ИС ÆМÆ МА УЫДЗÆН ИВЫНДЗИНÆДТÆ

31 октябры уыд Хицауады ног сконды рабадт Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй.

Президент раарфæ кодта ногæй снысангонд министртæн, загъта сын сæ куысты æнтыстыты фæндиæгтæ.

«Мах раздæр куыд дзырдтам, афтæмæй нæ бон куы уа искæцы фадыджы уавæр фæхуыздæр кæнын, уæд æй æнæмæнгæй сараздзыстæм. Æвæццæгæн, ноджыдæр ма уыдзæн ивындзинæдтæ. Уый нормалон процесс у», – загъта Президент.

 

«ЭНЕРГОРЕСУРС – ХУССАР ИРЫСТОН» ПАДДЗАХАДЫ  БЮДЖЕТÆЙ РАЙСДЗÆН СУБСИДИ

Хицауады рабадты дзырдтой «Энергоресурс»-æн паддзахадон бюджетæй субсиди радтыны фарстыл.

Фарст раразмæ кодта Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Гаглойты Барис.

«Фæнд цæуы «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-æн субсидитæ рахицæн кæнын Уæрæсейы Федерацийы ПАО «Интер – РАО»-йы раз йæ хæстæ бафидыны тыххæй.

Министрты кабинет ацы фарст аскъуыддзаг кæныны фæтк сфидар кодта.

Министрты кабинет ивындзинæдтæ бахаста Ахуырад æмæ зонады министрады фæдыл уагæвæд  сфидар кæнын тыххæй уынаффæмæ.

Ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан йæ доклады загъта, зæгъгæ, проект арæзт æрцыд, ахуырады фадыджы, бæлвырддæрæй та официалон документты апостиль сæвæрыны тыххæй министрады уагæвæрд дзуапп кæй нæ дæтты закондæттынады нормæтæн, уыцы нысанæн.

«Абоны бон министрадæн ис апостиль бафыссыны функционалон бар, Хуссар Ирыстон нæу Гаагайы Конвенцийы хайадисæг æмæ уый тыххæй министрадæн йæ бон нæу ацы функционал æххæст кæнын», – бамбарын кодта Лолаты Аслан.

Ацы закъоны проект дæр министрты кабинет æмхъæлæсæй хорзыл банымадта.

Хицауады рабадты æрцыд кадрон ивындзинæдтæ дæр. Козаты Аланы снысан кодтой Цхинвалы горæтон администрацийы сæргълæууæджы хæдивæгæй.

Министрты кабинеты разыйæ йæ бынатæй сæрибар æрцыд Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Девидзе Резо.

Финансты министр Тадтаты Дзамболат куыд радзырдта, афтæмæй Знауыры районы Дзагъинайы хъæуккаг Плиты Этерийæн паддзахадон бюджетæй рахицæн хъæуы æхцайы фæрæзтæ, 2023 азы 28 сентябры йæ исад кæй басыгъд, уый тыххæй.

Хъæлæсæппæрсты руаджы министрты кабинет ацы фæндоныл сразы.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.