ЗЫНГÆ РЕВОЛЮЦИОНЕР АЙДАРТЫ ЗНАУЫРЫ РАЙГУЫРДЫЛ   СÆХХÆСТ 130 АЗЫ

Хуссар Ирыстоны фæллойгæнæг адæм паддзахы æмæ Гуырдзыстоны контрреволюцион меньшевикон хицауады ныхмæ хъайтарон тох куы кодтой, уæд сæ раздзогтæй бирæтæ сæ цард нывондæн æрхастой сæ радтæг адæмы интересты тыххæй. Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинады сæрвæлтау йæ цард  чи рауæлдай кодта, уыцы сгуыхт адæймæгтæ рох не сты сæ радтæг адæмæй. Цæрæнбонтæм адæмы зæрдæты баззадысты ахæм революцион тохгæнджытæ, куыд Дриаты Антон, Уалыты Шакро, Харебаты Исахъ, Айдарты Знауыр æмæ æндæртæ.

Æмбæстагон хæсты хъайтар Айдарты Знауыр Зауырбеджы фырты райгуырдыл ноябры мæйы сæххæст  130 азы æмæ  йæ мæлæтыл та 15-æм ноябры æххæст кæны 100 азы. Æрмæстдæр 30 азы фæцард, адæмты ‘хсæн хæлардзинад чи фидар кодта, йæ адæмы сæрыл чи тох кодта, уыцы хъæбатыр адæймаг. Уый нымад цæуы Ирыстоны сæрибардзинадыл активон тохгæнджытæй сæ иуыл, кæцыйæн йæ цард баст уыд Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджыты революцион тохимæ.

Айдарты Знауыр райгуырд 1889 азы ноябры мæйы Цæгат Ирыстоны Хъæдгæроны хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Зауырбегæн йæ бинонты нымæц уыд 12 адæймаджы. Бирæсывæллонджын ныййарджытæ бирæ цæмæйдæрты æййæфтой хъуагдзинад, фæлæ сæ уый нæ бахъыгдардта сæ цоты раст фæндагыл бафтауынæн. Иууылдæр схъомыл сты намысджын æмæ куыстуарзаг адæймæгтæй. Гæвзыккдзинадмæ нæкæсгæйæ, Знауыр рæзт хъæлдзæг æмæ цардæфсæстæй.  1898 азы Знауыр бацыд  йæ райгуырæн хъæуы дыууæкъласон аргъуаны скъоламæ, кæцыйы тынг хорз нысæнттыл каст фæцис 1902 азы. Йæ ныййарджытæ цыбыркъух кæй уыдысты, уымæ гæсгæ йæ бæллиц нæ сæххæст йæ ахуыр адарддæр кæныны тыххæй æмæ райдыдта йæ фæллойадон архайд. Чысылæй фæстæмæ йæхи цæстæй уыдта, паддзахы хицауад мæгуыр фæллойгæнджыты æвирхъауæй кæй æф-хæрдта, уый æмæ йæм фыдæхдзинад сæвзæрд, адæмы сæрибардзинад æмæ бартæ чи ницæмæ дардта, чи сæ ныллæг кодта, уыдонмæ.

Айдарты Знауыр 1910 азæй 1913 азмæ службæ кодта Кавказы хъазахъæгты дивизийы æртыккаг дивизионы. Æмæ уым службæ кæнгæйæ, хуыздæр бамбæрста хæдхæцæг паддзахы æвирхъау митæ æмæ тох кæнын райдыдта уæды дуджы фæткы ныхмæ. Уый тыххæй цалдæр хатты бахаудта ахæстонмæ дæр. 1913 азы Знауыр æрæздæхт йæ райгуырæн хъæу Хъæдгæронмæ, фæлæ йæ ныййарджыты хæдзары сæмбæлд зындзинæдтыл, йæ фыд æртыккаг ус кæй æркодта, уымæ гæсгæ. Йæ мад амард, 10 азы йыл куы сæххæст уæд, æмæ йæ фыд дыккаг ус æркодта, кæцы сидзæрты хъомыл кодта хихъæбултау. Фæлæ уымæн дæр хъысмæт бирæ цæрæнбонтæ не схай кодта.

