Номдзыд спортсменæн мемориалон фæйнæг æвæрд æрцыд Карл Марксы уынджы йæ хæдзары къулыл. Мысæн фæйнæг сæвæрыны инициатор уыд меценат Дзгойты Валери.

Стыр Адæймаг, спортсмен, æмбæстаг Андиаты Сослан ссис фыццаг ирон адæймаг, кæцы дыууæ хатты басаста Олимпиадæйы бæрзæндты. Уый ссис йæ дуджы хъайтар æмæ фæндагамонæг стъалы стыр спортмæ бæллæг мингай æвзонг адæймæгтæн. Æнахуыр хæларзæрдæ æмæ хуымæтæджы адæймаг. Йæ хæлæрттæ куыд дзурынц, афтæмæй уый алыхатт дæр зæрдæйæ цин кодта йæ фæстæ Олимпион сыгъзæрин майдан чи рамбылдта, уыцы æмфыдыбæстæйонты æнтыстытыл. Уый нæ уыд цытуарзаг, нæ уарзта йæхицæй æппæлын дæр. Мысæн фæйнæг бакæныны церемонийы чи раныхас кодта, уыдонæй алчидæр мысыд æрмæст Андиайы фырты, куыд спортсмены нæ, фæлæ, фыццаджыдæр, стыр адæймаг æмæ Æмбæстаджы.

Диссаг у уый дæр, æмæ Сослан Петры фырт цыфæнды хъуыддагмæ дæр ма æрæвнæлдтаид, алцыдæр йæ къухты æфтыд æнцонтæй. Уый уыд стыр спортсмен, стыр тренер, хуыздæр хæлар, рæстдзинадуарзаг чиновник. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы номæй æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта хицауады сæрдары хæдивæг Александр Реутов.

«Тынг зын у Андиаты Сосланы тыххæй ивгъуыд афоны дзурын. Цал хатты скад кодта йæ Ирыстонæн, цал хатты йыл æмбæлдысты æмæ йæ хастой сæ къухтыл… Йæ номдзыддзинад æрмæст уымæй нæ уыд, æмæ дыууæ хатты Олимпион чемпион кæй уыд, йæ номдзыддзинад уый мидæг ис æмæ уый уыд æнахуыр диссаджы адæймаг æмæ хæлар, кæцы нæ зыдта дзырд „нæй“ æмæ йæхи нывонд кодта республикæйæн, йе ’ввахс адæмæн», — банысан кодта Реутов.

Советон хъæбысæйхæцæг Салман Хасимиков радзырдта, зæгъгæ, æнæхъæн азы дæргъы йæхи цæттæ кодта гауызыл Андиаты Сосланимæ тохмæ. Ахуыр кодтон техникæ, амæлттæ, стиль, фæлæ мæ уæддæр авæрдта мæ уæхсчытыл. «Уый уыд гениалон. Иу азы дæргъы мæхи кæй цæттæ кодтон, уый мын нæ баххуыс, фæуæлахиз мыл секундтæм. Æз сæрыстыр дæн уымæй æмæ-иу кæй фембылды дæн Андиаты Сосланæн. Уыдон тохтæ нæ уыдысты, фæлæ шедевртæ», — загъта Салман Хасимиков.

Сырх уардитæ æмæ гвоздикæтæ уазал фæззыгон боны æрæвæрдтой Андиаты Сослан Петры фырты мемориалон фæйнæджы раз. Мысæн фæйнæг бакæныны боны «Манеж»-ы йæ номыл райдыдта турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй.

Уыцы бон ма Андиаты хæдзары уыд ноджы иу стыр цау — спортсмены фырт Георги хъуамæ арвыстаид хатджытæ. Цард дарддæр кæны. Æмæ Сослан Петры фырт та алыхатт дæр ис нæ зæрдæты.

Ацы аз 21-æм апрелы Андиаты Сосланы райгуырдыл сæххæст 70 азы. Уый æгъатыр мæлæт не ’хсæнæй атыдта 2018 азы 22-æм ноябры 66-аздзыдæй. 22-æм ноябры 4 азы æххæст кæны Легендæ а-дунейæ куыд ацыд, уыцы боныл. Ирыстоны спорты историйы фыццаг Олимпион чемпион Андиаты Сослан Петры фырты йæ фæстаг фæндагыл фæндараст кодтой 5 мин адæймагæй фылдæр. Фыдохы церемони уагъд æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры.

Советон Цæдисы спорты мастер, йæ рæстæджы тыхгæнæг тых кæмæн нæ ардта, уыцы зындгонд ирон богал Андиаты Сослан райгуырд 1952 азы 21-æм апрелы Дзæуджыхъæуы. Бæрзонд, рæхснæг, тыхджын æмæ сæйраджыдæр та хъуыдыджын Сослан 17-аздзыдæй рамбылдта бæстæйы чемпионат, æмæ уый фæстæ та ссис æвзæнгты ’хсæн дунейы чемпион. Сосланæн йæ бæрзæнд уыд 1м æмæ 98 см, æмæ йæ уæз та — 112 кг.

2000 азы Цæгат Ирыстоны спортыл чи фыста, уыцы журналистты инициативæйæ ауагъд æрцыд цæрджыты æрфарст, цæмæй сбæлвырд кодтаиккой XX-æм æнусы Ирыстоны хуыздæр спортсмены. Æмæ æнхъæлмæ кæсæн куыд уыд, афтæмæй хуыздæр спортсменыл нымад æрцыд Андиаты Сослан, кæд æмæ уыцы рæстæгмæ Ирыстонæн уыдис Олимпион хъæзтыты дыууæ хатты æртæ уæлахиздзауы æмæ дунейы бирæ хæттыты чемпионтæ, уæддæр. Æмæ уыцы зындгонд спортсментæ дæр спортуарзджыты равзæрст банымадтой растыл.

1970 азы Советон Цæдисы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Юрий Шахмурадов йæ мысинæгты дзуры, зæгъгæ, Сосланæн йæхи уæз кæд æрмæстдæр 112 кг уыд, уæддæр уый æвиппайды йæ сæрты фехста йæ уæз 220 кг кæмæн уыд, уыцы америкæйаг богал Крис Тейлоры 15 мин спортуарзджыты цæстыты раз. Ацы хъуыддаг æрцыд дунейы Кубокы америкæйаг горæт Толидойы. Рахызтысты гауызмæ… Сосланæн фæтарстыстæм. Уый Тейлоры раз лæууыд, куыд стыр къæдзæхы раз, афтæ. Фæлæ иу цъус рæстæджы фæстæ «Хох» сындæггай æрхаудта гауызмæ.

Андиаты Сосланы инициативæйæ фыццаг хатт спорты историйы, 1995 азы уагъд æрцыд æнусы матч уæгъдибар хъæбысхæстæй Ирыстон æмæ Дунейы æмбырдгонд командæты ’хсæн. Матч рамбылдта Ирыстоны æмбырдгонд командæ 6:4 хыгъдæй. Бирæ зындгонд спортсментæ æмæ спортивон архайджытæ Андиайы фырты хуыдтой уæгъдибар хъæбысхæсты рæсугъддзинад æмæ сæрыстырдзинад.

Андиаты Сослан уыд РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, УФ-йы сгуыхт тренер, физикон культурæйы сгуыхт кусæг, Адæмты хæлардзинады дыууæ ордены æмæ «Фæллойы Сырх тырысайы» ордены кавалер.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.