Уый уыд, нӕ иууыл уӕззаудӕр рӕстӕджыты ныфс кӕмӕй ӕвӕрдтам, уыдоны фыццӕгтӕй. Нӕ иумӕйаг хӕдзары бындур куы базмӕлыд, куы йӕ бамбӕрстам, нӕхи йедтӕмӕ нын иу мӕнузӕгъӕг нал ис, уӕддӕр ма ныфсӕнхъӕлцау нӕ хъус дардтам фӕйнӕрдӕм. Ныфс нын уыд алы ныфсы ныхас дӕр, фӕлӕ уӕд нӕ иууыл стырдӕр бӕллиц уыд, цӕмӕй ӕндӕр адӕмтӕ базыдтаиккой нӕ рӕстдзинад. Уазалы сыдыстӕм, талынджы бадтыстӕм, нӕ сывӕллӕттӕн райсом та цы бахӕрын кӕнӕм, уыцы иугъӕдон катай нӕ ӕвдӕрзта, фӕлӕ нӕ ницы хъуыд, никӕй ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм. Æрмӕстдӕр иу хӕрзиуӕгмӕ уыд не ‘нхъӕлмӕ каст: тӕхуды, зӕххы къорийы цӕрӕг адӕмтӕ куы базониккой нӕ рӕстаг тохы нысан, гуырдзы нӕ рӕстӕй кӕй цӕгъдынц, уый. Æмӕ уыцы рӕстдзинад ӕндӕр, ӕцӕгӕлон адӕмтӕ кӕй фӕрцы базыдтой, уыдоны фыццӕгтӕй иу уыдис уый – Салхъазанты Фатимӕ.

Йемӕ фембӕлынмӕ бӕллыд алчи дӕр, чи йӕ зыдта, уыдонӕй, йӕ ныхасмӕ хъусынӕй ничи æфсӕст. Уымӕн ӕмӕ йын уыд ӕнахуыр хъӕздыг удыхъӕд, философон хъуыдыкӕнынад ӕмӕ рӕсугъд музыкӕйау зӕрдӕхцон дзырдарӕхстдзинад. Æппӕтӕй сӕйрагдӕр та, ирон уӕздандзинад европӕйаг культурӕимӕ кӕм баиу, ахӕм уӕздандзинад. Сӕрыстыр уыд йӕхицӕй, йӕ курдиатӕй, сӕрбӕрзондӕй цыд адӕмы ӕхсӕн, уымӕн ӕмӕ, сылыстӕг уӕвгӕйӕ, нымад уыд хъӕбатырыл, радио «Свобода»-йы уылӕнты фӕрцы йӕ рӕстаг ӕмӕ ныфсджын хъӕлӕсӕй «ӕфсӕн ӕмбӕрзӕн» кӕй атыдта, уый тыххӕй.

Салхъазанты Фатимӕ бирӕ азты дӕргъы лӕууыд ӕппӕтдунеон радиостанц «Свобода»-йы Уырыссаг редакцийы сӕргъ. Æмӕ уыцы къӕсхуыртӕ конд сылгоймаг номдзыд уыд, стыр бынаты кӕй куыста, уымӕй нӕ, фӕлӕ йӕ ӕнӕбасӕтгӕдзинад ӕмӕ уыйӕмрӕстӕджы хиуылхӕцындзинадӕй. Цыфӕнды уӕззау ӕмӕ тӕссаг уавӕрты дӕр йӕ бон уыд йӕ позицийы сӕрыл стох кӕнын, йӕхи ӕдыхст ӕмӕ фӕндвидарӕй равдисын. Кӕддӕриддӕр ын уыд принципиалон позици, ӕмӕ йӕ царды дӕргъы иу хатт дӕр комдзог никуы рацыд уыцы позицийыл. Цы арӕзта, уый кӕддӕриддӕр арӕзта кӕронмӕ ӕмӕ намысджынӕй. Ирыстоны кӕд бирӕ уарзта, уӕддӕр ын алы хатт фадат нӕ уыд йӕ фыдӕлты бӕстӕм ӕрцӕуынӕн. Уымӕ гӕсгӕ абон афтӕ бирӕ не сты,  Фатимӕйы ӕввахсмӕ чи зыдта, йӕ царды хабӕртты тыххӕй бӕстон кӕимӕ аныхас кӕнай, ахӕмтӕ, фӕлӕ уӕддӕр иу-цалдӕр адӕймаджы мысынады баззад ацы диссаджы сылыстӕджы рухс фӕлгонц.

