ОФИЦИАЛОН ВИЗИТ

УФ-йы Президент Владимир Путин официалон визиты уыд Сербийы. Белграды Путин æмæ Сербийы Президент Александр Вучичы уæлдæр æмвæзады фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой дыууæварсон бастдзинæдтæ æмæ Балканты уавæры тыххæй. Баныхæсты фæстиуæгæн къухтæ фыст æрцыдысты алыгъуызон фадгуыты æмгуыстады фæдыл 25 сразыдзинадыл, кæцытæн сæ аргъ у 200 милуан евройы. Сæрмагондæй, Росатом Сербийы сараздзæн атомон центр. Афтæ ма Путин фехъусын кодта, зæгъгæ, Мæскуы цæттæ у газуадзæн «Турецкий поток» Сербийы онг ауадзынмæ. Владимир Путин Александр Вучичы схорзæхджын кодта Александр Невскийы орденæй.

***

Белграды Путин фембæлд Босни æмæ Герцеговинæйыл  сæрдариуæггæнæг Милорад Додикимæ. УФ-йы Президент раарфæ кодта Додикæн æвзæрстыты кæй фæуæлахиз, уый сæраппонд. «Нæ ахастытæ рæзынц æнтыстджынæй. Зонгæ дæн алы здæхтыты цы проекттæ æххæст цæуынц, уыдонимæ»,  – загъта Путин. Йæ рады Додик дæр банысан кодта, зæгъгæ, йæ ныфс ис газуадзæн «Турецкий поток»-мæ баконд кæй æрцæудзысты, уымæй. «Ис нын æппæт проектон документтæ дæр».

ФЫЦЦАГ РАБАДТ

УФ-йы Президент Владимир Путин Ног азы фæстæ хицауады уæнгтимæ ауагъта фыццаг рабадт. Уæрæсейæгты царды гъæд фæхуыздæр кæнын, инфляцийыл контроль æмæ æххуысы ног мадзæлттæ бакусын систы рабадты сæйрагдæр темæтæ.

 

ЦÆТТÆ КÆНЫНЦ НОГ ÆРТÆВАРСОН САММИТ

Уæрæсе, Иран æмæ Азербайджан цæттæ кæнынц ног æртæварсон саммит. УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров æрвылазон конференцийы куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Уæрæсе йæхи цæттæ кæны ахæм саммит ауадзынмæ.

 

ÆРСИДТ ТОКИОМÆ

Мæскуы сиды Токиомæ, цæмæй сабырадон бадзырды фарсты фæдыл сæ практикон архайдтытæ æркæной ИНО-йы уагæвæрдмæ, Сан-Францискойы декларацимæ æмæ къорд æндæр документтæм гæсгæ, – фехъусын кодта Сергей Лавров. Япони претензи кæны Кунашир, Шикотан, Итуруп æмæ Хабомаийы сакъадахтæм, 1855 азы базарады æмæ арæнты тыххæй дыууæварсон Трактатмæ гæсгæ. Мæскуыйы позици та у афтæ, зæгъгæ, сакъадахтæ Советон Цæдисы скондмæ бацыдысты Дыккаг дунеон хæсты фæстиуджытæм гæсгæ æмæ уыдоныл УФ-йы суверенитеты тыххæй дызæрдыггæнæн нæй.

 

КУЫСТ ЦÆУЫ НАЦИОН ВАЛЮТÆТЫ ХЫГЪДТÆ ФÆФЫЛДÆР КÆНЫНЫЛ

УФ-йы Экономикон рæзты министр Максим Орешкин фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсе Китаимæ йæ куыст адарддæр кæдзæн национ валютæты хыгъдтæ фæфылдæр кæныны тыххæй, Китай æмбæлон меморандумыл къух æрфыссыныл кæй не сразы, уымæ нæ кæсгæйæ. Ныртæккæ алыгъуызон ведомствоты ‘хсæн контакттæ уагъд цæуынц æххæст программæйæ.  Пекин æмæ Мæскуы уынаффæ кæнынц, национ валютæтæм рахизыны процессы размæцыдæн цы хъæуы саразын, уый тыххæй.

