Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд Хицауады æнæрадон рабадт, кæцыйы боны фæткмæ хаст æрцыд «Коронавирусон инфекци COVID-19 ма æрбуадзынимæ мадзæлтты æм-гъуыдтæ адарддæр кæныны тыххæй» фарст.

Хицауады Сæрдар бахæс кодта сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæйæн, цæмæй кусыны бар кæмæн уыдзæн, уыцы объектты кусджытæн бамбарын кæной дезинфекци ауадзыны фæткойтæ æмæ ма уадзой адæмы бирæгæйттæй тымбыл кæнын.

Бар лæвæрд нæ цæуы кафетæ, ресторантæ, æхсæнадон хæлцады объекттæ, ирхæфсæн центртæ, тренажерон æмæ спортивон залтæн сæ архайд снæуæг кæнын, афтæ ма сывæллæтты аттракционтæн дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.