Джыккайты Шамилы аивадон сфӕлдыстад цардӕттӕг тых исы канд поэзи, драмӕ, зонад ӕмӕ прозӕйӕ нӕ, фӕлӕ публицистикӕйы суадонӕй дӕр. Суадонау сыгъдӕг сты йӕ фыстыхъӕд, йӕ ныхасы уаг, йӕ рӕсугъд ӕвзаг. Джыккайы-фырт йӕ удыхъӕдмӕ гӕсгӕ нывгӕнӕг кӕй у, уый йын уӕрӕх фӕндаг байгом кӕны сфӕлдыстады тыгъдадмӕ. Аивады фарныл цин кӕнын кæй зоны, уый фӕрцы ссары иумӕйаг ӕвзаг царды ӕгъдӕуттимӕ.

Царды рухсы айдӕнӕй публицист лӕмбынӕг фӕлгӕсы канд дзыллӕйы зӕрдӕмӕ нӕ, фӕлӕ ӕрдзы диссӕгтӕм дӕр. Ӕрдз ӕмӕ дзыллӕйы ӕмбарынадӕй райгуыры уӕлтӕмӕнад, уӕлтӕмӕнадӕй – фӕлдзусад, фӕлдзусадӕй – дунеӕмбарынад. Ӕцӕг айдагъ дунеӕмбарынадимӕ нывгӕнӕг суӕвӕн нӕй, хъӕуы ма дзы ӕрдзон курдиат дӕр. Шамил хайджын у сӕ дыууӕйы фарнӕй дӕр. Публицист йӕ дунеӕмбарынады ӕнкъарӕнтӕ кӕрӕдзийы фӕдыл куы равӕры, уӕд бар-ӕнӕбары дӕр исын райдайӕм ӕхцонад. Ахӕм ӕрдхӕрӕны уавӕрты автор чиныгкӕсӕджы ӕрбахоны йӕ дзырдаивады къӕбицмӕ, ӕмӕ йын йӕ разы ӕрӕвӕры рӕсугъд ӕвзаджы зӕлтӕ, рӕстдзӕвин хъуыдыты рӕгъ ӕмӕ хӕдбындур сурӕтты алдымбыд. Уый фӕстӕ, аивады рухс судзгӕйӕ, сӕ фарсмӕ рабады публицист дӕр ӕмӕ сын ӕмбарын кӕны, ЦАРДЫ РУХС ӔМӔ АДӔМЫ ФАРН цӕй мидӕг сты, уый.

Хӕстон тохы быдыры уӕлахиз кӕны ӕхсарӕй, философ – куырыхон ныхасӕй, дзырдаивады дӕсны – уӕлтӕмӕнады зынгӕй. Шамил хайджын у уыцы ӕнкъарӕнтӕй се ’ппӕтӕй дӕр. Уӕлтӕмӕнад, ӕхсар ӕмӕ куырыхон ӕууӕлты ӕмиуад – арвы тӕбӕгъӕй зӕххон лӕгыл куы ракӕлынц, уӕд уымӕй стырдӕр фӕлдзусад ӕрдзы мидӕг нӕй. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй нӕ фыссынады разагъды лӕгтӕ рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр тырныдтой адӕймаджы дунеӕмбарынад ӕмӕ зӕххысконды уыцы ӕрвон миниуджытӕ сбӕрӕг кӕнынмӕ. Зӕгъӕм, Тыбылты Алыксандрмӕ ссарӕн ис сфӕлдыстадон удгоймаджы миддунейы эстетикон ӕгъдауӕй хи равдисыны фӕстиуджытӕ. Ома, ӕцӕг нывгӕнӕджы ӕхсӕнадон ном, йӕ хӕдбындур курдиат ӕмӕ бӕллицтӕ хъуамӕ нывондӕн хаст уой адӕмы сӕраппонд. Эстетикон ӕгъдауӕй уыцы хъуыдыйы арӕнтӕ сбӕрӕг кӕнгӕйӕ, Джыккайты Шамил скодта раст хатдзӕг йӕ куырыхон хъуыдыты публицистон ӕууӕлтӕ сбӕрӕг кӕнынмӕ. Ахӕм вазыгджын къахдзӕфы публицист ӕнцой кӕны адӕмы монон фӕлтӕрддзинад ӕмӕ царды ӕцӕгдзинадыл: йӕ курдиат сфӕлдыстадӕн чи снывонд кодта, уый йӕ ногӕй ссары; чи йӕ бамбӕхсы, уый та йӕ фесафы. Хоры нӕмыг куы амӕла, уӕд ӕфсир нӕ ратдзӕн.

