Дзӕуджыхъӕуы Хетӕгкаты Къостайы номыл Ирон литературӕйы музейы ацыд зындгонд хуссарирыстойнаг поэт ӕмӕ фыссӕг, ӕхсӕнадон архайӕг Харебаты Леониды мысӕн изӕр.

Фембӕлды архайдтой Колыты Аксойы номыл премийы лауреат, Ӕппӕтдунеон педагогон академийы ӕцӕг уӕнг Джусойты Клавӕ, РЦИ-Аланийы адӕмон фыссӕг, поэт, тӕлмацгӕнӕг ӕмӕ литературон критик Хуыгаты Сергей, РЦИ-Аланийы адæмон артист Мамсыраты Тасолтан, композитор Тедеты Шаликъо ӕмӕ æндæртӕ.

Мамсыраты Тасолтан ӕнудӕсаздзыдӕй афтыд Хуссар Ирыстонмӕ, куыста Хуссар Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмтеатры. Уыцы рӕстӕг базонгӕ Харебаты Леонидимӕ. Леонид цы хъӕлдзӕг зарӕг ныффыста, уый зарыд Тасолтан.

– Леонид уыд ӕцӕг поэт, ӕцӕг патриот, ӕмӕ адӕймаг. Алкӕмӕн дæр – чысылӕй, стырӕй лӕггад кодта ӕмӕ йын уыдон та кад кодтой, – ахӕм фӕлмӕн ныхӕстӕ загъта Джусойты Клавӕ йӕ хӕрӕфырты тыххӕй.

Бирӕ хорз ныхæстæ загъд ӕрцыд Леониды  тыххӕй. Зонгӕ йӕ чи кодта, уыдон ӕй хъуыды кæнынц хӕрзӕгъдау ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймагӕй. Цы сфӕлдыстадон бынтӕ ныууагъта, уыдон дзурынц поэты ӕгӕрон уарзондзинадыл йӕ райгуырӕн Ирыстонмӕ.

Бирӕ азты Харебаты Леонид фӕкуыста журнал «Фидиуӕджы» сӕйраг редакторӕй, Хуссар Ирыстоны Фысджыты цӕдисы ӕмӕ алы ран дӕр йӕ ӕрмдзӕф, йӕ фӕд бӕрӕг дары. Йе ʻмкусджыты зӕрдӕты баззад хӕларзӕрдӕ адӕймагӕй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.