Сӕлбиты Тамерлан Фатимӕимӕ фембӕлд бӕрцӕй дыууӕ хатты, дыууӕ хатты дӕр – Парижы. «Дыккаг хатт фембӕлдыстӕм 2004 азы ЮНЕСКО йы, кӕрӕдзимӕ скодтам цалдӕр дзырды, нӕ нын радтой аныхас кӕныны фадат. Нӕуӕдзӕм азты ӕмбисы ӕз уыдтӕн Парижы, цардтӕн уазӕгдоны, тӕккӕ центры, Монпарнасы мӕсыгмӕ хӕстӕг. Иу афон мӕм фӕдзырдӕуыд телефонӕй. Уый уыд, бирӕ азты дӕргъы радио «Свобода»-йӕ кӕй хъуыстон, уыцы зонгӕ хъӕлӕс, хъарм, удылтайгӕ: Ды Тамир дӕ? Æз Салхъазанты Фатимӕ дӕн. Фӕнды мӕ, цӕмӕй мӕм ӕрбацӕуай уазӕгуаты. Фембӕлдыстӕм. Куыд рабӕ-рӕг, афтӕмӕй цард центрмӕ ӕввахс, йӕ хӕдзар уыд дыууӕуӕладзыгон. Нӕ ныхас райдыдта Гӕздӕнты Гайтойӕ. Фатимӕ мын райдыдта дзурын, иумӕ куыд куыстой, уыдӕттӕ. Зӕгъӕм, сӕ базонгӕйы тыххӕй. Фатимӕйы айстой куыстмӕ. Цалдӕр боны фӕстӕ йӕм фӕсидтысты директоры кабинетмӕ. Мидӕмӕ куы бахызт, уӕд дзы баййӕфта, йе ‘рдӕм кӕсгӕ дӕр чи нӕ ракодта, ахӕм ӕнӕзонгӕ нӕлгоймаджы – бадт, йӕ къухтӕ йӕ риуыл дзуарӕвӕрд скодта афтӕмӕй. Директор Фатимӕйӕн загъта, зӕгъгӕ,  базонгӕ ут, мӕнӕ уый дӕр ирон у, Георги Иваны фырт. Гайто йӕхӕдӕг директоры ныхасмӕ бафтыдта: «фӕлӕ ӕз схъомыл дӕн паддзахы ӕфсады службӕгӕнӕг булкъоны хӕдзары ӕмӕ иронау нӕ дзурын». Фӕтимӕ йын дзуапп радта: «Æз та схъомыл дӕн паддзахы ӕфсады службӕгӕнӕг инӕлары хӕдзары, ӕмӕ махмӕ уыд ахӕм фӕтк, сылгоймаг мидӕмӕ куы ‘рбахиза, уӕд ын нӕлгоймаг хъуамӕ сыста».

————————-

Фатимӕ уыд Зембаттӕй, Зембатты инӕлары фырт Александры чызг, фӕлӕ йӕ мады мыггаыл цӕмӕн фыста, уый тыххӕй ницы бӕрӕг-бӕлвырд зонӕнтӕ ис. Райгуырд Мӕскуыйы, йӕ фыд уыд инженер, йӕ мад Салхъазанты Тамарӕ та – дохтыр. Мӕскуыйы Паддзахадон Университеты ахуыр гӕнгӕйӕ йӕ цард баиу кодта французаг студент лӕппу Марк Андре-Пиллуаимӕ, ӕмӕ йӕ рарвыстой университетӕй, фӕсарӕйнагӕй кӕй смой кодта, уый тыххӕй. Уӕд Фатимӕ аскъуыддзаг кодта ССР Цӕдисӕй ацӕуын. 1963 азы каст фӕцис Сорбонны университеты филологон факультет. 1960 азӕй фӕстӕмӕ куыста радио «Свобода»-йы, ныууагъта йӕ ӕрмӕстдӕр 1995 азы, протесты хуызы, Америкӕ Уӕрӕсемӕ ахасты йӕ политикӕ кӕй фӕивта, ӕмӕ Ныгуылӕн дӕр цензурӕйӕ пайда кӕнын кӕй райдыдта, уый тыххӕй.