Шамил-публицист арӕх фӕзӕгъы, адӕймаджы хӕдбар зондӕн бӕрзонд ӕууӕлтӕ кӕй ис, уый. Уымӕн ӕмӕ аивады алы хӕдбындур къахдзӕф дӕр йӕ мидӕг хӕссы йӕхи, Хуыцауӕй арфӕгонд уагӕвӕрд. Сфӕлдыстадон удгоймаг хъуыды кӕнын куы фӕраза, уӕд ын хӕдбындур зонд ӕмӕ сӕрибар уды хицау уӕвын ӕнцондӕр у. Джыккайы-фырт йӕхи ӕмбарынхъом куы фӕци, уӕдӕй нырмӕ йӕ сӕрибар уд дард лӕууы, зӕрдӕ ӕмӕ зонд маргӕ чи кӕны, уыцы ныллӕг миниуджытӕй. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй чиныгкӕсджытӕ кӕнынц хъулон уарзт, ӕхсӕнад та йын кӕнынц уӕлдай аргъ. Махмӕ гӕсгӕ, ацы ахастдзинӕдтӕй гуырынц, дзыллӕйы фарн ӕмӕ Иры фарн кӕм бӕрзонддӕр кӕны, уыцы уацмыстӕ дӕр. Уыимӕ йӕ публицистон ӕрмӕджытӕ хызт сты козбау, былыстауӕн ныхӕстӕ ӕмӕ уӕлӕнгай хатдзӕгтӕй. Шамил-патриот йӕ удварны мидӕг цы стыр хъуыды хӕссы, уый аллегори нӕу, фӕлӕ уазнысан, метафорӕ, фӕлгонц. Цӕмӕй нӕ хъуыды фӕбӕлвырддӕр уа, уый тыххӕй скӕнӕм хатдзӕг: публицист ма ӕвзонгдӕр куы уыдис, уӕд нын йӕ алы уацмысӕй дӕр ӕмбарын кодта: «Адӕймаг царды хъуамӕ исты сфӕлдиса». Куы фӕкарджындӕр, уӕд йӕ хъуыды фӕбӕркадджындӕр ис: «Адӕймаг хъуамӕ йӕ фӕстӕ исты ныууадза».

Ам Шамилы хӕдбындур ӕмӕ куырыхон хъуыдыйы фарн уый мидӕг ис, ӕмӕ ӕппынӕдзух йӕ зӕрдыл дары Къостайы ныстуан дзыллӕйӕ хӕс дарыны тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ публицисты развӕлгъау ныхасӕн ис канд бӕрзонд ӕмвӕзад нӕ, фӕлӕ ма уырнинаг комулӕфт дӕр. Автор ард хӕры, фӕстаг комулӕфты онг дӕр йӕ иубӕстон адӕмыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн. Ӕнӕуынон ын у, адӕймаджы хъуыды ӕмӕ хъуыддаджы ныхасӕй уӕлӕнгай чи у, ахӕм фысджыты сфӕлдыстад. Уыцы-иу рӕстӕг нын Джыккайы-фырт, куыд публицист, афтæ амоны, царды дӕр ӕмӕ сфӕлдыстады дӕр раст зондыл, фарны фӕндагыл куыд ныллӕууӕн ис, уый. Ома дӕ кӕд адӕмӕн ӕмӕ фыдызӕххӕн лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд хъуамӕ, фыццаджыдӕр, базонай, дӕ миддунейы удгоймаджы бӕрзонд ӕууӕлтӕ куыд агургӕ сты, уый. Ӕмӕ нын ӕй канд ныхасӕй нӕ амоны, фӕлӕ хъуыддагӕй дӕр. Публицистӕн, йӕ бон куыд у, афтӕ нын ӕргом кӕны царды сфӕлдыстадон фӕзындты сусӕг бастдзинӕдтӕ. Уыдоны ӕмбарыны зондмӕ нӕ цыдӕриддӕр ӕрхоны, уыцы ӕууӕлтӕ нӕ хӕстӕгдӕр кӕнынц йӕ публицистикӕйы иумӕйаг хъуыдымӕ. Йӕ уацты хъуыды у хуымӕтӕг ӕмӕ ӕмбӕрстгонд: йӕ хӕдбындур хъуыдытӕ, цыма хӕххон уардитӕ сты, уыйау арф кӕрдӕджы астӕуӕй сӕрыстырӕй кӕсынц. Дидинджыты рӕсугъддзинады фӕстӕ нын автор не ’ргом раздахы, лыггӕнинаг фарстаты фӕдыл чиныгкӕсӕджы тӕрхонмӕ цы рахӕссы, уыдонмӕ. Дарддӕр хъуыддаг йӕ гаччы сбады ӕмӕ бӕстон хъынцъым кӕнын райдайӕм йӕ уацты арф мидисыл.

