Пухаты Эрикы сæрдариуæгадæй уыд Хицауады радон рабадт. Боны фæткы уыд фарст «Коронавирусы инфекци COVID-19-ы ныхмæ архайдимæ баст иуæй-иу фæкъуындæггонд мадзæлтты тыххæй». 

Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, коронавирусы инфекци æрхæццæ Хуссар Ирыстонмæ дæр, уымæ гæсгæ фæкъуындæггонд мадзæлтты адарддæр кæнын хъæуы 2020 азы 31 майы 23 сахат æмæ 59 минуты æмгъуыды онг.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ сыхаг паддзахадты цы  эпидемиологон уавæр сæвзæрд, уый фæстиуæгæн æнæмæнгхъæуæг у фæкъуындæггонд мадзæлтты адарддæр кæнын, цæмæй рынчынты нымæц ма фæфылдæр уа æмæ вирус ма апарахат уа, уый тыххæй», – банысан кодта Пухаты Эрик.

2020 азы 31 маймæ æхгæд уыдзысты  сывæллæтты хиирхæфсæн центртæ æмæ аттракционтæ, компьютерон клубтæ, физикон культурæ æмæ спорты объекттæ, тренажерон залтæ, бассейнтæ, секцитæ, æхсæнадон хæлцады объекттæ, ресторантæ æмæ кафетæ.

Ахуыргæнæн уагдæтты се ‘ппæты дæр 31 маймæ ахуырадон процесс æххæст кæндзысты дистанцион формæйы, Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны  паддзахадон университеты  автоскъолайæ дæрддæр.

Фæкъуындæггонд мадзæлтты æмгъуыдмæ, æнхъæлцау сылгоймæгтæ, 65 азы кæуыл сæххæст, уыцы адæймæгтæ æмæ хроникон низтæй (сæкæрниз, бронхиалон астмæ, уыргты хроникон низтæй, онкологийы низæй, инфаркт кæнæ инсульт кæмæн уыд, уыцы рынчынтæн бар ис хæдзарон уавæрты хиизоляцийæн, сæ куыстмызд сын бахъахъхъæнгæйæ.

Куыстмызд бахъахъхъæнгæйæ, куыс-тæй ссæрибар кæныны бар ис, 10 азы онг сывæллон цы бинонтæн ис, уыдонæй сæ иуæн.

Мадзалы раныхас кодта сæйраг сани-тарон дохтыр Коцты Маринæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 8 апрелы лабо-раторон бæрæггæнæнтæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны  рабæрæг коронавирусы инфекцийæ 15 рынчыны.

«Карантины сты 244 адæймаджы, уыдонæй 160 сты уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ, 6 – шофыртæ æмæ 78 та, Цæгат Ирыстонæй чи æрцыд, уыцы æмбæстæгтæ», – бамбарын кодта Коцты Маринæ.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ныртæккæ 37 адæймаджы æнхъæлмæ кæсынц тестты фæстиуджытæм.

Хицауады уæнгтæ дæр æмхъæлæсæй сразы сты, «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы фыццаг хаймæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны иуæй-иу закъондæттæг акттæм ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» за-къоны прокты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады уынаффæ райсыныл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.