1914 азы Знауыр æрцыд Тбилисмæ æмæ кусын райдыдта Фæскавказы æфсæнвæндаджы сæйраг æрмадзты. Уым базонгæ, сусæг куыст чи кодта, уыцы революционертæ-большевиктимæ, бацыдис партийы рæнхъытæм æмæ революцион æмбарынгæнæн куыст кодта ирон æмæ гуырдзиаг кусджыты ‘хсæн. Йæ фатермæ-иу сусæгæй арæх æрæмбырд сты революцион зондахастыл хæст кусджытæ, уынаффæ-иу кодтой политикон фарстатыл, кастысты революцион æмæ марксистон литературæ. Знауыр конкретон цæвиттонтыл æмбарын кодта кусджытæн паддзахы ныхмæ тохы хæслæвæрдтæ.

1917 азы октябры мæйы Айдарты Знауыр æмæ иннæ цæгатирыстойнаг лæппу Рæмонты Евгены разамындæй Тбилисы фæзынд ирон революцион организаци. 1918 азы йæ схуыдтой «Чермен». Ацы организацийы уæнгтæ-иу ацыдысты иууыл дæрддагдæр ирон хъæутæм æмæ кодтой агитацион-пропагандистон куыст зæхкусæг фæллойгæнджыты ‘хсæн. Меньшевиктæ сæ фæдыл кæй зылдысты, уымæ гæсгæ большевиктæ сæхи райстой уырдыгæй æмæ революцион куыст дарддæр кодтой Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстоны къорд районы. 1918 азы Фæскавказы къамисариаты сейм йæ разы æрæвæрдта  Советон Уæрæсейы ныхмæ æмæ Фæскавказы революцион змæлды ныхмæ тох кæныны хæс, афтæ ма юридиконæй Фæскавказы Советон Уæрæсейæ ахицæн кæнын. 1918 азы 10 февралы Фæскавказы сейм байгом кæныны боны  Уæрæсейаг социалистон-демократон кусæгон партийы Бæстæйон (краевой) æмæ Тифлисаг коми-теттæ  Тифлисы сорганизаци кодтой протестон митинг. Уырдæм æрбацыдысты цалдæр мин кусæджы æмæ салдаты. Митингы раныхас кодта Айдарты Знауыр дæр. Уый æрсидт фæллойгæнджытæм, цæмæй æгъатырæй тох кæной меньшевикты æмæ Фæскавказы Советон Уæрæ-сейæ рахицæн кæныны ныхмæ. Цхинвал, Дзауы уагъдцæуæг митингты æмæ съездты ирон адæм фæндвидарæй цыдысты ацы уынаффæйы ныхмæ. Партийы Кавказы крайы комитеты бахæ-смæ гæсгæ Айдарты Знауыр 1919 азы октябры райдианы æрбацыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ дзыллæты бацæттæ кодта æппæтиумæйаг гæр-зифтонг растадмæ.

1919 азы сентябры Кавказы крайы комитет уынаффæ рахаста æнæхъæн Гуырдзыстоны гæрзифтонг растад саразыны тыххæй.  Хашуры районы хæстон растадмæ бацæттæ кæныны фæстæ Знауыр æмæ Тедеты Димитр ацыдысты Боржомы районы Гудзареты хъæумæ раста-донты къорд сорганизаци кæныны тыххæй. 22 октябры Боржомы сусæг партион организацимæ Тифлисæй æрбацыд хъусынгæнинаг, цæмæй 25 октябры ма растой, фæлæ æнхъæлмæ кæсой ног директивæтæм. Куыд рабæрæг афтæмæй 22 октябры Тифлисы арæзт æрцыд  гарнизонон советы æмбырд растады гарнизонты хайадисты плæнтты тыххæй. Англисаг æмæ меньшевистон контрразвæдсгæрст æрцахстой Æфсæддон-революцион штабы, æрцахстой растад чи цæттæ кодта, уыцы къухдариуæггæнджыты. Кавказы Бæстæйон комитет райста уынаффæ растад фæстæдæрмæ аргъæвыны тыххæй, фæлæ иуæй-иу партион организацитæ рæстæгыл нæ райстой Комитеты хъусынгæнинаг æмæ раста-дысты снысангонд боны. Активонæй сæхи рас-тадмæ цæттæ кодтой Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджытæ дæр Зылдон комитеты къухдариуæгадæй. 1919 азы 23 октябры снысангонд рæстæджы Рукъы районы райдыдта растад. Меньшевикон хицауад раппæрст æмæ ахст æрцыд. Рукъы районы расидт æрцыд Советон хицауад. Рукъæй хæстон къорд рацыд Дзаумæ сырх тырысаимæ æмæ революцион зарджытæ æххæст кæнгæйæ. Фæндагыл къорд фембæлд Зылдон комитеты курьерыл хъусынгæнинагимæ, зæгъгæ, Бæстæйон комитет аивта растад фæстæдæр æмгъуыдмæ. Къорд фæстæмæ раздæхт. Дыккаг растад нысан æрцыд 8-9 ноябрмæ. 7-æм ноябрмæ бакодтой цæттæгæнæн куыст. Къорды хистæрæй нысан æцыд Бухрикидзе Тате, штабы хистæрæй та – Айдарты Знауыр. 1919 азы 7 ноябры къорд бацахста Хцисыхъæу. Арæзт æрцыд зæхкусæг депутатты совет. Советы сæрдарæй æвзæрст æрцыд Айдарты Знауыр æмæ секретарæй та – Тедеты Димитр. Æвæллайгæ уыд Знауыр уыцы бонты. Уыцы-иу рæстæджы йæ бон уыд растадон къордты схотыхджын кæныны фарстытыл кусын дæр æмæ сын сæ архайдтытыл къухдариуæгад кæнын дæр, афтæ ма æмбырдты æмæ митингты ныхас кæнын.

