Æнцонтæй, грациозонæй уый рамбылдта, аивадон гимнастикæйы гæнæн цæмæн уыд, æппæт уыцы хорзæхтæ. 10-æм ноябры та йын саккаг кодтой сыгъзæрин «кады венок», кæцыйы ма хонынц «спортивон Оскар» дæр. Уый у иууыл престижондæр преми спортивон кино æмæ телеуынынады дунеон федерацийы фестивалы. Фестиваль уагъд цыд Италийы Миланы. Жюрийы хъуыдымæ гæсгæ зынгæ спортсменæн ис уæлдай лæггæдтæ, уымæн йæ бон ссис спортмæ бирæ адæмы æрбакæнын. Цыт æмæ уарзондзинады нысанæн Алина Кабаевайæн хорзæх радта аивадон гимнастикæйæ Италийы æмбырдгонд.

Миланы форум у уыцы иурæстæджы спортивон кино æмæ телеуынынады 20 фестивалы финал, кæцытæ уагъд цыдысты ацы аз алы бæстæты. Мидисмæ гæсгæ у дунейы телеуынынады чемпионат. Æрмæст дзы спорты тыххæй программæтæ чи аразы, уыцы каналтæй хайад райстой 1 725 телеканалы. Уыдоны ‘хсæн уыд Уæрæсейы фыццаг канал дæр. Фестивалы рæстæджы уагъд æрцæуы зынгæ атлетты, актерты, æхсæнадон архайджыты хорзæхджын кæныны церемони дæр. «Алы спортсмен дæр тырны максималон фæстиуджытæм – иууыл егъаудæр ерыстæ рамбулынмæ. Æмæ уый саразын къухы куы бафты, уæд сæ разы сæвзæры æндæр хæс, чизоны кады пьедесталы уæлдæр къæпхæнмæ схизынæй ноджы ахсджиагдæр хæс», – банысан кодта Алина Кабаева. Профессионалон спортæй цалынмæ нæ ацыд æмæ уый размæ дæр Кабаева æппæт дæр арæзта, цæмæй спорты йæ уарзон хуыз аивадон гимнастикæйæ архайой, куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр адæм дунейы. Уый тыххæй 2009 азы Уæрæсейы сорганизаци кодта сывæллæтты турнир «Алина», зæгъгæ. Дунейы ахæм ницы ис куыд масштабмæ, афтæ организацимæ гæсгæ дæр. Турнир «Алина» уæвынад кæны 12 азы æмæ дзы уыцы рæстæджы хайад райстой 10 мин æвзонг гимнасткæйы.

АЛИНА КАБАЕВАЙÆН – ФЕСТИВАЛЫ УÆЛДÆР ХОРЗÆХ

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм уый дæр, æмæ Алина Кабаева стыр лæггæдтæ кæй бакодта Хуссар Ирыстонæн дæр. Йæ фонды финансон фæрæзтæй  арæзт æрцыд спортивон комплекс «Олимп», кæцыйы абон тренировкæ кæнынц хуссарирыстойнаг сæдæгай спортсмены, уагъд дзы æрцæуынц егъаумасштабон алыгъуызон ерыстæ.

Алина Кабаева спортивон галуан саразын сфæнд кодта  2008 азы августы хæсты фæстæ, Цхинвалмæ æрцæугæйæ, спортсментæ цы уавæрты тренировкæ кæнынц, уый куы федта, уæд. «Фæхуыдтой мæ спортзалæн маттæ æрласынмæ æмæ залмæ куы бахызтæн, уæд сæ афарстон: «Ам та сæ куыд æрæвæрæм?!». Алцы дæр дзы уыд пырх, йæ цар та  уыд стыр хуынкъ. Уæд сфæнд кодтон гимнастикон зал ногæй саразын. Фæлæ фæстæдæр бамбæрстон, кæй хъæуы спорты галуан саразын, цæмæй дзы трени-ровкæ кæной сывæллæттæ спорты алы хуызтæй», – загъта Алина Кабаева.

Спортивон галуан гом æрцыд 2015 азы октябры мæйы. Цытджын мадзалмæ Кабаеваимæ æрцыдысты бирæ зындгонд спортсментæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ галуан аразын куы райдыдтой, уæд йæ разы æвæрд кæй æрцыд капсула, кæцыйы скъахдзæн ацы залæй фыццаг Олимпиаг чемпион.

Алина Кабаева 2009 азæй фæстæмæ æрвылхатт дæр йæ фестивальмæ фæхоны хуссарирыстойнаг сывæллæтты. Арæх сын фадат радты, цæмæй ма сæ арæхстдзинад равдисой фестивалы гала-концерты дæр. Сывæллæттæм тынг хъарм ахаст кæй дардта, уый зындис, Хуссар Ирыстонмæ-иу куы æрцыд, уæд. Сывæллæттыл-иу афтæ цин кодта æмæ-иу дзы куы иуы фелвæста йæ хъæбысмæ, куы та – иннæйы.

Мах дæр арфæ кæнæм Алина Кабаевайæн, ахæм стыр хорзæх ын кæй саккаг кодтой, уый тыххæй.

Хуриты  Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.