Шамилы аивадон публицистикӕйы иу уацмысӕй иннӕмӕ хъуыды кӕны арфдӕр, уӕрӕхдӕр ӕмӕ бӕрзонддӕр. Уымӕ гӕсгӕ сӕ жанры арӕнты бакӕнын тынг зын у. Фӕлӕ нӕ зӕгъын фӕнды, йӕ публцистикӕйы нӕ сагъӕстыл тынгдӕр чи ӕфтауы, уыцы миниуджыты тыххӕй. Джыккайы-фырты сфӕлдыстад нын куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй уымӕн дзуапп агурын хъӕуы, цы уагӕвӕрдтыл ӕмбӕлӕм, уыдоны мидӕг.

Фыдыбӕстӕ цы тызмӕг дунейы цӕры, уый нын публицист ӕвдисы, куыд ӕй ӕмбары ӕмӕ ӕнкъары, уымӕ гӕсгӕ. Авторы бындурон хъуыды агурын куы райдайӕм, уӕд ӕрдзон хуызы ӕрӕмбырд кӕнӕм мидисамады хицӕн хӕйттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕм ӕхсызгон хатдзӕгмӕ. Уый фӕстӕ ныл дзырдаивады хур ӕрбакӕсы ӕмӕ Шамилы публицистикӕ свӕййы ӕхсызгон ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн ӕрмӕг – зӕрдӕмӕдзӕугӕ фӕлгонцтӕ ӕмӕ сурӕттимӕ. Уымӕ гӕсгӕ поэты аивадон публицистикӕ кӕсын хъӕуы бӕрнонӕй ӕмӕ сабыр зӕрдӕйы уагимӕ. Ранымад ӕууӕлты хицау чи у, ӕрмӕстдӕр ахӕм удыхъӕдӕн раргом уыдзысты, нывгӕнӕг йӕ уацмысты хынцинаджы хуызы цы «сусӕг ӕвӕрӕнтӕ» ныууагъта, уыдон. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд сбӕрӕг уыдзӕн, автор махимӕ йӕ ныхас цы фӕткыл аразы, уый.

Шамилы аивадон публицистикӕйы иннӕ вазыгджын къабаз йӕ мидисамады арӕзт. Чиныгкӕсӕгӕн дзы зӕрдылдаринаг уый у, ӕмӕ авторы фӕстӕ тексты фӕлварӕнты сӕрты куы ахизы, уӕддӕр сӕм ног ӕмӕ ногӕй раздӕхы. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕуы бӕстон-бӕлвырд хатдзӕгмӕ: публицисты уацтӕ кӕсын хъӕуы цадӕггай, цӕмӕй сӕ фылдӕр ӕхцондзинад райсай, уый тыххӕй. Джыккайы-фырты сагъӕстӕ цӕмӕй кӕронмӕ бамбарай, уый тыххӕй йӕ хъуыдыкӕнынады арӕнты ныв хъуамӕ ӕнӕхъӕнӕй ауайа дӕ цӕстытыл. Шамилы публицистикӕйы политикӕйы кой кӕнын мӕ зӕрдӕйы нӕ уыд, йӕ астӕумагъз НАЦИОН ИДЕЙӔ куы нӕ уыдаид, уӕд. Стӕй уымӕй уӕлдай дӕр уыцы дыууӕ ӕмбарынадӕн (политикӕ, национ идейӕ) ӕнӕ кӕрӕдзи уӕвӕн нӕй. Шамилы публицистон текст иннӕ авторты ӕрмӕджытӕй хицӕн кӕны, йӕ мидисы литературон ӕууӕлтӕй уӕлдай национ уагӕвӕрд, патриотон пафос кӕй ис, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ рӕстӕджы цауты ӕмӕ уацты цӕрӕг адӕм публицистӕн сты, чиныгкӕсӕг дуджы сагъӕстӕ кӕй фӕрцы бамбары, ахӕм хӕзнатӕ хӕссӕг архайджытӕ. Абон ирон дунеӕмбарынад ӕмӕ нӕ дуджы фӕлгонц ӕнӕ Шамилы публицистикӕйӕ фӕлгӕт нӕ райстаид. Курдиатджын автор, национ хъуыдыйыл дзургӕйӕ, иунӕг нӕ, фӕлӕ йӕ астауккаг цæджындзтӕй иу кӕй у, уый дызӕрдыггаг нӕу. Ӕмӕ нын нӕ дзыллӕйы ӕдзӕллаг уавӕрмӕ цы политикон цаутӕ ӕркодтой, уыдоны фӕдыл публицист куы фӕдзуры, уӕд йӕ ныхас схизы адӕмы фарны ӕмвӕзадмӕ.

