Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы кæй сæххæст, уый цытæн бирæ алыгъуызон мадзæлттæ уагъд æрцыд нæ республикæйы, уæлдайдæр та ахуырадон уагдæттæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты. Иу ахæм цымыдисон мадзал бацæттæ кодтой æмæ ауагътой нæ горæты сывæллæтты 18-æм рæвдауæндоны  хъомылгæнджытæ Цхуырбаты Ирмæ æмæ Пухаты Мадинæ æмæ йæм фæхуыдтой куыд сæхи кусджыты, афтæ сывæллæтты ныййарджыты дæр. Сабитæ сæххæст кодтой Къостайы ныхæстыл фыст зарджытæ,   кастысты йæхи фыст æмдзæвгæтæ «Мæ хуры хай», «Усгуры мæт», «Коста  родной», «Цæйут æфсымæртау», «Мæ уарзон  Ирыстон» æмæ æндæртæ. Сабитæ иумæ сæххæст кодтой ирон кафт «Хонгæ». Сæххæст кодтой инсценировкæтæ дæр. Зæгъæм: «Цъиу æмæ сывæллæттæ», «Бирæгъ  æмæ  хърихъупп»,  «А-ло-лай» æмæ æндæртæ. Сабитæм мадзал равзæрын кодта стыр цымыдисдзинад æмæ сæ арæхстдзинадæй хастой æхцондзинад хъомылгæнджытæ æмæ ныййарджытæн. Кæронбæттæны ныййарджытæ бузныджы ныхæстæ дзырдтой мадзал бацæттæгæнджытæн, афтæ ма сæ музыкæйы ахуыргæнæг Коструб Иринæйæн.

Дзукъаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.