———————————–

Уыцы ныхасмӕ йе мныхасгӕнӕг хъуыдыты аныгъуылд. Бамбӕрста, йе ‘мфыдыбӕстӕйон тыхджын ӕмӕ хъӕздыг удыхъӕды хицау кӕй у. Сыстад ӕмӕ, йӕ мидбылты бахудгӕйӕ, Фатимӕйы, кӕстӕр хойау, йӕ риумӕ нылхъывта».

Фатимӕйӕн йӕ ӕддаг тызмӕг бакасты мидӕг ӕмбӕхст уыд ӕнахуыр фӕлмӕн зӕрдӕйы ахаст. Йемӕ ӕввахсдӕр базонгӕ уӕвгӕйӕ, адӕймаг фӕхатыдаид, йӕхи куыд карзӕй ӕвдисы, удыхъӕдӕй бынтондӕр ахӕм кӕй нӕу. Уый ӕнувыд уарзт кодта йе ‘мбӕлтты, йӕ уазӕгуарзондзинад та алкӕмӕн дӕр ӕмбарын кодта, уый кӕй у йӕ ирон гагк, йӕ национ ныхыфыст.

Байхъусӕм Толасты Катямӕ дӕр: «Сал-хъазанты Фатимӕимӕ ӕввахсмӕ куы базонгӕ дӕн, уӕд мӕм, йӕ принципиалондзинады тыххӕй легендӕтӕ кӕмӕй дзырдтой, уыцы сылгоймаг фӕкаст ӕгӕр фӕлмӕнзӕрдӕ сылгоймаг. Фыццаг фендӕй дӕр ын йӕ удысконды ӕнӕрахатгӕ нӕ фӕдӕн европӕйаг хиуылхӕцындзинад, ирон сылыстӕджы нӕртондзинад ӕмӕ диссаджы хӕларзӕрдӕ. Æмӕ мын цыбыр ӕмгъуыдмӕ ссис, дард ран цӕрӕг профессионалон кумир нӕ, фӕлӕ, мӕ удмӕ хионы ад кӕмӕй лӕдӕрст, ахӕм ӕввахс адӕймаг. Уый уыд хуымӕтӕг ӕмӕ вазыгджын, ӕнӕкӕрон хъармзӕрдӕ ӕмӕ ӕнӕбасӕтгӕ удысконды хицау. Ацы номдзыд сылгоймагимӕ мах базонгӕ стӕм Тъотъоонты Алыксандры фӕрцы, кӕцы советон дуджы зӕрдиагӕй архайдта, не ‘мфыдыбӕстӕйонтӕй фӕсарӕнты чи цард, удонимӕ бастдзинӕдтӕ агурыныл. Алыксандрӕн нӕуӕдзӕм азты фадат фӕцис Парижмӕ ацӕуынӕн ӕмӕ Салхъазанты Фатимӕимӕ фембӕлынӕн. Уыцы рӕстӕджы Фатимӕйӕн, бынтон ӕввахс хиуӕттимӕ хисӕрмагонд ахастыты йедтӕмӕ, нӕ бӕстӕимӕ бастдзинад дарыны бар нӕма уыд. Фӕлӕ Алыксандримӕ базонгӕйы фӕстӕ райдыдта Уӕрӕсе ӕмӕ Ирыстонмӕ ӕрыздӕхыны процесс. Фӕстӕдӕр мын куыд дзырдта, афтӕмӕй йын Тъотъоонты Алысксандр цы сарӕзта, уымӕн саргъ кӕнӕн нӕй, уый йын ногӕй балӕвар кодта Райгуырӕн бастӕ. Йемӕ ӕввахсмӕ базонгӕ дӕн 2011 азы уалдзӕджы, Парижы уӕвгӕйӕ. Фатимӕ уӕд уӕззау рынчын уыд, цард ма, организмыл тынг чи ӕндавы, ахӕм хосты фӕрцы. Æмӕ тыхст, Парижы фенддаг бынӕттимӕ мӕ базонгӕ кӕныны хъару йӕм кӕй нал уыд, уымӕй. Нӕ фембӕлды фыццаг бон ахӕм бӕркадджын фынг ӕрӕвӕрдта, кӕцымӕ бахӕлӕг кодтаид цыфӕнды ӕрыгон ӕмӕ ӕнӕниз хӕдзарон ӕфсин дӕр. Уӕлдай сӕрыстырдзинады ӕнкъарӕнтимӕ нӕ фӕхынцыдта ирон традицион лывзӕйӕ. Кӕд бирӕ фыдӕвзарӕнты фӕндагыл рацыд, бирӕ ныхдурты сӕрты ахызт, уӕддӕр йӕ уды рӕбын баззад адӕммӕ ӕнӕкӕрон уарзондзинад. Йӕ фатеры кӕддӕриддӕр уыд зынаргъ уазджытӕ: йӕхиуӕттӕ, йе ‘ввахс хӕлӕрттӕ, ӕгӕрыстӕмӕй, йӕ хӕстӕджыты хӕстӕджытӕ ӕмӕ йӕ хӕлӕртты хӕлӕрттӕ дӕр, фӕлӕ сыл ӕмхуызон дих кодта йӕ уды хъарм.