Джыккайты Шамилы аивадон публицистикӕ гуыры, рӕзы ӕмӕ ахады йе ’лвӕст хъуыдыты бӕрзонд ныхасыуагӕй: авторы сфӕлдыстадон ӕрмдзӕф ӕнцой кӕны Ивгъуыд ӕмӕ Абоны ӕвдисӕнтыл. Алыхуызон ӕрмӕджытӕй пайда кӕнгӕйӕ, цадӕггай бахӕццӕ вӕййы хъуыддагӕн йӕ сӕйраг донгуырӕнмӕ. Бирӕ автортӕн иугъӕдон чи у, уыцы къуымон цӕстӕнгас Шамилы публицистикӕйы йӕ бынат радты иртасӕджы бӕстон-бӕрӕг архайдӕн. Йӕ курдиатджын ӕрмдзӕф та свӕййы чиныгкӕсӕджы миддунейы дойнысӕттӕг суадон. Уыцы ӕппӕт хатдзӕгтӕ иумӕ ӕрӕмбырд кӕнгӕйӕ, фидарӕй нӕ бон зӕгъын у, авторы хӕдбындур уацмысгӕ нӕ аивадон публицистикӕйы дарддӕры рӕзтӕн ног авналӕнтӕ кӕй байгом кодтой, уый.

Джыккайты Шамилы сфӕлдыстадон ӕрмдзӕфы цы арф хъуыды ӕвӕрд ис, уый нӕ зӕрдӕйы уылӕны куы баиу кӕнӕм, уӕд та нӕм разыны, ирон таурӕгъты фарн кӕм батадис, ахӕм нӕртон бӕстӕ. Ӕмӕ цадӕггай базонӕм «Ӕфсармы» уидаг, «Цӕф сӕгуыты маст», «Амраны зӕрдӕйы» туджы цавд. «Сагъадахъы» хъынцъымтӕ, «Ӕхсӕвы ӕртыты» цӕхӕр ӕмӕ «Саст дзӕнгӕрӕджы» хъарӕг». Ӕмӕ сагъӕсты цъайы куы ныххауӕм, уӕд нӕ размӕ рацӕуынц «Разагъды лӕгтӕ» ӕмӕ нын бамбарын кӕнынц нӕ адӕмон поэты «Ныхасы фарн». Ахӕм романтикон ӕмӕ монон балцты фӕстӕ нын Шамилы сфӕлдыстадон дуне фесты зӕххон дзӕнӕт. Ӕмӕ нӕ алкӕмӕ дӕр ӕрхауы рӕвдыды хай. Арвы зынг зӕххон зӕрдӕимӕ кӕм баиу вӕййы, уым, нӕртон дӕгау, бахсиды зарӕг. Ӕмӕ лӕг уымӕй бӕрц нӕ зоны, суанг дзы йӕ мӕлӕт куы ссары, уӕд дӕр, йӕ зӕрдӕйы норст цӕхӕр куы ныггуыпп ласы, уӕд зӕххонтӕй нал вӕййы – ӕрвонтӕй. Поэзийы мад –  Хуыцау зӕрдӕбынӕй кӕй барӕвдауы, уый та свӕййы адӕмон. Джыккайты Шамилӕн йӕ курдиат, йе сфӕлдыстад, йӕ цин ӕмӕ йӕ бӕллиц ӕгасӕй дӕр сты АДӔМОН, уымӕн ӕмӕ йын йӕ удыхъӕды Ирыстон бавӕрдта йӕ уӕлвон ӕнкъарӕнтӕй иу. Ӕмӕ йӕ схуыдта ИРОН ПОЭТ. Уымӕй стырдӕр хорзӕх нӕ фыдызӕхмӕ нӕй. Ӕмӕ йӕ дзагармӕй радта Шамилӕн.

Хозиты Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.