Фӕллойуарзаг адӕймаг цыфӕнды уавӕрты дӕр фӕлӕууы хъӕддых, йӕ фӕллойадон ӕнтыстӕй барухс вӕййы канд йӕхи нӕ, фӕлӕ ма ӕндӕрты зæрдæтæ дӕр. Ахӕм у Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы цӕрӕг Хъабанты Хъазбеджы фӕллойадон ар-хайд дӕр. Уымӕн йӕ фермерон хӕдзарад уӕвынад кӕны ныр цыппӕрӕм аз ӕмӕ рӕстӕджы цыдимӕ иумӕ йӕ къухты ӕфты хуыздӕрӕй-хуыздӕр фӕстиуджытӕ.

Хӕдзарад кӕны куыд фосдарды, афтӕ зӕххы куыст дӕр ӕмӕ йын дыууӕ къабазы дӕр вӕййы раппӕлинаг бӕрӕггӕнӕнтӕ. Стуртӕ йӕм ис 5, уыцы нымӕцы хъуццытӕ сты цыппар ӕмӕ уал сӕ хъомыл кӕны дыууӕ роды. Фыстӕ дарынц 70 ӕмӕ уал дзы абонмæ райста 25 уӕрыччы. Зӕгъын хъӕуы, фос иууылдӕр кӕй сты хӕрзхаст, уымӕн ӕмӕ хорз боныгъӕдты фӕхизынц цъӕнуты. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр холлагцух нӕ уадзы.

Хуыдарды куыст бынтон ӕнцонтӕй нӕу, домы бирӕ хъарутæ хардз кӕнын, фӕлӕ уымæ нæ кæсгæйæ Хъабанты бинонтӕ дарынц хуытæ дæр. Ис сын хорз бынӕттӕ, хуыдӕттӕ сты цалдӕр, хъарм ӕмӕ сыгъдӕг ран ӕрвитынц сӕ зымӕгиуат. Хӕдзарады дзӕргъытӕ ис 7 æмæ  уал дзы иу ныззад.

Зӕххы куыстыл дӕр, хæдзарадæн ис æнтыстытæ. Йӕ бӕрны ис 35 гектары зӕххы фӕзуат.  Ӕрвылаз дӕр дзы байтауы ӕфсирон культурӕтӕ ӕмӕ сӕ ӕрзайын кӕны зӕрдӕйы фӕндиаг тыллӕг. Кӕд а-фӕззӕджы хъӕууон фӕллойгӕнӕджы фӕззыгон куыстытӕ бакӕнын нӕ уагътой дӕргъвӕтин къӕвда-тӕ, уӕддӕр Хъабаны фырт фӕлӕууыд цӕрдӕг ӕмӕ йын бантыст 9 гектары фӕззыгӕнд мӕнӕу байтауын. Хуым кӕныны куыстытӕ йын бакодтой «Агроп-ромсервис»-ы Уелиты механизатортӕ, таугӕ та йӕ цыбыр рӕстӕгмӕ бакодта бынӕттон механизатор Хуыбиаты Алан. Фӕлӕ ӕрмӕст уыцы культурӕйыл не ‘рлӕудзӕн, хъуамӕ ма уалдзӕджы хъӕбӕрхоры культурӕ байтауа 25 гектары. Байтыды фӕзуаты иу хаймӕ амӕйразмӕ бахаста зианхӕссӕг уырынгонты ныхмӕ маргхимикаттӕ, уалдзӕджы та сӕм бахӕсдзӕн минералон хъацӕнтӕ.

Хуыбиаты никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.