Алыксандр архайдта, цӕмӕй йӕ арӕхдӕр кодтаид Ирыстонмӕ. Фатимӕ тынг буц уыд йӕ аудгӕ ахастӕй, фӕлӕ ӕфсӕрмы кодта, ӕгӕр бирӕ йыл кӕй хардз кодта, уымӕй. Йӕхӕдӕг та… балхӕнӕн ын кӕй нӕ уыд, рӕстдзинады сӕрыл кӕй тох кодта, уый тыххӕй йӕ рӕстмӕ пенсийы аккаг дӕр не скодтой йӕ бирӕ азты фыдӕбоны ныхмӕ. Цы йӕ бон уыд, уымӕй архайдта, хицауадмӕ ӕввахс чи лӕууыд, ахӕм адӕймагимӕ йын хӕлар ахастытӕ кӕй ис, уый ма равдисыныл. Алыксандр йӕхӕдӕг дӕр никӕмӕн дзырдта, йӕ уникалон ӕмфыдыбӕстӕйоны фырты уарзтӕй кӕй уарзта, уый тыххӕй. Йӕхӕдӕг, Парижы йӕм арӕх чи уыд, уыцы уазджыты нымӕцмӕ нӕ хауд, стӕй-иу Фатимӕ Мӕскуыйы куы уыд, уӕддӕр алы хатт не ‘мбӕлдысты. Фӕлӕ йын сӕ алы фембӕлды рӕстӕджы дӕр дзырдта: «Нӕ йӕ ӕмбарын, кӕм фесгуыхтӕн афтӕ, цӕмӕй уон, ахӕм ахаст мӕм уа, уый аккаг, ӕмӕ йӕ зонгӕ дӕр нӕ кӕнын, искуы мӕ бон бауыдзӕн дӕ лӕгӕдтӕ бафидын, ӕви нӕ».

Цалынмӕ-иу Мӕскуыйы кӕнӕ Парижы фембӕлдыстӕм, уӕдмӕ-иу не ‘хсӕн бастдзинад уыд ӕрмӕстдӕр социалон хызӕгты фӕрцы. Стӕй мӕм иу бон телефоны фӕдзырдта, ӕмӕ, куыд зыдта, афтӕ командӕгӕнӕджы хъӕлӕсӕй райдыдта дзурын: «Катя, дӕ хорзӕхӕй байхъус мӕм лӕмбынӕг ӕмӕ ӕнӕ эмоцитӕй. Æз дӕн рынчындоны, абон мӕ басгӕрста онколог ӕмӕ сарӕзта ахӕм прогноз: дыуӕ къуырийӕ дыууӕ мӕймӕ. Ома, куыдфӕндыйӕ дӕр ӕз амӕлдзынӕн дыууӕ мӕйы фӕстӕ». Æз ныккуыдтон. Уый дзырдта, цыма йӕхи тыххӕй нӕ, фӕлӕ та радиойы каст цавӕрдӕр ног трагикон хабар. Дзырдта, кӕронмӕ кӕй хъуамӕ бакӕна, уыцы хъуыддӕгты тыххӕй, ӕмӕ йӕ хъуыдис мӕн ӕмӕ Алыксандры ӕххуыс. Дыккаг бон мӕ Алыксандр арвыста Парижмӕ. Фатимӕйӕн йӕ бон нал уыд рынчындоны сынтӕгӕй растын, фӕлӕ мыл зӕрдиагӕй бацин кодта. Алыксандр ын лӕварӕн арвыста видеоӕрмӕг, кӕцыйы сенатор сарӕзта, удӕгасӕй йӕ кӕй никуыуал фендзӕн, уый охыл. Уый планшет баиу кодта ӕмӕ йӕм райдыдта кӕсын, фӕлӕ йӕ иу афон ахуыссын кодта ӕмӕ къулырдӕм азылд. Кӕддӕриддӕр «цыфӕнды тӕссаг уавӕрты дӕр йӕ гӕрзтӕ ӕрӕвӕрын чи нӕ зыдта, уыцы ӕнӕхъӕн ӕфсадӕй тыхджындӕр адӕймаг» (афтӕ-иу дзы фыстой прессӕйы) ахӕм уавӕры дӕр йӕ сӕрмӕ нӕ бахаста йӕ цӕссыгтӕ равдисын… Æрмӕст загъта, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм бакӕса ӕнӕ ӕвдисӕнтӕй.

