Республикæ Хуссар Ирыстоны 2023 азы Паддзахадон бюджеты тыххæй «Инвестицион архайды тыххæй», «Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуысы тыххæй», «Сырх Дзуары æппæтадæмон æхсæнадон комитеты дарддæры архайд», «Республикæ Хуссар Ирыстоны цалдæр закъоны проект», «Æнæниздзинады министрæн ног хæдивæг снысан кæнын» æмæ æндæр фарстатæ скъуыддзаг кодтой 20-æм декабры азы хатдзæгты фæдыл Хицауады æмбырд.

Æмбырд уагъта Хицауады сæрдар Джуссойты Константин.

Цæрæнуатон коммуналон лæггæдты æппæт тарифтæ дæр баззайдзысты æнæаивгæйæ 2024 азы. Уыдон ма фæстаг хатт схызтысты 2023 азы мартъийы æмæ июлы мæйты», – фехъусын кодта Экономикæйы министр Хъотайты Сæрмæт.

Контролон-нымайæн палатæйы сæргълæууæг Плиты Алымбег ацы фарсты тыххæй цымыдис кодта, кæд æмæ ЦКХ лæггæдтæ æнæаивгæйæ баззайдзысты, уæд уый куыд бандавдзæн æртаджы хæрдзтыл. Хъотайты Сæрмæт куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ æртаджы аргъ зынгæ фæкъаддæр Уæрæсейы дæр æмæ экспертты прогнозтæм гæсгæ ноджыдæр фæкъаддæр уыдзæн.

Æнæниздзинады райрæзты министры хæдивæгæй нысан æрцыд Пухаты Аленæ. «Пухаты Аленæ бирæ азты дæргъы стыр хайбавæрд хæссы РХИ-йы æнæниздзинады фадыгмæ. У медицинон зонæдты кандидат. Ацы бынат уыд вакантон æмæ мæн ныфс ис, тынг хорз кæй сарæхсдзæнис, медицинæйы цы фадыгæн дзуапп кæны, уым», – загъта Æнæниздзинады министр Джыгкайты Томас.

Æхсæнадон Сырх Дзуары комитеты РХИ-йы территорийыл дарддæры архайды тыххæй доклад сарæзта Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цхуырбаты Андрей. «Æхсæнадæмон Сырх Дзуары комитет нæ республикæйы кусы 2008 азæй. Йæ архайдæн ис гуманитарон мисси. Ивгъуыд азы Сырх Дзуары минæварады комитетæн нæ республикæйы йæ бюджет уыд швейцайраг франктæй 1,1 милуан сомы. Фæлæ 2024 азы финансты нымæц схиздзæн 1,3 милуанмæ»

Æмбырды министрты кабинет хорзыл банымадта Сырх Дзуары архайд нæ республикæйы æмæ хицауады уæнгтæ фæндон бахастой, цæмæй æхсæнадæмон организацийæн бар радтой сæ куыст адарддæр кæнынæн.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.