25 азы сæххæст Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордыл. Йæ сырæзт та æнгом баст у Гæззаты Вадимы номимæ.

Фыдыбæстæ сиды æххуысмæ! Ацы ныхæстæ цыфæнды адæймаджы зæрдыл дæр æмбæлынц нæмыгдзæфау. Æрмæст ацы сидт алкæуыл дæр йæхирдыгонау бандавы: иуты баразæнгард кæны йæ удыл æнæауæрдгæйæ, Фыдыбæстæйæн балæггад кæнынмæ, иуæй-иутæ та сæ ницæйаг удтæн тæрсгæйæ, лидзынмæ фæвæййынц. Цахæм фæндаг равзардзæн адæймаг, уый бирæбæрцæй, цахæм æхсæнад æмæ бинонты ‘хсæн хъомыл кодта, уымæй кæнгæ у. Алы хæдзарæн дæр йæхи фарн ис. Фыдæлты фарнæй цы хæдзар вæййы хайджын, æгъдæуттæ цы хæдзары тынгдæр хъахъхъæд цæуынц, уыцы хæдзар адæмы ‘хсæн нымаддæр вæййы. Гъе, ахæм фæрнджын хæдзары рæзт, дзæнæты бадинаг, Гæззаты Вадим Герсаны фырт, нæ республикæйы ныртæккæ дæр цы Милицийы Сæрмагонд Нысаниуæджы къорд архайы, уый саразæг. Æмæ ныр ОМОН-ы сырæзтыл 25 азы куы æххæст кæны, уæд ын йæ ном ма æрымысæм, уый бар нын нæй.

Гæззаты Вадим райгуырд 1957 азы 1-æм майы. 1974 азы каст фæци 5-æм астæуккаг скъола æмæ йæм æрсидтысты æфсæддон рæнхъытæм. Йе ‘фсæддон хæс бафыста г. Ивановойы. Æрæздæхт йæ райгуырæн горæтмæ æмæ кусынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны горæты мидхъуыддæгты хайадмæ шофырæй. Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй адæймаг фæрнджын бинонты ‘хсæн куы рæза, уæд æнæмæнг рахæссы уыцы фарн. Вадим дæр куысты мидæг йе ‘гъдау, йæ куыстуарзондзинадæй цæвиттойнаг уыд. Горæты мидхъуыддæгты хайады къухдариуæгад æй ахуырмæ арвыстой Ташкенты милицийы уæлдæр скъоламæ. Ахуырæй æрæздæхт æмæ куыста æндæр æмæ æндæр бæрнон бынæтты. Йæхицæн бинойнагæн æркодта, йæхийау æгъдауджын æмæ уæздан сылгоймаг Æлборты Нанулийы, райгуырд сын фырт дæр. Бинонтæ сæхицæй амондджындæр никæй æн-хъæлдтой. “Чысыл Сосикы ахæм æнахуыр уарзт кодта Вадим æмæ йын нæ хъæцыд йæ фынæйыл дæр”, – зæгъы Гæззаты Вадимы цардæмбал Нанули. Чизоны йæ сонт удæй æмбæрзта, бирæ рæстæг ын лæвæрд кæй нæй а-дунейыл, уый. О, фæлæ къаддæр нæ уарзта йæ фыдыбæстæйы дæр. Йæ интервьютæй иуы афтæ загъта: «Мæ Райгуырæн бæс-тæйы амондджын фидæны тыххæй Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ мæ иунæг бындар, мæ чысыл хъæбул Сосикы цард куы бахъæуа, уæд æз разы дæн, уый йæ туджы мæцгæйæ дæр мæ Ирыстоны къуымты мæ къухыл фæрахæсс-бахæсс кæнынмæ. Æрмæст уый фæстæ амардзынæн мæхи дæр…», – дзырдта Вадим сомыйы хуызы, Уæрæсейæ нæм цы журналисттæ æрцыд, уыдонæй.

Адæймагæн йæ уды хуыздæр миниуджытæ зындзинады рабæрæг вæййынц. Йæ райгуырæн бæстæмæ уарзт дæр, кæд ацы ныхæстæ карз сты, уæддæр уыдонæй равдыста Вадим. Бирæтæ, чизоны Вадимы æмбаргæ дæр нæ бакодтой, уымæй йæ цы зæгъын фæндыд, ууыл лыстæг хъуыды дæр нæ акодтой. Фæлæ уый уыд æмбæхст сидт ирон адæммæ, фидæны нæм цы зындзинæдтæ æнхъæл-мæ каст, уыдоны иувæрсты хизын кæй нæ хъæуы.

Хæсты азты Гæззаты Вадимæн тынгдæр рабæрæг сты йæ удыхъæды хуыздæр миниуджытæ: хъæбатырдзинад æмæ Райгуырæн зæххмæ уарзондзинад. Фæлæ йын хъысмæтæй нывгонд нæ уыдис, цы райгуырæн зæххы сæрыл тох кодта, уым, йæ царды бонтæ кæронмæ батонын.