Фæлæ уый тыххæй базыдта меньшевикон хицауад æмæ æрцахста æфсæддон-революцион штабы уæнгты. Гуырдзыстоны меньшевикон  хицауад сын сæ ныхмæ æрбакодта стыр тыхтæ – кавалери, артиллери, фистæг æфсады æмæ, æгæрыстæмæй, бронепоезд дæр. Знауыр æмæ Бухрикъидзейы растадонтæ хъæбатыр тох кодтой сæ ныхмæ. Æнæмсæр тохы Айдарты Знауыр бахауд меньшевикон гвардионты къухмæ æмæ йæ бакодтой иунæгон камерæйы, цыран фæцис иу суткæ – 14 ноябрæй 15 ноябрмæ. Уыдон уыдысты йæ фæстаг бонтæ. 15 ноябры йæ меньшевиктæ ракодтой камерæйæ хъæугæ-ронмæ. Знауыр куыд большевик, афтæ цыд йæ сæрыл бæрзонд схæцгæйæ. Йæ ингæны цур лæугæйæ загъта: «Æз дæн кусæг æмæ амæл-дзæн кусджыты хъуыддаджы тыххæй. Мæ маст мын райсдзысты ме ‘мтохгæнæг æфсымæртæ». Æмæ ныхъхъæр кодта: «Уæлахиз уæд ком-мунизм!». Уый фæстæ йæ марджытæн сæ-рыстæрæй загъта: «Ныр цæттæ дæн – фехсут мæ». Баныгæдтой йæ фæсхъæу. Фæлæ йын йæ табæт уыцы æхсæв йе ‘мтохгæнæг æмбæлттæ рахастой æмæ йæ цытджын æгъдауæй ба-вæрдтой Крисхеуы хъæуы.  Адæмон хъайтары ингæны цур, Айдарты Знауыры хæстон æм-бæлттæ ард бахордтой, йæ цыбыр, фæлæ ирд цард нывондæн цы хъуыддагæн æрхаста, уый кæронмæ акæныны тыххæй.  Йе ‘мбæлттæй бирæтæ ацыдысты Дзæуджыхъæумæ æмæ баиу сты Сырх Æфсадимæ, кæцытимæ хайад истой меньшевикты кæронмæ ныппырх æмæ Гуыр-дзыстоны Советон хицауад сфидар кæныны тох-ты. Фæстæдæр Знауырæн Крисхеуы хъæуы арæ-зт æрцыд цырт. Йæ ном та лæвæрд æрцыд Хус-ар Ирыстоны районты центртæй сæ иу – Оконайæн æмæ абон дæр хæссы Знауыры ном. Горæт Цхинвалы дæр йæ номыл ис уынг, афтæ ма Боржомы районы Хвтишобелийы хъæу дæр хаста  Знауыры ном.

Знауыры поселочы Айдарты Знауыры цырты цурмæ арæх æрбацæуынц скъоладзаутæ, Ирыстоны интеллигенцийы минæвæрттæ æмæ йын ссарынц йæ рухс ном. Уырдæм-иу æрцыдысты Хъæдгæроны цæрджытæ дæр æмæ-иу сæ кадджын æмбæстагæн ссардтой йæ ном.

Знон, 8-æм ноябры зынгæ революционеры юбилейон райгуырæн боны цытæн Знауыры районы райдыдтой турниртæ футбол æмæ дзюдойæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.