Кӕронмӕ бакӕнынмӕ цы хъуыддӕгтӕ хъавыд, уыдонӕй иу уыд йӕхисӕрмагонд библиотекӕ Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университетӕн балӕвар кӕнын. Цалдӕр боны дӕргъы йӕ фырт Александр Пиллуаимӕ чингуытӕ февӕрдтам асыччыты, уыдысты ӕнахуыр бирӕ. Æз Фатимӕмӕ бахатыдтӕн, цӕмӕй Алыксандрӕн арвыстаид дзуаппон видеоæрмӕг. Нӕ мын сразы. Фӕлӕ иу къуырийы фӕстӕ Мӕскуымӕ цӕуыны фӕнд куы скодтон, уӕд мӕм Фатимӕ фӕдзырдта ӕмӕ загъта разыйы ныхас. Уыдис хорз боныгъӕд ӕмӕ нын дохтыртӕ бар радтой, цӕмӕй йӕ коляскӕйыл ракодтаиккам кӕртмӕ. Уым ныффыстам йӕ цыбыр фӕстаг ныхас интервьюйы хуызы, кӕцы мӕ, йӕ истори ӕмӕ йын йӕ характер зонгӕйӕ, ногӕй стыр дисы ныппӕрста. Йӕ удыхъӕды уый бӕрц тых уыд, ӕмӕ мӕлӕтӕн йӕ цӕстытӕм кӕсгӕйӕ дӕр дзырдта ӕмӕ йӕ цардӕн фӕстиуджытӕ арӕзта бынтон ӕдыхстӕй: «Æз рацардтӕн хорз ӕмӕ мидисджын цардӕй, мӕ куыст ӕххӕст кӕнгӕйӕ, гӕнӕн уыд ӕмӕ ӕз амардаин иу-цыппор хатты. Абон мӕныл цӕуы ӕвдай дыууӕ азы, ӕмӕ цардӕй цӕуын ӕнцонӕй, иу мисхалы бӕрц дӕр нӕ хъыг кӕнын, афтӕмӕй»…

Иу мӕйы бӕрц социалон хызӕгмӕ нал бахызт. Стӕй бахауд реанимацимӕ ӕмӕ мын телефон никуыуал систа. Иу мӕй ма рацыд, ӕмӕ ахицӕн йӕ уӕлион цардӕй… Йӕхи фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ йын йӕ марды кӕндтӕ бабӕстон кодта Алыксандр. Куыд сенатор, афтӕ америкӕйаг санкциты кӕй бахауд, уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕн нӕ уыд Парижмӕ ацӕуыны фадат, фӕлӕ йӕм ласынмӕ ацыдыстӕм ӕз ӕмӕ нӕ иумӕйаг хӕлар Леополд Гримо. Парижы йӕ фӕндараст кӕнынмӕ ӕрбацыд бирӕ адӕм, йӕ хӕлӕрттӕ, йӕ коллегӕтӕ. Бавӕрдтам ӕй Мӕскуыйы Новодевичьейы уӕлмӕрды йӕ мад Тамарӕйы цур. Уый дӕр йӕхи фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ. Хӕрнӕджы фынг ын ӕрӕвӕрдтам Мӕскуыйы ресторантӕй сӕ иуы. Ӕрбацыд иу-сӕдӕ адӕймаджы. Алцы дӕр дзы уыд рӕсугъд, фӕлӕ хуымӕтӕг, ӕнӕ уӕлдай буц митӕй. Йӕхӕдӕг цахӕм уыд, ахӕм – нӕ быхста мӕнгдзинад ӕмӕ цӕстмӕмитӕ…

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.