Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 74 азы сæххæсты цытæн Цхинвалы централон фæзуаты уагъд æрцыд æфсæддон парады генералон репетици.

Фæзуаты цытджын маршы рацыдысты Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады, РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды, РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнон службæйы парадон расчеттæ, РХИ-йы Хъахъхъæнынады минстрады цур Кадетон корпусы ахуыргæнинæгтæ, РХИ-йы Уæлвæткон министрады кусджытæ æмæ æндæртæ.

Репетицийыл командæ кодта Гарзджын тыхты Генералон штабы хистæр, Хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг инæлар-майор Виктор Федоров.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй генералон репетицийы хайад райстой Хуссар Ирыстоны æмæ уæрæсейаг æфсæддон базæйы гарзджын структурæты расчеттæ.

«Фыццаг хатт парады хайад райсдзысты, 4-æм æфсæддон базæйы æфсæддонты æмæ Юстицийы министрады кусджыты сывæллæттæ – æрыгон æфсæддонтæ. Ныфс мæ ис, уыдон дæр парады аккагæй кæй рацæудзысты, иннæ архайджытау», – загъта Федоров.

Федоровы ныхæстæм гæсгæ, парады хайад райсдзæн цалхджын техникæ.

«Калмдзалх техникæ дзы нæ уыдзæн, цæмæй ма разиан чындæуа горæты уынгтæн», – загъта уый.

Хъахъхъæнынады министрады фыццаг хæдивæгы ныхæстæм гæсгæ, Уæлахизы боныл 75 азы сæххæсты цытæн уагъд æрцæудзæн масштабондæр æфсæддон парад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.