… Уыд 1991 аз. Уæд уавæр æндыгъд æмæ карз уыдис. Гамсахурдиайы лæгхортæ хотыхджынæй лæбурдтой хъæутæм, горæттæм. Горæт цæмæй хъахъхъæд цыдаид, уый тыххæй æндæр æмæ æндæр рæтты, куыд зонæм, афтæмæй арæзт цыдысты хъахъхъæнынады къордтæ. Уыдон-иу сæхицæн сæвзæрстой хæстон хъуыддæгтæм æвзыгъддæрты командиртæй. Уæд Цхинвалы гормилицийы хистæрæй куыста Тедеты Хъазбег æмæ фæндон бахаста, цæмæй милицийы кусджытæй дæр арæзт æрцæуа ахæм къорд. Йæ хæс хъуамæ уыдаид, иннæ хотыхджын къордтæн æххуыс кæнын. Æрæмбырд сты, хорз фæлтæрддзинад кæмæ уыд, ахæмтæ 10-12 лæппуйæ. Хъуыд сæ командир равзарын, хуыздæр кæуыл æууæндыдаиккой, организаторы миниуджытæ кæмæ уыдаид æмæ ныфсхаст чи уыдаид, ахæм. Ахæм та уыд Гæззаты Вадим. Райдайæны Вадимы къордæн ном дæр нæ уыд. Æппæт амæлттæй æххуыс кодтой æндæр къордтæн, тæссагдæр рæтты-иу балæууыдысты сæ фарсмæ. Ифтонг уыдысты æрмæст табелон хæцæнгарзæй. Къордмæ чи цыд, уыдоны Вадим æвзæрста лæмбынæг, цæмæй дзы ма уа, уды фарн кæмæ нæй, ахæм адæймаг. Авторитетджын уыд ацы къорд æмæ йæм кæй фæндыд бацæуын, уыдоны нымæц фылдæрæй-фылдæр кодта. Гъе, афтæ сырæзт цадæггай Милицийы Сæрмагонд Нысаниуæджы къорд. Коцты Гри уæд Облæххæсткомы куыста. Уый разыйы ныхасæй, ссыдысты Тулдзы къохмæ æмæ уым æрбынат кодтой.

Ацы къорды сырæзт дуджы домæн уыд. Уымæн æмæ уыцы рæстæджы, хъыгагæн, тох кæнын хъуыд, канд Гуырдзыстоны экстремисттимæ нæ, фæлæ ма нæхи фæсивæдæй, стабилон цард кæй нæ фæндыд, уыдоны аххосæй кæй зонд сзыгъуыммæ, уыдонимæ. Нæ лæппутæй чидæртæ къæрных æмæ æндæр фыдракæндтыл фæцайдагъ сты, хъуыд сæ æруромын æмæ уыцы хæс сæхимæ райстой ацы къорды лæппутæ. «Карз рæстæджытæ алчи не сфæразы. Иутæ нæ бабыхсынц зындзинæдтæн æмæ хуыздæр, æнцойдæр цардæн, искæй мулкæй сæхи схъæздын кæныны фæндаг равзарынц. Ахæмтæ канд мыггаг худинаггæнджытæ не сты, фæлæ ма наци дæр. “Мæ къорды лæппутæ æнцон цард агурæг не сты. Мах иууылдæр иу кæны иу хъуыды – уæззау, фыдæвзарæнты ныххауæг Ирыстонæн баххуыс кæнын, хъизæмæрттæ æвзарæг адæмы æнцой ба-лæууын. Равзæрст фæндагæй нæ фæиппæрд уыдзыстæм”, – дзырдта Гæззаты Вадим.

Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста Милицийы Сæрмагонд Нысаниуæджы къорд, бирæ тæссаг уавæрты бахаудысты сæ командир Гæззаты Вадимимæ. Сæфтой се ‘мбæлтты, цух кодтой сæ рæнхъытæ, уæддæр сæ хъуыддагыл æнувыд уыдысты. Нæ нырыккон историйы рæнхъыты сау дамгъæтæй фыст æрцыд 1992 азы ТЭК куы систой гуырдзиаг фашисттæ, уыцы бон. Уырдыгæй нал æрыз-дæхтис ацы къорды лæппутæй цалдæр. Ацы пост уыд иуыл ахсджиаг-дæр, уымæн æмæ горæтмæ фæндаг ууылты цыд. Уый æмбæрстой Гæззаты Вадимы къорды лæппутæ æмæ дзы сæвæрдтой сæхи сæрмагонд пост. Æмæ канд ТЭК нæ – тæссаг уавæр-иу кæмдæриддæр сæвзæрд,  уырдæм-иу фæдисы цыдæй цыдысты. Кæддæр Вадиммæ йæ мад Пухаты Замирæ бахатыд, ома, мах дæр иннæ адæмтау нæ мулк бааууон кæнæм нæ цæгаттаг хæстæджытæм. Уый тыххæй Вадим радта ахæм дзуапп: «Кæд æмæ ирон адæм састы бынаты баззайой ацы æнæмсæр хæсты, уæд мæн нал хъæудзæн нал дæр мулк æмæ нал дæр хæдзар».

Гæззаты Вадимы хуызæн рухс адæймæгты фæрцы бафтыд нæ къухы нæ абоны стыр уæлахиз – хæдбар уæвын.

1993 азы 11-æм июны Гæззаты Вадимы амардтой, Ирыстоны стабилондзинад уа, уый кæй нæ фæндыд, ахæм бынæттон фыдгæнджытæ. Йемæ ма фæмард сты Тыджыты Васили, Коцты Таир æмæ Зæгъойты Владимир. Уый уыдис æрдæгæхсæв. Райсом горæты адæмыл ацы æвирхъау цау куы айхъуыст, уæд дурдзавд фесты, уымæн æмæ уый уыдис ирон адæмы иумæйаг трагеди. Хъыгагæн, ацы цау йæ фæдыл расайдта дестабилизаци æмæ йын уыд æвзæр фæстиуджытæ…

Ныртæккæ нæ республикæйы Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд хæссы Гæззаты Вадимы ном. Иу фæлтæр ивы иннæйы. Гæззаты Вадимы номæн кад кæнын, ацы къордæн у æнæмæнг хъуыддаг, куыстмæ уый методтæ æмæ цæстæнгас сты æнæмæлгæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.