Паддзахадон таможнæйон управленийы кусджытæ 7-æм ноябры банысан кодтой  сæ профессионалон бæрæгбон.

Ис афтæ зæгъæн, Паддзахадон таможнæ у республикæйы цæсгом. Уымæн æмæ комкоммæдæр ацы структурæйы кусджытæ сæмбæлынц æмæ афæндараст кæнынц, фыццаг республикæмæ цы уазджытæ æрбацæуы, уыдон. Уыдонæй кæнгæ у, мах тыххæй сæм фыццаг цахæм хъуыды сæвзæра, уый.

Абон паддзахадон таможнæйон управленийы сæргъ лæууы фæлтæрд разамонæг Цхуырбаты Мурат. Уый æппæт тыхтæй дæр архайы, цæмæй республикæйы бюджетмæ хæссой фылдæр æфтиæгтæ. Йæ хæсыл нымайы чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн паддзахадон æххуысы фæдыл фарстатæ афоныл æмæ объективонæй скъуыддзаг кæнын.

Цхуырбаты Мурат нын куыд загъта, афтæмæй 9 мæйы æмгъуыдмæ паддзахадон бюджетмæ таможнæйон комитет бахаста 5 милуан сомы. Иннæ азтимæ абаргæйæ, фиддонтæ кæй фылдæр кæнынц, уымæн ахъаз у, контрол кæныны гъæд кæй фæхуыздæр, æрбаласæггаг товарты документацимæ лæмбынæгдæр хъусдард кæй цæуы, уый. Акцизтæ цы продукцийæн лæвæрд цæуы, уыдонæй дæр хорз æфтиæгтæ хæссынц бюджетмæ. Фæлæ зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ уыцыиу хæлцадон продуктты тыххæй таможнæйон фиддонтæ кæй нæ фæфылдæр сты.

Цхуырбаты Мурат радзырдта не ‘мбæстæгтæн риссаг фарстыл,  транспортон фæрæзтыл арæныл хизыны рæстæджы цы зындзинæдтæ сæвзæры, ууыл. Хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ, кæцытæ сæхиуыл сфидар кодтой кæйдæр транспортон фæрæзтæ, уыдон, таможнæйыл хизгæйæ, фæстæмæ бæрæг æмгъуыдмæ хъуамæ раздæхой, инструкцийы куыд фыст ис, уыцы фæтк нæ фехалгæйæ. Афтæ куынæ бакæной, уæд фылдæр кæнынц сæ таможнæйон фиддонтæ æмæ проценттæ. Фиддонтæ та куынæ бафида, уæд ын нæ уыдзæн  уадзæн пункты сæрты хизыны бар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм автомашинæтæ сты 2500 бæрц. Зæрæмæджы таможнæйон пос-тыл цы алыгъуызон транспорты хуызтæ ахызт æмæ Хуссар Ирыстоны хыгъды чи лæууы, уыдонæн сæ фылдæр фидаргонд сты пенсиисджытыл. Уыдонæй чидæртæ абон удæгас дæр нал сты. Æппæт уыдæттæ фæбæрæг сты инспекцион-сгарæн куысты руаджы. Рафæлгъуыд æрцыдысты, автотранспорт кæм дарынц, уыцы бынæттæ дæр, кæд сæ хицæуттæ нæ дæттой сæ цæрæн бынæтты тыххæй раст информаци, уæд-дæр.

Цхуырбаты Мурат куыд загъта, афтæмæй уый фæстаг дыууæ мæйы дæргъы æртæ хатты фем-бæлд Уæрæсейы Федералон таможнæйон службæтимæ. Дзырд цыд ацы процедурæ фæхуымæтæгдæр кæныныл. Ацы бонты нæ республикæйы президент фем-бæлдзæн Цæгат Кавказы таможнæйон управленийы сæргълæууæгимæ. Дзурдзысты уыцы вазыгджын фарстайыл. Цхуырбаты Мураты ныфс ис, уыцы фарст æвæрццагæй кæй аскъуыддзаг уыдзæнис.

Таможнæйон управленийы комитеты сæргълæууæг радзырдта, арæх таможнæйон посты урæд кæй æрцæуынц алыгъуызон контрабандон уæзтæ. Уыцы нымæцы: тамако, еугæф, насвай, нуæзт, фыдызгъæл, кæцыйæн нæй ласæн Хуссар Ирæй Уæрæсейы Федерацимæ. Уыдон фылдæр вæййынц æмбæхст. Ацы факттæ рабæрæг кæныны тыххæй хатт бахъæуы рентген саразын. Уый цæмæдæр гæсгæ адæмы ‘хсæн æвзæрын кæны тыхстдзинад æмæ уымæй арæны сæрты уадзæн пунктыл цы æмбæстæгтæ хизынц, уыдон таможнæйы кусджыты куыстмæ хæссынц хæццæдзинад. Бирæ хæттыты фехъусæн вæййы ахæм ныхæстæн, зæгъгæ, ацы комплекс у адæмы æнæниздзинæн зианхæссæг. Ахæм ныхæстæ хъусын хъыгаг у. Цæгат Ирыстоны цы товартæ æлхæнынц адæм, уыдон дæр, цалынмæ уæйгæнæн бынатмæ баха-уынц, уæдмæ рацæуынц ахæм процедурæтыл æндæр уадзæн пунктты.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй ацы процедурæйæ пайда цæуы дунейы æндæр таможнæты дæр. Стæй ма дзы æрмæст таможнæйон органтæ нæ пайда кæнынц, фæлæ æндæр структурæтæ дæр. Дæллаг Зæрæмæджы уадзæн пункты дзы пайда цæуы 2010 азæй фæстæмæ. Рентген рацыд санитарон-эпидемиологон экспертизæ. «Роспотребнадзор»-ы хат-дзæг-тæм гæсгæ ацы процедурæ æппындæр ницы зиан хæссы.

Нæхи территорийыл та контрабандон товартæ ласыны цаутæ арæх вæййы Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы арæныл. Æрæджы ахст æрцыдысты не ‘мбæстæгтæй дыууæ стыр парти еугæф æмæ насвай аласыны рæстæджы. Уыдонæн конфискаци æрцыд сæ товар æмæ сæхæдæг та бафыстой ивар 223 мин сомы.

Мах цымыдис кодтам, республикæйы Сæйраг таможнæйон управлени æвзонг специалисттæй куыд ифтонг цæуы, уымæ. Уый фæдыл Цхуырбаты Мурат загъта, зæгъгæ, цыдæриддæр æвзонг специалисттæ ахуыр кодтой таможнæйон фадыджы æмæ æрæздæхдзысты Хуссар Ирыстонмæ, уыдон иууылдæр ифтонг æрцыдысты куыстæй. Ифтонг æрцыдысты, хицауадæй цы уæлæмхас штатон иуæгтæ ракуырдтой, уыцы бынæтты фæрцы.

РХИ-йы таможнæйон управленийы сæргълæууæг ма куыд загъта, афтæмæй æрвылаз дæр сæ хæстæ кæнынц фылдæрæй-фылдæр. Уымæ гæсгæ нæ, зæгъгæ, бахъæуы æндæр фадгуыты дæснытæ. Зæгъæм, æрæджы таможнæйы кусджытæй сæ иу æрвыст æрцыд курсытæм УФ-мæ йæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнынмæ. «УФ-йы сæйраг таможнæйон управлени æрвылхатт дæр цæттæ у алыварсон æххуыс кæнынмæ. Уæлдай æххуыс та нын бакæнынц техникон ифтонгадæй», – зæгъы Цхуырбаты Мурат.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.