Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрады æфсæддон службæгæнджытæ фыццаг хатт хайад райстой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы боныл 73 азы сæххæсты цытæн Донецкы Адæмон Республикæйы уагъдцæуæг æфсæддон парады.

Ног хабæртты Донецкы агентад куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ æфсæддон техникæ æмæ парадон расчеттæ маршæй рацыдысты Донецкы центры. Æфсæдты цытджын цыды сæргъ лæууыд Донецкы Адæмон Республикæйы хъахъхъæнынады министры хæдивæг, инæлар-майор, Донецкы хъайтар Сергей Великородный. Уыдоны фæстæ Артемы централон уынгмæ рахызтысты парады иууыл æвзонгдæр хайадисджытæ  республикон æфсæддон лицейы хъомылгæнинæгтæ. Уыдоны нымæцы Сергей Толстых дæр  Донецкы Адæмон Республикæйы хъайтар, легендарон комбат Михаил Толстыхы (Гиви) фырт.

Донецкы парадон маршы рацыдысты ацы республикæйы тыхон структурæты дæлхæйттæ, кæцытæ уæлдай хуыздæр сæхи равдыстой Саур-Могила, Славянск, Дебальцово, Иловайск, Углегорскы сæрыл тохты æмæ Донбассы Адæмон Республикæйы хъахъхъæныны фæдыл æндæр операциты. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрады парадон расчеттæ систы фыццæгтæ æмæ иунæг фæсарæйнаг дæлхай, кæцы хайад райста Донецкы Адæмон Республикæйы æфсæддон парады. Хуссарирыстойнаг 100 æфсæддоны бæрц цытджын маршы рацыдысты Донецкы Республикæйы тыхон структурæты расчетттимæ иумæ.

Парады иууыл ирддæр хай ссис механизацигонд колоннæйы рацыд, кæцыйы сконды Донецкы центры рацыд легендарон Т-34, гвардион реактивон нæмыгзгъал «Катюша» æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджыты æфсæддон техникæйы æндæр хуызæгтæ.

Æфсæддон техникæйы нырыккон хуызæгты демонстраци байгом кодта БТР-80 батальон «Спарта»-йы колоннæ, кæцыйы командир уыд Донецкы Адæмон Республикæйы хъайтар Арсен Павлов (Моторола). Уый фæстæ рацыдысты БМП, танкæтæ Т-64 æмæ Т-72, зенитон ракетон комплекс «Стрела-10», хæддзæугæ «Гвоздика», РСЗО «Град», танкы ныхмæ сармадзантæ «Рапира», гаубицатæ Д-30 æмæ «Мста-Б».

Парадмæ кастысты Донецкы Адæмон Республикæйы 35 мин цæрæджы æмæ Киевы контролы бын чи сты, Донбассы уыцы районтæй уазджытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.