Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзтыл 29-азы сæхæсты цытæн Цхинвалы Мæскуыйы уынгыл 17 æмæ 18 сентябры уагъд цæудзысты Генералон репетицитæ парадмæ. Цæмæй парадон расчёттæ æнæкъуылымпыйæ æрбацæуой репетици уадзыны бынатмæ æмæ цæрджытæ ма æвзарой зындзинæдтæ, уый фæдыл 16, 17 æмæ 18 сентябры райсом аст сахатæй фæстæмæ фæндæгтæ уыдзысты æхгæд мæнæ ахæм уынгтыл, – Мæскуыйы уынгæй Сталины уынгмæ азилæны, Мæскуыйы уынгæй Октябры уынгмæ азилæны æмæ Джиоты Аланы проспектæй Коцыйы фырты уынгмæ азилæны.

20 сентябры æфсæддон парады хайад райсдзысты Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады кусджытæ, РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды æмæ сылгоймæгты парадон расчёттæ, РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады кадетон скъолайы курсанттæ, УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм гвардион æфсæддон базæйы парадон расчеттæ æмæ РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ. Парады ма хайад райсдзæн æфсæддон техникæ дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.