РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик йæхимæ райста Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Минæварады сæргълæууæг Ашот Астабацяны.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой 2018 азы фыццаг æмбисы республикæйы Сырх Дзуары Дунеон Комитеты архайады æмæ уæвынады фарстатæ.

Сырх Дзуары Дунеон Комитеты минæварады сæргълæууæг радзырдта Хицауады Сæрдарæн куысты иууыл ахсджиагдæр здæхтыты тыххæй, кæцытæ хауынц, сæйраджыдæр, социалон-гуманитарон фадыгмæ æмæ æбæрæгæй сæфт цы æмæбæстæгтæ сты, уыдоны агурынмæ.

«Сырх Дзуары Дунеон Комитет йæ архайад дарддæр кæны Хуссар Ирыстоны, куыд горæты, афтæ хъæуты æмæ районты дæр, комплексон æгъдауæй æххуыс кæны цæрджытæн иууыл тынгдæр цæуыл тыхсынц, уыдонæй сæ ифтонг кæнгæйæ. Афтæ, ацы азы январæй июны онг нæ организаци республикæйы æппæт районты баххуыс кодта 192 бинонтæн, уыдон сты 420 адæймагæй фылдæр. Мах баххуыс кодтам, Дзауы районы Лесоры хъæуы цы хæдзар басыгъд, уыцы бинонтæн. Дарддæр цæуы хæдзармæ æххуыс 13 иунæг зæронд адæймæгтæн районты æмæ Цхинвалы. Уымæй уæлдай ма, административон æххуыс æрцыд 17 æмбæстагæн, кæцытæн бирæ аххосæгтæм гæсгæ сæ бон не ссис гæххæтытæ саразын кæнæ та социалон æххуыс райсын æмæ æндæртæ.

Сырх Дзуары Дунеон Комитеты здæхтытæй иу у, 2008 азы æмæ 1989-1992 азты конфликтты рæстæджы æбæрæгæй цы æмбæстæгтæ фесæфтысты, уыдоны хъысмæт рабæрæг æмæ кæм сты, уый базоныны хъуыддаг. Организацийæн бастдзинад ис æмæ ныхас кæны хицауаиуæгады æппæт æмбæлон структурæтимæ æмæ æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны бинонтимæ», – загъта минæварады сæргълæууæг.

Пухаты Эрик банысан кодта, организацийы куысты æнæмæнгхъæ-уындзинад æмæ нысаниуæг Хуссар Ирыстоны, æмæ бузныг загъта сæ æххуысы тыххæй.

«Махæн актуалон у æбæрæгæй цы æмбæстæгтæ фесæфтысты хæстон архайдтыты рæстæджы, уыдон ссарыны проблемæ. Уый тынг риссаг темæ у республикæйы бирæ адæмæн. Мах бузныг стæм уæ организацийæ æмæ аргъ кæнæм ацы фарст, афтæ ма æндæр социалон проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны цы хайад исут, уымæн», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Йæ рады, Ашот Астабацян банысан кодта æртæфарсон координацион механизмы куысты ахсджиагдзинад æбæрæгæй сæфт адæймæгты агурыны æмæ республикæйы хицауадæн бузныджы ныхæстæ загъта æххуыс æмæ æппæтварсон æмгуыстады тыххæй.

Фембæлды рæстæджы ма уынаффæ кодтой бинонты ‘хсæн бастдзинæдтæ сфидар кæныны фарстыл дæр.

Зæрдыл дарын кæнæм, Сырх Дзуары Дунеон Комитет кæй æххуыс кæны, республикæйы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы йæ хæстæджытимæ бастдзинæдтæ чи фесæфта, уыдонæн.  Фадат сын лæвæрд цæуы Сырх Дзуары ныстуантæ арвитын кæнæ телефонон бастдзинад сфидар кæнынæн. Афтæ ма кæны медицион æххуыс, æххуыс кæны ахæстоны сын чи ис, уыдоны бабæрæг кæныны æмæ æндæр ахсджиаг фарстаты.

РХИ-йы Хицауады Пресс-службæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.