæй. «Æз мæхæдæг цæттæгæнæн ахуыртæм цыдтæн уыцы рæстæджы зындгонд физик Рафик Джанашвилимæ æмæ мын тынг æхсызгон у, абон мæ фарсмæ йæ хæстæг кæй ис, уый. Хорз ма йæ хъуыды кæнын, уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны педагогон институтæн уыдис йæхи хорз традицитæ æмæ Советон Цæдисы рæстæджы нымад цыдис куыд иууыл хуыздæр педагогон институттæй сæ иу, афтæ. 1993 азы нæ институты ракодтой университеты статусмæ æмæ уæдæй абонмæ кæны рæзгæ. Йæ авналæнтæ фæуæрæх сты алы æмæ алы специалисттæ рауадзыны хъуыддаджы. Уый та дзурæг у ууыл æмæ нæ республикæйæн кæй цæттæ кæнæм хъæуæг кадртæ.

2014-æм азы нæ университет рахызт Ахуырады министрады дæлбарæй æмæ ныртæккæ стæм комкоммæдæр Президенты дæлбар, ома, райста автономон статус. Мах серьезон ахаст дарæм студентты ахуыр-хъомыладон процессмæ, стыр хъусдард здахæм æхсæндунеон æмгуысткæнынадмæ. Уæрæсейы Федерацийы бирæ уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ кæй æмгуыст кæнæм, уый нын бирæбæрцæй фæахъаз алыгъуызон фарстытæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы. Æз куыд зонын, афтæмæй Израилы ахуырад ис тынг бæрзонд æмвæзадыл æмæ, кæд гæнæн ис, уæд уæ курæг дæн, цæмæй Израилы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæдæттимæ æмгуыстады фæдыл саразæм бадзырдтæ», – загъта Тедеты Вадим.

Ацы хъуыддаджы тыххæй Элион Виленчик загъта, зæгъгæ, Израилы нæй паддзахадон университеттæ, ис сæм æрмæст хисæрмагонд уæлдæр ахуыргæнæндæттæ. Элион Виленчик ныфс бавæрдта Израилы уæлдæр ахуыргæнæндæтты ректортæй искæимæ кæй аныхас кæндзæнис, фæлæ Хуссар Ирыстоны университетæй дæр кæй хъæуы арвитын фыстæг. Тедеты Вадим сразы ис ацы хъуыдыимæ æмæ загъта, æппæт дæр кæй сараздзысты уый тыххæй. Уый фæстæ университеты ректор уазджытæн балæвар кодта фотоальбомтæ Ирыстоны нывтимæ.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.