Республикæ Хуссар Ирыстоны альпинисттæ фехъусын кодтой Президент Бибылты Анатолийæн Эльбрусы хохы цъупмæ æнтыстджынæй кæй схызтысты.

Ацы мадзал арæзт æрцыд Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл 10 азы сæххæсты цытæн.

Мадзалы хайад райстой РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады кусæг Уалыты Владимир, Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы кусæг Тедеты Иван, РХИ-йы мидхъуыддæгты министрады кусæг Багаты Марат, афтæ ма паддзахадон æдасдзинады комитеты æртæ кусæджы.

Паддзахады сæргълæууæг фембæлд альпинисттимæ сæ ацыды размæ, загъта сын æнтыстыты фæндиæгтæ æмæ сæм радта Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы тырысатæ, цæмæй куы схизой хохы цъупмæ, уæд сæ уым æрсадзой.

7-æм майы альпинистты къорд схызт Европæйы иууыл бæрзонддæр цъупмæ. Къорды къухдариуæггæнæг Багаты Марат фехъусын кодта Бибылты Анатолийæн хохы цъупмæ се схызты тыххæй..

«Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы сæйраг командæгæнæнг, дæ бардзырдмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны альпинистты иу къорд, 6 адæймаджы скондæй схызт Эльбрусы хохы цъупмæ, ныссагътам Эльбрусы иууыл бæрзонддæр бынаты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы тырысатæ, Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл 10 азы сæххæсты цытæн», – фехъусын кодта Президентæн къорды къухдариуæггæнæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.