Ацы хӕдзарад йӕ сырӕзтӕй фӕстӕмӕ раззаг рӕнхъыты цӕуы, иу ӕнтыст иннӕйы фӕдыл ӕфты йӕ къухты. Уый уымӕн, ӕмӕ бинонтӕй алчи дӕр бахӕсгонд хъуыддаджы тыххӕй ӕнкъары бӕрндзинад, кӕддӕриддӕр тырнынц хуыздӕр ӕмӕ фылдӕр ӕнтыстытӕм. Фыццаджы дæр та уымӕн, ӕмӕ хӕдзардзин ӕмӕ куыстуарзаг хъӕууон фӕллойгӕнӕгӕн зӕхгуыст ӕмӕ фосдарды къабӕзты бирӕ ницы хъӕуы амонын, фӕзоны куысты бӕрӕг ӕмгъуыдтӕ ӕмӕ зæхмæ базилыны фӕткойтӕ.

Изӕрмилтӕ уыд, афтӕ балӕууыдтӕн Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы Хъабанты Хъазбеджы фермерон хӕдзарады раз. Кӕрты мыл амбӕлд йӕ фырттӕй сӕ иу, чысыл фӕстӕдӕр, йӕ изӕры зылдтытӕ ахицӕн кӕнгӕйӕ, мӕ цурмӕ ӕрбахӕццӕ Хъазбег йӕхӕдӕг дӕр. Мӕ фарстытӕн мӕ дзуаппытӕм бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ бахъуыд, хӕдзарады иу къабазы ӕнтыст иннӕйы фӕстӕ ӕхсызгондзинады ӕнкъарӕнтимӕ дзырдта Хъабаны фырт. Зӕххы фадыг кусынмӕ райста 31 гектары ӕмӕ дзы ӕрвылаз дӕр байтауы ӕмӕ ӕрзайын кӕны ӕфсирон культурӕты хъӕздыг тыллӕг. Ахӕм зӕрдӕйы уагимӕ ӕрӕвнӕлдта уыцы куыстытӕ ӕххӕст кӕнынмӕ фӕззӕгӕй фӕстӕмӕ дæр. Фӕззӕджы мӕр афӕлдӕхтой «Агросервис»-ы Уелиты хайады механизатортӕ ӕмӕ дзы уый фӕстӕ байтыдтой фӕззыгӕнд мӕнӕу 6 гектары. Ӕвзартӕ сӕвзӕрдысты хорз, цӕмӕй уыдон знаггадӕй хызт уой, алыгъуызон уырынгонтӕ сын ма ратых кӕной, уый тыххӕй сӕм дыууӕ хатты бахастой маргхимикаттӕ. Фӕлӕ ууыл не ‘рлӕууыдысты Хъабанты бинонтӕ, куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ма сӕм ноджы иу хатт фӕкӕсдзысты уыцы хостӕй ӕмӕ уӕд ӕххӕстӕй ӕвзартӕ хызт уыдзысты знаггадгæнæг уырынгонтæй.

Уалдзӕджы ӕрбалӕудимӕ зӕхкусӕджы аудинӕгтӕ ноджы фӕфылдӕр вӕййынц. Хӕдзарадӕн иннӕ 26 гектары хуымгонд у, ӕмӕ йӕм ӕввахс бонты та ӕрӕвналдзысты культиваци кӕнынмӕ. Уый фӕстӕ дзы байтаудзысты хъӕбӕрхор. Тауинаг сын у цӕттӕ ӕмӕ куыстытӕм куы бавналой, уӕд сӕ ахицӕн кӕндзысты 1-2 боны ӕмгъуыдмӕ. Цӕмӕй кӕрдӕг ма сзайа, уый тыххӕй ацы фӕзуатмӕ бахӕсдзысты гербицидтӕ, стӕй ма минералон хъацӕнтӕ дӕр, кӕцытӕ сын сты бынаты. Хӕдзарады разамонӕг ма куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ зӕрды ис 2 гектары цъой байтауын ӕмӕ дзы бафснайын холлаг.

Хӕдзарад канд зӕххы куыст нӕ кæны, фӕлӕ стыр хъусдард здахы фосдарды къабаз райтынг кӕнынмӕ дӕр ӕмӕ йын уым дӕр ис хорз фӕстиуджытӕ. Цӕвиттон, дарынц 66 фысы, ӕмӕ сын абоны бонмӕ ис 50 уӕрыччы, цух сӕ нӕ уадзынц холлагӕй ӕмӕ сты хӕрзхуыз. Ставдкъах фосӕй сæм ис ӕртӕ хъуджы ӕмӕ хъомыл кӕнынц фӕйнӕ роды, стӕй цалдӕр дыгӕрдыджы. Хуыдарды къабазы куыст ӕнцон нӕу, дзӕвгар тых ӕмӕ фӕразондзинад домы, фӕлӕ уыцы куыст дæр кæнынц. Абоны онг уал сӕм ис 5 дзӕргъы, 4 – хуыгист ӕмӕ 50 та – хъыбылтӕ.

Хӕдзарад фарон холладжы тыхтӕттӕ хицӕн фосдарджытӕн ауӕй кодта 800 иуӕджы, йӕхи фосӕн та дзы ныууагъта 500 ӕмӕ йын систы зымӕджы мӕйты фаг. Йӕ фосы иу хаймæ фæкæсы хорæй дӕр. Фермерон хӕдзарады уӕнгтӕ ницӕмӕй хъаст кӕнынц, ӕрмӕст æййафынц доны хъуагдзинад. Ныфсытӕ сын бӕргӕ авӕрынц районы ӕмбӕлон органты разамонджытӕ, фӕлӕ ӕрмӕст ныфсытӕй та хъуыддаг нӕ рӕзы. Афтӕмӕй бон цухӕй пайда кӕнынц ласгӕ донӕй ӕмӕ фыдӕбоны хай фӕвӕййынц.

Уалдзӕг йӕ тыхы бацыд, хур тынгдӕр ӕндавын райдыдта. Кӕрдӕг фӕцъӕх, бонӕй-бон тынгдӕр рӕзы. Хъомвос ӕмӕ фысвос кӕвдӕсы холлагыл тынг нал ӕввӕрсынц, сӕ зӕрдӕ ахсайдта ногдзыд кӕрдӕгмӕ. Уый та куыднӕ хаты хӕдзардзин фосдарӕг ӕмӕ сӕумӕрайсомӕй суанг изӕрмӕ вӕййынц хизӕнуаты. Рухс сӕ кӕны йӕ зӕрдӕ, йӕ бӕркадыл та йын кӕй бафтаудзысты, ууыл дызӕрдыг нӕ кӕны.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.