Чъехы æрдæгарæзт хидыл уагъд æрцыдысты ахуыртæ Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæн. Хайад ма дзы райстой Мидхъуыддæгты министрады, Цхинвалы районы администрацийы, «Водоканал»-ы, «Электрохызæг»-ы минæвæрттæ æмæ ма тагъд æххуысы кусджытæ. Ахуырты нысан уыд ирвæзынгæнæн службæты æмгуыст кæныны хъуыддаг фæхуыздæр кæнын. Мадзалмæ фæуазæг ис бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Сценаримæ гæсгæ, цыма хидыл æрцыд фæндагон-транспортон цау, рог хæдтулгæ хиды хъусыл  ахауынæввонг æмæ йыл арт сирвæзт, бæлццæттæй иу цæугæдонмæ ныххауд, иннæ дæр бынмæ ахауд æмæ дурты ‘хсæн баззад. Уымæй уæлдай ма аварийы фæстиуæгæн хидыл ссыгъд æртагласæн автомашинæ дæр. Ирвæзынгæнджыты хæс уыд бæлццæтты мæлæтæй фервæзын кæнын æмæ зынг ахуыссын кæнын. Уымæ гæсгæ æвæстиатæй æрæвнæлдтой сæ разы лæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ. Нырма уал райдыдтой бæлццæттæй – ныххызтысты бынмæ, дурты ‘хсæнæй систой бæлццоны, бакодтой йын æнæмæнгхъæуæг медицинон æххуыс æмæ йæ радтой тагъд æххуысы кусджытæм. Уый фæстæ та цæугæдонæй систой иннæ бæлццоны, сæрмагонд донбæлæгъыл æй раластой, уымæн дæр бакодтой фыццаг медицинон æххуыс æмæ йæ радтой тагъд æххуысы кусджытæм. Уыцы иурæстæджы иннæ ирвæзынгæнджытæ та цыбыр рæстæгмæ дыууæ автомашинæйы зынг ахуыссын кодтой.

Ахуырты хайадисджытæ уыдысты арæхстджын æмæ архайдтой тагъд. Президент сæ раппæлыд æмæ сын бузныджы ныхæстæ загъта.

«Цахæмфæнды хъуыддагмæ дæр æмткæй куы бавналæм, уæд рауайы иттæг хорз, зæрдæмæдзæугæ фæстиуджытимæ. Иу службæйæн иунæгæй кусын зын у, фæлæ сæ тыхтæ куы баиу кæнынц æндæр службæтимæ, уæд сæ разылæууæг хæстæ бирæ тагъддæр сæххæст кæнынц. Стыр бузныг уын уæ арæхстдзинады тыххæй æмæ дарддæр дæр уæ   фæлтæрддзинады æмвæзад бæрзонддæр куыд кæнат, уый уын мæ зæрдæ зæгъы», – банысан кодта Гаглойты Алан.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.