 

НЫФС СÆ ИС НОГ ФЕМБÆЛДÆЙ

Уæрæсе цæттæ у АИШ-имæ ног фембæлдмæ астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты тыххæй бадзырды фæдыл, фæлæ нырма нæ уыны Вашингтоны йе коллегæты цæттæдзинад. «Мах цæттæ стæм ног фембæлдмæ кæцыфæнды рæстæджы дæр. Кæд æмæ Иугонд Штаттæн сæ бон у фембæлд ауадзыны тыххæй рæстæг æмæ бынат зæгъын, уæд мах цæттæ стæм уырдæм æрбацæуынмæ», – загъта УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Сергей Рябков.

 

ÆРСИДТЫСТЫ ДЫККАГ РЕФЕРЕНДУМ АУАДЗЫНМÆ

170 бритайнаг амалиуæггæнæджы бæстæйы премьер-министр Тереза Мэй æмæ лейбористты лидер Джереми Корбинмæ æрсидтысты брекзиты фæдыл дыккаг референдум ауадзынмæ. «Евроцæдисы скондæй рахизыны тыххæй политиктæ мауал хъуамæ хардз кæной сæ рæстæг æнæхъуаджы. Мах сидæм дыууæ сæйраг партийы лидертæм адæмы хъæлæсæппæрсты æвварс рахæцынмæ», – зæгъынц уыдон.

 

ССАРДÆУЫД МЕНДЕЛЕЕВЫ ИУУЫЛ РАГОНДÆР ТАБЛИЦÆ

2014 азы Шотландийы Сент-Эндрюсскы университеты лабораторийы цы ссардæуыд Менделеевы таблицæ, кæцы нымад æрцыд дунейы цы таблицæтæ уæвынад кæнынц, уыдонæй иууыл рагондæрыл. Элементты периодикон системæ саразыныл 150 азы кæй æххæст кæны, уый сæраппонд уый æвдыст æрцæудзæн публикæйæн 2019 азы. Элементты периодикон таблицæ Менделеев бакодта 1869 азы.

НÆ РАХÆЦЫД ÆНÆУУÆНЧЫ ВОТУМЫ ÆВВАРС

Стырбританийы парламенты дæллаг палатæйы хъæлæскæныны фæстиуджытæм гæсгæ, министрты кабинетæн æнæууæнчы вотум рахæссыны æвварс схъæлæс кодтой 306 адæймаджы, йæ ныхмæ рацыдысты 325 адæймаджы. Вотумы тыххæй хъуыд 320 хъæлæсы. Ныр бæстæйы премьер-министр Тереза Мэйы нæ бахъæудзæн хицауады сконд ивын кæнæ та æмгъуыдæй раздæр æвзæрстытæ ауадзын.

 

ГАЗЫ СРÆМЫГЪД

Тбилисы фарастуæладзыгон цæрæн хæ-дзары æхсæзæм уæладзыджы спырх газ, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты цыппар адæймаджы, фондз адæймаджы та бай-йæфтой хъыгдард. Срæмыгъды рæстæджы хæдзары æвгтæ иууылдæр ныппырх сты, хъыгдард баййæфтой къултæ.

ТЕРАКТ

Кенийы  отелы цур арæзт æрцыд теракт, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты 15 адæймаджы, цæфтæ та фесты 30 адæймаджы, уыцы нымæцы АИШ æмæ Стырбританийы æмбæстæгтæ дæр. Полици куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ нырма айхъуыст срæмыгъд æмæ уый фæстæ та æхстытæ. Чи фæмард сты, уыдоны ‘хсæн уыдис америкæйаг бизнесмен, кæцы бахауд 2001 азы 11-æм сентябры Иугонд Штатты мæсгуытæ-фаззæттыл хæдтæхджыты руаджы террористтæ куы сатакæ кодтой, уым æмæ аирвæзт сæрæгасæй.

 

ФÆМАРД 27 АДÆЙМАДЖЫ

Сирийы горæт Манбиджы цы теракт арæзт æрцыд, уым фæмард сты 27 адæймаджы уыдоны нымæцы 5 америкæйаг æфсæддоны. Теракт сарæзта сылгоймаг-химар. Туркы президент Реджеп Тайип Эрдоган фехъусын кодта, зæгъгæ, Манбиджы теракт гæнæн ис бандава АИШ-ы уынаффæйыл Сирийæ йе ‘фсæдты ракæныны тыххæй.  Теракты тыххæй йæхимæ бæрндзинад райста «Пысылмон паддзахады» террористон къорд.

 

Информацион агентадты

Хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.